Цæрджыты удæнцойдзинæдтæ

0
22

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй байгом Хицауады æмбырд. Рæгъмæ рахаста кадртæй министрты кабинет баххæст кæныны фарстатæ.

Афтæмæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указæй Александр Реутовы суæгъд кодтой Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæджы бынатæй. Хицауады Сæрдары хæдивæгæй нысангонд æрцыд Роман Батыршин, уый раздæр уыд Запорожьейы облæсты губернаторы хæдивæг.

Дарддæр Хицауады æмбырд адарддæр кодта йæ Сæрдар Дзанайты Барис. Ныхас рауад республикæйы социалон-экономикон рæзт æмæ цæрджыты удæнцойдзинадыл. Фыццаджыдæр фидаргонд æрцыдысты Алагиры æмæ Æрæфы районты, Дзæуджыхъæуы федералон æмæ регионалон ахадындзинадимæ культурон бынты объекттæ. Хыцауады Сæрдар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй регионы ис культурон æмæ историон бынты 2 мин цыртдзæвæны.

«Нæ размæ лæууы сæ бахъахъхъæныны æмæ сног кæныны хæс, уым нæ спайда кæнын хъæуы федералон æмæ регионалон æххуысы фæрæзтæй. Уымæй дарддæр – æмгуыстад федералон хицаудзинадимæ, объекттæм базилыны тыххæй растдæр уынаффæтæ ссарыны, амалхъомтимæ кусыны фæдыл», – загъта министрты кабинеты разамонæг. Уымæй уæлдай фидаргонд æрцыд регионалон æмæ бынæттон хицаудзинады ‘хсæн æмгуыстад, Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ чи фæмард, уыдоны нæмттæ сæнусон кæныны тыххæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты заман хæстон цаутæ цы муниципалон скондты цыдысты, уыдонæн сфидар кодтой сæ хыгъд.

Æбæрæг æфсæддонтæ кæм ныгæд сты, ахæм ингæнтæ ссаргæйæ бавнæлын хъæудзæн сæ нæмттæ сын рабарæг кæнынмæ. Социалон ахадындзинадимæ цалдæр объекты раттой муниципалон скондты исбонмæ. Дзанайы-фырты хъуыдымæ гæсгæ арæзт æрцыд цалдæр ахадгæ социалон объекты, радих сын кодтой 5 миллиард сомы бæрц. Хъуамæ цæрджытæ удæнцойдзинæдтæ исой.

Аэропорты, æфсæнвæндаджы, вагзалы фæзуæттæй бæлццæтты рог такситыл ласыныл дæр гæрæнтæ сæвæрдтой, æрмæстдæр – ахæм лæггæдтæ райсыны тыххæй бынаты бадзырд скæнгæйæ. Уыдæтты  тыххæй уыд йæ ныхас Транспорты комитеты сæрдар Закъаты Аланæн. Æмбырды ма равзæрстой æндæр ахадгæ хъуыддæгтæ дæр.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here