Мæхæмæтты Ахуырбеджы райгуырдыл сæххæст 90 азы

0
21

Адæймаг арвы кæрæттæм куы фæцæуа, уæддæр йæ каст фæстæмæ у, йæ уидæгтæм, йæ равзæрæн суадон кæм уыдис, уырдæм. Уыдон ын дæттынц ныфс, царды тых, разæнгард æй кæнынц ног уæлахизтæм. ЦИПУ-йы ректор, президент Мæхæмæтты Ахуырбегæн ахæм цардхъомыс  ратта, уæлтæмæнад базыртæ йын ныссагъта йæ райгуырæн хъæу Дур-Дур.

Бирæ ныхæстæ цæуы хъæуы равзæрдыл, йæ ном кæцæй рацыд, уый тыххæй. Фæлæ цымыдисагдæр таурæгъ у уый æмæ, дам, ацы хъæуы бынаты йæ урс базырджын бæх Дур-Дурыл æрбадт Уастырджи. Йæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд ацы бынат, æмæ йæ балæвар кодта адæмæн, бафæндыд æй, цæмæй дзы уыдон æрцæрой. Æвæццæгæн, хъæуы рæзты цы Дур-Дуры дон кæлы, уый уылæнтæ дæр урс фынкæнхъæвзæн уымæн кæнынц, уымæн кæнынц уæлмонц адæймаджы. Чи зоны, Уастырджийы фæдзæхстæй куы нæ фæзындаид ацы хъæу, уæд, æвæццæгæн, инæлар Тугъанты Аслæнбеджы кой дæр афтæ дардыл нæ айхъуыстаид, афтæ бæрзонд не схызтаиккой Тугъанты Махарбеджы ахорæнтæ æмæ Гергиты Валерийы музыкæйы зæлтæ.

Йæ номæвæрæг цыма йе уæны касти, ома, дзы ахуыргонд лæг рауайдзæн. Уымæ гæсгæ йыл сæвæрдта ном «Ахуырбег». Алиханы фырт æвддæсаздзыдæй бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институтмæ, æртын авд азы фæстæ та ссис ацы ахуыргæнæндоны ректор. Ацы дыууæ цауы ‘хсæн ис царды фæндаг. Уыцы фæндагыл цæугæйæ, Ахуырбегæн йемæ уыдысты йæ куыстуарзондзинад, нысанмæ тырнындзинад, æцæг ахуыргондмæ цы хорз миниуджытæ вæййы, уыдон. Зонад æмæ ахуыры рухс уыдысты йæ дыууæ базыры. Уыдон æй хастой царды фæндагыл. Уыцы æнæферохгæнгæ тахты уыд алцыдæр; бæрзонд дæр-иу стахт æмæ-иу хаугæ дæр æркодта, цин дæр-иу кодта æмæ мæт дæр. О, афтæ уыдис, фæлæ Ахуырбег йæхи лæмæгъæй никуы равдыста, æдзухдæр æм сфæлдыстады фæндагыл уыд тырнындзинад.

Мæхæмæты-фырт стыр уæлтæмæнад æмæ зæрдæргъæвдимæ куыста Цæгат Кавказы мыхуыры историйыл, цæттæгонд æрмæгæй та иу иннæйы фæдыл уагъта чингуытæ. 1974 азы бахъахъхъæдта диссертаци дæр æмæ сси историон наукæты кандидат. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыйфæстæ йæм цард æмæ зонады æрвгæрæттæ сæхи тынгдæр æргом кæнын райдыдтой. Иу чысыл ма, æмæ федтаид «стъалыджын арв» дæр, фæлæ æндзыг азтæ æмæ мидцоппайы дуг мадæлон æвзаг, литературæ æмæ культурæйæн цас фыдбылызтæ скодтой, уыдоныл куы асагъæс кодта, уæд йæхицæн скодта ахæм хатдзæг: «Дарддæр афтæ цæрæн нал ис!» Цас æдзæсгомдæр кодтой æхсины лæгтæ, уыйбæрц сæм Ахуырбег, ирон интеллигенцийы иннæ минæвæрттимæ, тынгæй-тынгдæр ныхмæ лæууыд…

