Арфӕтӕ — Горӕтгӕрон ӕмӕ Рахизфарсы районты фӕллойгӕнджытӕн

0
371

Знон Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав кусӕг балцы уыд Горӕтгӕрон ӕмӕ Рахизфарсы районты. Республикӕйы разамонӕг ногазон арфӕтӕ ракодта бынӕттон цӕрджытӕн ӕмӕ алы къабӕзты хуыздӕр кусджытӕн радта паддзахадон хӕрзиуджытӕ.

— Кӕронмӕ ӕрхӕццӕ 2019 аз. Ацы аз нӕ къухы бафтыд бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ саразын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнтыстдзинад къухы ӕнцонтӕй нӕ бафтыд, фӕлӕ алкӕддӕр уыдыстӕм иумӕ, ӕмӕ нын уыцы ӕууӕл хъару лӕвӕрдта, — Горӕтгӕрон районы минӕвӕрттимӕ фембӕлды рӕстӕг йӕ раныхасы фӕнысан кодта Битары-фырт ӕмӕ районы фӕллойгӕнджытӕн бузныг загъта сӕ хорз куысты тыххӕй.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы Указӕй бирӕазон зӕрдиаг куысты тыххӕй майдан «Ирыстоны Намыс»-ӕн лӕвӕрд ӕрцыд Октябрыхъӕуы сывӕллӕтты фыццӕгӕм спортивон скъолайы тренер Борис Стофорандов ӕмӕ Сунжӕйы хистӕрты советы уӕнг Бязырты Аронӕн.

Педагогон архайды ӕнтыстдзинӕдты тыххӕй кадджын ном «РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргӕнӕг» радтой ӕрхонкӕйы фыццӕгӕм скъолайы историйы ахуыргӕнӕг Дадтеты Оксанӕйӕн, Камбилеевкӕйы фыццӕгӕм скъолайы физикон культурӕйы ахуыргӕнӕг Любовь Ткаченко ӕмӕ Дачнӕйы скъолайы райдайӕн кълӕсты ахуыргӕнӕг Лейлӕ Хадзиевайӕн.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы Указӕй кадджын ном «Цӕгат Ирыстоны сгуыхт дохтыр» лӕвӕрд ӕрцыд Комгӕроны амбулаторийы дохтыр Куыдзиаты Надеждӕ ӕмӕ Горӕтгӕрон районы Центрон рынчындоны поликлиникӕйы стоматологон хайады хицау Санаты Зинаидӕйӕн.

РЦИ-Аланийы Кады грамотӕтӕ саккаг кодтой Горӕтгӕрон районы Центрон рынчындоны гинекологон хайады хистӕр акушеркӕ Джиоты Беллӕйӕн, районы администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Джиоты Янӕйӕн, Куырттаты администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Хъӕлыцты Аслӕнбег ӕмӕ иннӕтӕн. Уымӕй уӕлдай, фембӕлды архайджыты иу къордӕн лӕвӕрд ӕрцыдысты РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы Арфӕйы фыстӕджытӕ.

Ахӕм зӕрдӕбын фембӕлд Битарты Вячеслвӕн уыд Беслӕны дӕр.

Йӕ арфӕйы ныхасы Битары-фырт куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй ацы азы дӕргъы Рахизфарсы районы куыст цыд бирӕ ахсджиаг хъуыддӕгтыл. Сӕрмагонд ӕргом здӕхт ӕрцыд Беслӕны райрӕзты генералон пълан ӕххӕст кӕныны фарстмӕ дӕр. Уыцы пъланы фӕрцы горӕты фӕзындзысты дыууӕ ног скъолайы, рӕвдауӕндон, фӕлладуадзӕн бынат ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг объекттӕ.

— Ныфс мӕ ис, 2020 азы дӕр Рахизфарсы районы цӕрджытӕ аккаг ӕвӕрӕн кӕй хӕсдзысты, республикӕйы дарддӕры райрӕзты хъуыддагмӕ, — йӕ арфӕйы ныхасы фӕбӕрӕг кодта Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг.

Уый фӕстӕ паддзахадон хӕрзиуджытӕ радтой фембӕлды архайджыты къордӕн. Афтӕ, кадджын ном “РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргӕнӕг” лӕвӕрд ӕрцыд Беслӕны скъола-гимназы историйы ахуыргӕнӕг Дулаты Татьянӕ ӕмӕ Ног Бӕтӕхъойыхъӕуы скъолайы уырыссаг ӕвзаджы ахуыргӕнӕг Сӕбӕтхъуаты Ларисӕйӕн.

РЦИ-Аланийы Кады грамотӕтӕ саккаг кодтой Цӕлыччы амбулаторийы медицинон хо Дзгойты Аллӕйӕн, педагогон куысты ветеран Любовь Исупова ӕмӕ Ног Бӕтӕхъойы амбулаторийы медицинон хо Ходы Зӕлинӕйӕн. Уыдонӕй уӕлдай, Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕджы Арфӕйы фыстӕджытӕ райстой алы къабӕзты кусджытӕ.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here