Йæхи амондджыныл нымайы…

0
19

Ирон адæмæн фыдæй фыртмæ сæ туджы ныффидар сты Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, йæ сæраппонд уд раттын, нæ намысджын хистæртæн кад кæнын, сæ нæмттæ, сæ хорз хъуыддæгтæ сын зæрдыл дарын, цы лæгдзинæдтæ сæм уыд, уыдон фæзмынын… Йæ хистæртæн кад кæнгæйæ, Кокайты Анатоли (къамы — галиуырдыгæй дыккаг) дæр стыр лæгдзинад кæй равдыста, уый куы зæгъон, уæд раст уыдзынæн.

Кокайы-фырт райгуырди Хуымæллæджы, схъомыл мад Нинæ æмæ фыд Дзамболаты къухты. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты экономикон факультет каст фæцис æмæ кусын райдыдта хъæуы «Райпо»-йы экономистæй, ревизорæй, фæстæдæр – кооператорæй, ссис хаццон исæг (арендатор) æмæ абоны онг амалхъомадон куыст кæны.

Университеты ахуыргæнгæйæ, Анатоли йæ цæст æрæвæрдта йе ‘мкурсон уæздан чызг Нигкоты Ирæйыл, кæрæдзийы бамбæрстой æмæ сæ цард баиу кодтой, сарæзтой æнгом бинонтæ. Мады-Майрæм сын балæвар кодта дыууæ лæппуйы æмæ чызг. Раттой сын уæлдæр ахуырад, Сослан сахуыр кодта экономисты дæсныйадыл æмæ кусы нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады, Виктория у дохтыр, кусы неврологæй Беслæны медицинон центры, Михал Мæскуыйы финансон академийы фæстæ бæстæйы сæйраг горæты кусы арæнтыл уадзæн æмæ æрбауадзæн пунктты сæргълæууæгæй.

Алкæмæн дæр сæ ис йæхи бинонтæ. Ирæ æмæ Анатоли ма сæхи цотæй уæлдай схъомыл кодтой дыууæ сидзæр сывæллоны – Маринæ æмæ Эдикы. Сæ хæстæджыты æнахъом сабиты Сидзæрты хæдзармæ кæй раттой, уый Анатолимæ раст нæ каст, æмæ сæ сæхимæ æркодта. Иринæ Кокайтæм куы æркуывта, уæд сæ уым баййæфта. Йæхи сæм ницыхуызон фæкодта, æрбахæстæг сæ кодта йæхимæ æмæ сæ йæ зæрдæйы хорздзинадæй тавта. Сæвæрдтой сæ царды раст фæндæгтыл, скодтой сын чындзæхсæвтæ, æмæ абон уыдон дæр цæрынц сæхи бинонтимæ.

Анатоли у фæллойуарзаг, йе ‘рмдзæф хæдзарыл дæр зыны, хæдзарæй æдде дæр йæ куыст кæны. Ирæимæ сæ цæхæрадоны цы нæ æрзайын кæнынц, ахæм халсар, дыргъ нæй, æвæццæгæн. Хæдзары хистæрæн йæ уды арфы æвæрд сты кад скæнын, æгъдау раттын, искæмæн хорзы бацæуын. Æрæджы Анатоли равдыста стыр лæгдзинад. Йæхи хардзæй Советон Цæдисы дыууæ хатты æмæ Монголы Хъæбатыр Плиты Иссæйæн скодта цыртдзæвæн. Арвыста æмæ йæ сæвæрдтой Монголы.

Мах фембæлдыстæм Кокайы-фыртимæ, фæндыд нæ базонын, ахæм стыр кадджын хъуыддаг скæнын йæ зæрдæйы куыд æрæфтыд æмæ йæ къухы куыд бафтыд Монголимæ арвитын, уыдæттæ. Йæ ныхас уæм хæццæ кæнæм: «Монголы паддзахады Уæрæсейы минæвар – инæлар-майор Павел Петрунин арæх фембæлы Уæрæсейы арæнтыл уадзæн пунктты бæрны уæвæг уæрæсейаг-монгойлаг службæйы кусджытимæ. Æфсæддон дæлхайæдты уæвгæйæ, уæрæсейаг-монгойлаг службæйы комитеты, инæлар Плиты Иссæ цы къорды службæ кодта, уым федта Советон Цæдисы дыууæ хатты æмæ Монголы Хъæбатыры бюст базилинагæй.

