Зӕрдӕдарӕнтӕ — амалхъомтӕн

0
441

Чысыл ӕмӕ рӕстӕмбис амалхъомады минӕвӕртты социалон амалхъомтыл банымайыны охыл фарон сфидар кодтой федералон закъон. Документы бӕрӕг сты ӕппӕт барӕнтӕ дӕр. Чысыл ӕмӕ рӕстӕмбис амалхъомадӕн ӕххуысы национ проекты социалон амалхъомадмӕ стыр ӕргом здахынц.

Цы у социалон амалхъомад, цавӕр ӕнцонархайд гӕнӕнтӕ ӕмӕ сын фадӕттӕ дӕтты федералон закъон? Сӕ архайдӕй сахъат, ацӕргӕ ӕмӕ царды уӕззау уавӕрты бахауӕг адӕмӕн фадӕттӕ чи кӕны, граждӕнты царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныныл чи кусы, сӕ царды сӕйрагдӕр домӕнтӕн сын парахат авналӕнтӕ чи кӕны, уыдон сты социалон ахадындзинадимӕ баст амалхъомтӕ.

Закъон сын цы бартӕ дӕтты, уыдонӕй фенцондӕр уыдзӕн хъалонтӕ фидыны фӕтк, ӕфстӕуттӕ къаддӕр процентты ныхмӕ исыны фадат сын фӕзындзӕн, паддзахадон ӕмӕ муниципалон исбонад хаццоны райсыны дӕр къуылымпыдзинӕдтӕ не ‘ййафдзысты, иннӕ ахӕм, уыдзӕн информацион ӕххуыс. Фӕлӕ уал раздӕр хъуамӕ хицӕн амалхъом, кӕнӕ куыстуат нымад ӕрцӕуа социалоныл. Паддзахадон ӕххуыс райсынӕн ма хорз ахъаз у, социалон ӕгъдауӕй ӕнцонбафхӕрӕн граждӕнтӕн куысты бынӕттӕ саразын дӕр.

Ахӕм кусджытӕ хъуамӕ уой 50 проценты бӕрц, сӕ мызд та фӕллойӕн бафидыны фондӕн ахса йӕ 25 проценты бӕрц. Социалон амалхъомы ӕвдисӕндар райсыны тыххӕй хъӕугӕ документтӕ бавдисын хъӕуы портал «мойбизнес.рф»-мӕ. Хабӕрттӕ бӕлвырддӕр базонӕн ис центр «Мой бизнес»-ы дӕр.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here