Æхсæнадон æдасдзинад æмæ адæмы бахъахъхъæнын

0
19

Уæрæсейы Национ гвардийы цæгатирыстойнаг управленийы фæзынды 10 азы кадæн Афицерты дзæуджыхъæуккаг гарнизоны хæдзары скодтой бæрæгбон. Архайдтой дзы ведомстæвæйы хæстон службæгæнджытæ, кусджытæ, сæ бинонтæ, барадхъахъхъæнæг оргæнты, æфсады ветерантæ, кадетон кълæсты ахуырдзаутæ, æхсæнады минæвæрттæ, тыхы структурæтæ æмæ регионы разамынд.

Уæрæсейы Национ гвардийы регионалон управленийы уæнгтæн бæрæгбоны арфæтæ ракодтой Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министры хæдивæг политикон фарстаты фæдыл Михаил Мыльников, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы минæвар – фыд Георгий, управленийы ветеранты советы сæрдар, пъæлицæйы инæлар-лейтенант отставкæйы Милдзыхты Михал.

Национ гвардийы регионалон управленийы хицау, пъæлицæйы булкъон Дмитрий Подвысоцкий дæр йæ арфæтæ фæхæццæ кодта службæгæнджытæм: «Мæ цæстæй акæсгæйæ, 10 азы стыр æмгъуыд у, уым сты цалдæр фæлтæры архайд, фыдæбон. Уæдæй нырмæ управленийæн йæ къухы бафтыд дæсны коллектив саразын, службæйы традицитæ хъахъхъæнгæйæ, размæ цæуын. Абон нæ размæ лæууынц ноджы бæрзонддæр хæстæ, нæ адæм сæ кадимæ кæй сæххæст кæндзысты, уый мæ уырны».

Бæрæгбоны рæстæг хæрзиуджытæ, лæвæрттæ, зæрдылдарæнтæ райстой, сæ службæ кадимæ чи æххæст кæны, уыцы гвардионтæ. Уыцы хæрзиуджыты ‘хсæн уыд «Ирыстоны намысæн»-ы майдан æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы Арфæйы фыстæг, Уæрæсейы Национ гвардийы сæйраг командыгæнæг, æфсады инæлар Виктор Золотовы номæй майдантæ – «Ирвæзын кæныны тыххæй» æмæ III къæпхæны «Сгуыхтдзинад равдисыны тыххæй».

Бæрæгбоны мадзæлтты фæстæ æрбацæуæг адæм бакастысты Г. Жуковы орденхæссæг Цæгат-Кавказаг зард æмæ кафты ансамблы концертмæ.

УФ-йы Национ гвардийы æфсæдты федералон службæйы
цæгатирыстойнаг 
управленийы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here