Мæ фырт Михал ирон адæмы минæвар кæй у, уый зонгæйæ йæм бахатыд, ома, цырт сног кæнынæн баххуыс кæн. Михал мын загъта, ома, мæхимæ райсон ацы хæс, зоны, мæ куысты æууæлтæм гæсгæ арæх архайын ахæм хъуыддæгты. Уый уыд мæ фырт Михалы курдиат, æмæ йæ сæххæст кодтон. Куы сцæттæ ис, уæд мын Михал, мæ иннæ лæппу Сослан æмæ уæрæсейаг-монгойлаг ахастдзинæдты минæварады уæнгтæ баххуыс кодтой бюст Монголы монтажгæнæн бынатмæ аласынæн. Æз мæхи амондджыныл нымайын, мæнмæ ацы хæс кæй æрхауд, уый тыххæй. Мах æй сарæзтам, нæ фыд æмæ фыдыфыд, Дыккаг дунеон хæсты архайæг, арæнхъахъхъæнæг, Бресты фидар хъахъхъæнæг Кокайты Дзамболаты рухс ном хъуыды кæнгæйæ. Уый стыр аргъ кодта Плиты Иссæйæн.

Уæдæ Хуымæллæджы колхоз, мæ фыд дæр æмæ мæхæдæг дæр æрыгонæй кæм куыстам, уый хæссы Плиты Иссæйы ном, æмæ ма мын уый дæр разæнгарддзинад лæвæрдта».

Анатоли йæ хæстон фыд Кокайты Дзамболатæн, куыд уынæм, афтæмæй стыр аргъ кæны. Сидзæр лæппуйæн йæ фыд Мулийы адæмы знаг рахуыдтой ныхасхæсджыты аххосæй æмæ йæ 1929 азы фехстой. Дзамболаты æфсадмæ, адæмы знаджы фырт дæ, зæгъгæ, нæ кодтой. Фæлæ уый уæддæр 1939 азы бархийæ ацыд. Службæ кæнгæйæ йæ æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Сырхæфсæддон Кокайты Мулийы фырт Дзамболаты хæстон фæндæгтæ райдыдтой Бресты фидарæй.

Хуымæллæггаг ирон лæппу Брест знæгтæй хъахъхъæнджыты историйы баззад, хæсты тæккæ райдайæны (1941 азы 22 июны) ныхкъуырд лæвæрдта фашисттæн. Йе ‘мхуызон æфсæддонтимæ карз тох кодта фидар æрхъулагæнæг гитлеронтимæ. Ахæм карз фæлтæрæнты сæрты ахизыны фæстæ дарддæр хæцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æндæр фронтты. Фæлæ 1943 азы Кокайты Дзамболат уæззау цæфтæ фæцис, æмæ йæ рар-выстой хæдзармæ. Дзамболат стыр лæгдзинæдтæ кæй равдыста тохы быдыры, уый тыххæй йæ схорзæхджын кодтой Фыдыбæстæйы I æмæ II къæпхæнты ордентæй, Сырх Тырысайы орденæй, «За боевые заслуги», «За победу над Германией в ВОВ 1941-1945 гг.» æмæ «Ветеран войны»-йы майдантæй.

Уæдмæ йæ цæфтæ байгас сты, æрхæццæ Уæлахиз дæр. Хæлд хæдзарæдтæ сæ къахыл слæууын кæнын хъуыд, æмæ колхозы фæллой кæнын райдыдта. Фæцард æгъдауджын, агуырд æмæ йæ хъæубæсты нымад лæгæй.