Уыйадыл уыдон 1978 азы Ирыстонæй 77 адæймаджы СЦКП-йы ЦК-мæ арвыстой, тæрхоны лæгтæн се ’цæг цæсгом чи æвдыста, ахæм сæрмагонд фыстæг. Уыцы æрвыстæджы нæ интеллигенцийы минæвæрттæ цы фыдракæндты дæнцæгтæ æрхастой, уыдон афтæ æнæфæцудгæ уыдысты, æмæ сын æнæ мыхуыргæнгæ хос нал уыд: газет «Правда» сæ цалдæр бонмæ нымад нæ фæци. Дарддæр нæ бæстæйы партион æмæ паддзахадон разамынд хъуамæ скодтаиккой æрмæстдæр иунæг хатдзæг: Ирыстоны адæмон хæдзарад чи бахордта, республикæйы æхсæнадон уавæр заууатмæ чи ‘ркодта, уыдон карз партион æмæ барадон æфхæрд æрцæуæнт! Фæлæ кæм æмæ цы!? Брежнев, æмæ йæ алыварс цы æрдæгмард хицауад уыдис, уыдон бавдæлдысты æмæ уыцы фыстæг Цæгат Ирыстоны обкоммæ æрæрвыстой… Æмæ райдыдта, зæххыл чи нæма æрцыд, ахæм тæрхон: фыдбылызтæ чи кодта, уый тæрын райдыдта раст лæджы йæ куыстæй, йæ хæдзарæй, йæ партийæ…

Йæ адæймаджы бартæ та йын фæстæмæ лæвæрд куы ‘рцыдысты, уæд Ахуырбег ноджы зæрдæргъæвддæрæй райдыдта зонадон куыст кæнын, цыбыр рæстæгмæ фыст фæци докторон диссертаци æмæ йæ 1984 азы æнтыстджынæй бахъахъхъæдта. 1987 азы хицæн чиныгæй дæр рацыд. Автор дзы раргом кодта Цæгат Кавказы мыхуыры æнæиртæстдæр къуымтæй иу – нæ бæстæйы адæмон хæдзарад фæстæмæ йæ къахыл слæууын кæныны дуг (1921-1925), спайда дзы кодта дзæвгар архивон æрмæджытæй.

Мæхæмæты-фырт бахъахъхъæдта докторон диссертаци, райста профессоры кадджын ном, лæвæрд ын æрцыд Цæгат Ирыстоны АССР-йы наукæйы сгуыхт архайæджы цытджын ном, æвзæрст æрцыд республикæйы Сæйраг Советы адæмон депутатæй, ссис газет «Рæстдзинад»-ы Гæдиаты Цомахъы номыл премийы фыццаг лауреат. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн ахастытæ кæрæдзимæ топпы кæсæнæй куы акастысты, уæд та ногæй æрæздæхт дыууынæм азтæм, уымæн æмæ йæм уырдыгæй зындысты уыцы тугкалæн быцæуæн йæ уидæгтæ. Уалынмæ фæзынд йæ роман-дилоги «Уæлахиздзаутæ». Автор æй схуыдта роман-хроникæ – документалон ирон литературæйы мидæг уый ссис фыццаг дæнцæг. Раздзæуæгæн та кæддæриддæр зындæр вæййы. Уæдæ дзы фыссæг арæхстджын æвзагæй дзуры нæ царды вазыгджын историон цаутыл. Ахæм знæт, змæст æмæ æнæбæрæг уавæры Мæхæмæтты Ахуырбеджы романæн йæ ахадындзинад зынгæ фæуæлдæр кодтой.

Галазты Æхсарбег 1990 азы СЦКП-йы Цæгат Ирыстоны обкомы фыццаг секретарæй æвзæрст куы ‘рцыд, уæд университеты Стыр зонадон Совет 70 азы дæргъы фыццаг хатт уынаффæ рахас-та: ацы хатт ректор нысангонд ма ‘рцæуæд, фæлæ æвзæрст! Цалдæр кандидатæй университеты ректорæй æвзæрст æрцыд Мæхæмæтты Ахуырбег, æмæ йæм æнхъæлмæ кастысты бирæ лыггæнинаг фарстатæ. Уæлдайдæр та университеты дарддæры рæзты биноныг æмæ бирæвæрсыг уагæвæрд. Уый фæдыл 1988 азы хаст æрцыд СЦКП-йы обкомы, республикæйы Министрты Совет æмæ УСФСР-йы Уæлдæр æмæ астæуккаг сæрмагонд ахуырады министрады коллегийы иумæйаг уынаффæ. Уым фидаргонд æрцыд къорд æххæстгæнинаг хъуыдда-джы. Уымæй уæлдай ма университеты фæстаг азты бабирæ сты æндæр лыггæнинаг фарстатæ дæр. Æппæт уыцы хъуагдзинæдтæ аиуварс кæнынæн цæмæй республикæйы ахуырад, зонад æмæ культурæйы æцæг центр суа, уый тыххæй амынд æрцыд хъæугæ мадзæлттæ.

