Æрыгон лæппуйы æнтыстдзинæдтæ

0
22

Цæгат Ирыстоны фæсивæдон æвзарæн къамисы æрыгон уæнг Хъуыдаккаты Гермæн архайы Екатеринбургы фæсивæды Æппæтадæмон фестивалы. Фестиваль æрбамбырд кодта Уæрæсе æмæ дунейы бирæ бæстæтæй фæсивæды.

Фестивалы сæйраг цауты бындур та уыдис УФ-йы Центрон æвзарæн къамисы Сæрдар Эллæ Памфиловайы раныхас. Дзырдтой æхсæнадон царды фæсивæды ахадындзинадыл, æвзæрстытæм æууæнчы, нæ бæстæйы фидæны ног фæлтæры æвзарæн культурæйы рæзт æмæ бæрнондзинады темæтыл. Хъуыдаккаты Гермæнæн ахæм программæйы архайд фадат дæтты канд ног зонындзинæдтæ исынæн нæ, фæлæ Цæгат Ирыстоны фæлтæрддзинад æддагон фæзы адæмы рæгъмæ рахæссынæн, Уæрæсейы æмæ фæсарæйнаг æрыгон специалистты хъуыдытæм байхъусынæн дæр.

«Мæнæн тынг вазыгджын хъуыддаг у Цæгат Ирыстоны номæй ахæм фæзы архайын. Ам ис бæлвырд банкъарæн, æууæнк æмæ бæрнондзинадæн фæсивæды архайд куыд тынг ахсджиаг у, уый. Уырны мæ, ам цы зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад райсдзыстæм, уыдон нын, æнæмæнг, фæахъаз уыдзысты нæ дарддæры куыстæн», – загъта Хъуыдакаты Гермæн.

Алы бæстæтæ, алыхуызон культурæтæ æмæ алыхуызон гæнæнтæ – фæлæ сæ хæс та иу – фæсивæды æхсæнадон царды сæрæндæр архайæг скæнын. Ног зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинадимæ æрыздæхдзæн Хъуыдаккайы-фырт дæр Цæгат Ирыстонмæ.

Дадтеты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here