…Плиты Иссæйы бюст байгом кæныны рæстæг Монголы арæнхъахъхъæнæг полкъæй хуынды гæххæтт сæрвыстой йæ саразæг Кокайты Анатолимæ дæр:

— Улан-Баторы хæдтæхæгæй куы рахызтæн, уæд мæ размæ рацыдысты стыр кадимæ, мæнæ махмæ аэропорты Олимпиаг чемпионтыл куыд сæмбæлынц, афтæ. Сæрмагонд машинæтæй фæцыдыстæм иу суткæмæ хæстæг, цыртдзæвæн кæм байгом кодтаиккой, уырдæм. Уыцы рæстæг ма Монголы арæнхъахъхъæнæг æфсæддонтæ бæрæг кодтой сæ 80 азы юбилей æмæ дыууæ цауы дæр баиу кодтой. Монголы адæмы ахаст Уæрæсемæ тынг бæрнон у. Бюст цы бындурыл æвæрд у, ууыл фыст уыдысты куыд монгойлаг æвзагыл, афтæ уырыссагау дæр.

Мæнмæ ацы хæс кæй æрхаудта, уый тыххæй мæ хъысмæтæй арфæйаг дæн, æнæкæрон сæрыстырдзинад мын хæссы. Уæдæ Плиты мыггагæн дæр хъыг хъуамæ ма уа ацы хабар. Бæрæгбон рауад дæргъвæтин æмæ рæсугъд. Æрбацыдысты тынг бирæ хуынд уазджытæ, семæ уыд, Иссæимæ иумæ чи хæцыд, ахæм инæлар дæр. Иссæйы кадæн сарæзтой æфсæддон парад, фæдзырдтой йын йæ хъæбатырдзинæдты тыххæй, –дзырдта Кокайы-фырт.

Иссæйы цыртдзæвæн гом кæныны бар лæвæрд æрцыд Анатолийæн, уыцы рæстæг райхъуыст Уæрæсейы Гимн. Æмбæрзæн уагъд куы ‘рцыд, уæд хурмæ цæхæртæ скалдта бронзæйæ арæзт бюст.

Хуымæллæггаг кадджын уазæгæн ныхасы бар раттой. Тæлмацгæнæджы æххуысæй загъта Кокайы-фырт: « Иссæ хуымæтæг бинонты лæппуйæ, рæнхъон салдатæй ссис командыгæнæг инæлар. Уæ паддзахад æй Монголы Хъæбатыры номæй схорзæхджын кодта. Иссæимæ стæм иу районæй, уæ цæрæнбон бирæ уæд. Не ‘мзæххонæн стыр кад, диссаджы æгъдау скодтат, æмæ уын бузныг».

Сæ ирыстойнаг уазæджы Монголы арæнты хайады хицау схорзæхджын кодта майданæй. Монголы Уæрæсейы – минæварады инæлар-майор П.В Петрунин ын ратта «Советон-монгойлаг æфсад Японыл фæуæлахизы 80 азы» майдан. Анатоли арфæйагæй баззад, йæ фарсмæ цалдæр боны цы тæлмацгæнæг лæууыд, уымæй. Куы сыздæхт, уæд ын зæрдылдарынæн арвыста лæвæрттæ – хъама æмæ бухархуд.

Иссæйæн йæ биографи Хуссар Ирыстонимæ дæр баст у, æмæ йæ уым дæр тынг нымайынц. Ирыстонмæ куы ссыд Анатоли, уæд æй Хуссар Ирыстоны Президент Хъамболты Марат йæхимæ фæхуыдта, раарфæ йын кодта æмæ йын йæ риуыл бакодта Хæлардзинады орден. Фыдыбæстæйы æфсæддон-историон мысынад бахъахъхъæныны лæггæдты тыххæй æмбæстæгтæ равдыстой хъæппæрис æмæ сæрмагонд бавæрæн скодтой. Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр, Монголы Адæмон Республикæйы Хъæбатыр, æфсады инæлар Плиты Иссæйы кадæн Монголы сæвæрдтой цырт-дзæвæн

ХОСОНТЫ Земфирæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here