Мæхæмæтты Ахуырбегæн уыцы уынаффæ царды ауадзын ссис йæ куысты сæйраг хæс. Кæй зæгъын æй хъæуы, иунæгæй йæ къухы ницы бафтыдаид, фæлæ йæ зæрдæ тынг дардта, разамынд кæмæн лæвæртта, уыцы университеты ахуыргæндтæ æмæ техникон кусджытыл, уымæн æмæ уыдысты кæрæдзимæ æнгом, куыстхъом æмæ бæрæг нысанмæ арæзт. Æрмæст уый æнцон хъуыддаг нæ уыдис. Фæстаг рæстæг нæ бæстæйы цы ивддзинæдтæ æрцыдис, уыдон тынг бирæ хабæрттæм дзыллæ акæсын кодтой æндæр цæстæнгасæй. Абон, цæмæй Мæскуы, Бетъырбух кæнæ Уæрæсейы иннæ горæтты уæлдæр скъолаты сахуыр кæнай, уый тыххæй стыр æхцатæ фидын хъуыд. Фæлæ цымæ цал адæймагмæ разындзæн уыйбæрц æхца? Ацы фарст сагъæсы бафтыдта Мæхæмæтты Ахуырбеджы. Æцæг ахуыргонд, интеллигент æмæ æцæг лæгæн куыд æмбæлы, афтæ Хъарсы фидар басæттынæй ныфсытæ не ’вæрдта, цы кусдзæн æмæ афтæ цæмæн кусдзæн, уыдæттыл дзырдта æрмæст.

Паддзахадон университетæн разамынд цы рæстæджы фæлæвæрдта, уыцы рæстæджы байгом кодтой дæс ног факультеты: ирон филологи æмæ журналистикæйы, аивæдты, химион-технологон æмæ æндæртæ. Мыхуыр кæнын райдыдтой ног академион журнал «Вестник СОГУ», арæзт æрцыд социалон-гуманитарон иртасæнты центр, фæзынд университетæн йæхи телеуынынад. Арæзт æрцыд æртæ специализацигонд советы кандидатон æмæ докторон диссертацитæ хъахъхъæныны тыххæй, волейболон командæ «Ирыстон». Арæзт æрцыдысты ректораты, юридикон, педагогон, историон факультеты агъуыстытæ, реконструкцигонд æрцыд уазæгуат «Университетон». Уæдæ бирæ фæфылдæр студенттæ æмæ ахуыргæнджыты нымæц дæр. Уыдоны ’хсæн ис наукæты бирæ доктортæ æмæ кандидаттæ, УФ-йы æмæ РЦИ-Аланийы наукæйы сгуыхт архайджытæ.

Мæхæмæтты Ахуырбег ссис бирæ наукон куыстытæ æмæ монографиты, аивадон æмæ публицистон чингуыты автор. Нæ бæстæйыл зын рæстæджытæ куы скодта, уæд йæ къухтæ не ’руагъта, аххæссыд фæсарæнтæм дæр. Йæ удыхъæды хуыздæр миниуджытæ цы уыдысты, зæгъгæ, мæ исчи куы бафæрсид, уæд æнæдызæрдыгæй зæгъин: уагæвæрд, фидар удыхъæд, арæхстдзинад. Уыцы æртæйæ равзарин арæхстдзинад. Ахуырбег арæхсти адæмимæ дзурын, егъау коллективæн разамынд дæттын, арæхст сæйрагдæр равзарынмæ, наукæ æмæ рухсады дуртæ æмбырд кæнын æмæ уыдонæй иугонд æмæ хæдхуыз университеты агъуыст аразынмæ. Уый йæ къухы куыд æфтыд? Æвæццæгæн, уымæн, æмæ йæм уыдис дардыл хъуыды кæныны курдиат, развæлгъау зыдта, цы уыдзæнис, уый. Кæй зæгъынæй хъæуы, уыцы хорз миниуæг ын ахъаз уыд нæ арвистон рæстæджы курдиатджын разамонæг суæвынæн.

