Уӕрӕсейы Национ гвардийы цӕгатирыстойнаг хайады ахуырадон центр «Комгӕрон»-ы полигоны кадджын уавӕры байгом кодтой хӕцӕнгӕрзтӕй ӕхсынӕн ног комплекс.
Ӕмбырды архайдтой Национ гвардийы ӕфсӕдты Цӕгат Кавказы зылды командӕгӕнӕг, инӕлар-лейтенант Игорь Гетманов, йӕ хӕдивджытӕ, пъӕлицӕйы инӕлар-майор Абдулхаким Гаджиев ӕмӕ булкъон Сергей Ляшов, гвардийы дзӕуджыхъӕуккаг иугонды командӕгӕнӕг, булкъон Александр Архипенко ӕмӕ ӕндӕртӕ.
— Ацы ахсджиаг объекты фӕрцы гвардионтӕн уыдзӕн сӕ сӕрмагонд цӕттӕдзинады къӕпхӕн фӕуӕлдӕр кӕныны фадат. Нӕ хӕс у иудадзыг нӕ адӕмы хъахъхъӕнынмӕ цӕттӕ уӕвын. Комплексы арӕзтады зӕрдиагӕй чи архайдта, уыцы адӕмӕн — бузныг, — загъта Игорь Гетманов.
Ног комплексы егъау фӕзуаты ӕмӕ нывылгонд инфраструктурӕйы фӕрцы гвардионты ахуыр кӕндзысты алыхуызон вазыгджын хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныныл.
Павел Назаренко