Ахуырбег бæрнон цæстæй касти, цыдæриддæр арæзта, уымæ – лыстæг хъуыддæгтæй паддзахадон фарстаты онг. Уыд, ЦИПУ-йы фыццаг хатт æвзæрст чи ‘рцыд, ахæм ректор. Бирæ азты разамынд цы ахуыргæнæндонæн фæлæвæрдта, уым æнтыстытæ дæр куыннæ уыд. Университеты кусджытæ систы алыхуызон конкурсты уæлахиздзаутæ. Университетæн разамынд цы рæстæджы лæвæрдта, уым æдзухдæр каст размæ, фидæнмæ. Æмæ уый ныхæстæй нæ уыд. Университеты арæзт æрцыд гæххæттытæ университеты ЮНЕСКО-йы ахуырадон-методикон центр байгом кæныны тыххæй. Уым дæр уыдис бирæ æнтыстдзинæтæ. УФ-йы Ахуырады министрады ахуырадон-профессионалон программæ æмæ технологийы сæйраг управленийы разыйæ баззадысты, ЦИПУ-йы специалисттæ цы концепци сфидар кодтой, уымæй – «Гуманитарон лицей – уæлдæр ахуыргæнæндон». Уымæй пайда кæнынц Уæрæсейы университеттæ æмæ гуманитарон уæлдæр ахуыргæнæндæттæ. Æмæ бирæ æндæр хъуыддæгтæ, се ’ппæт нымад чи фæуыдзæн.

Алиханы фырт стыр æвæрæн бахаста нæ республикæйы ахуырады рæзтмæ. Уыд нæ республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрады коллегийы уæнг. Иумæйаг паддзахадон фæлварæны къамисы уæнг уæвгæйæ, уый удцыренæй куыста национ программæтæ «Ахуырад» æмæ «Ирон æвзаг»-ыл. Уæрæсейы ахуырады академиимæ архайдта Хуссайраг æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты национ университетæн программæтæ аразыныл. Йæ наукон разамындæй цæттæгонд æрцыдысты 50 докторы æмæ наукæты кандидаты фыдыбæстæйы историйæ. Йæ наукон куыстытæ уагъд æрцыдысты 22 монографийæ – Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы, Дзæуджы-хъæуы, Грознайы, Налцыччы, Махачкалайы, Стъараполы, Ростовы рауагъдæдты. «Монографи «Разгром немцев под Владикавказом» уагъд æрцыд 2008 азы, ногæй та йæ рауагътой 2010 азы. Уый абоны онг у фыццаг энциклопедион рауагъд Цæгат Кавказы Сырх æфсады уæлахизты нысаниуæджы, Ирыстоны адæм уæлахизмæ цы бавæрæн бахастой, уый тыххæй. Йæ литературон-аивадон сфæлдыстад бæрæг дары йæ романтыл, радзырдтыл, очерктыл, эссетыл ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Ахуырбег у мин публицистон уацы, рецензи, очеркы æмæ сценарийы автор – мыхуыр, радио æмæ телеуынынадæн. Йе сфæлдыстады бæрзæнд у, Къостайы номыл преми йын кæй раттой, уый. Уыд фыццаг æвзæрст ректор, университеты фыццаг президент, Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстоны, УФ-йы наукæты сгуыхт архайæг, майдан «Ирыстоны намысæн» дыууæ хатты райсæг, Фæллойы Сырх тырысайы, Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй III æмæ IV къæпхæнты орденхæссæг. 26 азæй фылдæр уыд нæ республикæйы Парламенты депутат, æхсæнадон архайæг, хуымæтæджы зæххон адæймаг, нæ куырыхон хистæр.

Мæхæмæтты Ахуырбеджы тыххæй бирæ дзурæн ис, фæлæ нæ зындгонд ахуыргонд, æхсæнадон архайæг æмæ дзыллæйы уарзон хъæбулы тыххæй биноныгдæр, уырнинагдæрæй дзурынц йæ хъуыддæгтæ. Афæдзы размæ ахицæн ис йæ зæххон цардæй, фæлæ йæ фарн мæрдтæм нæ ацыдис, баззадис йæ фæстагæттæн, æмæ уый у сæйрагдæр. Хæрзаудæн кæнæд, йæ фæстæ кæй ныууагъта, уыдоныл. Йæ ном та æнустæм баззайæд, чи йын аргъ кодта, уыцы адæмы зæрдæты.

ХОЗИТЫ Барис,

Цæгат Ирыстоны Фысджыты
цæдисы сæрдар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here