Боны фӕткы — экономикӕ ӕмӕ социалон къабаз

0
321

Знон Пятигорскы кусӕг фембӕлд уыд Цӕгат Кавказы федералон зылды Уӕрӕсейы Федерацийы Президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Юрий Чайка ӕмӕ Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн.

Фембӕлды архайджытӕ бӕстон ӕрдзырдтой республикӕйы дарддӕры социалон-экономикон ӕмӕ ӕхсӕнадон-политикон райрӕзты фарстытыл, уыимӕ, сӕрмагонд ӕргом аздӕхтой, фыццаградон национ проекттӕ ӕххӕст кӕныны нысанимӕ Уӕрӕсейы Президент цы уӕлӕмхасӕн амынддзинӕдтӕ радта, уыдоныл куыст куыд цӕуы, уымӕ дӕр.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй федералон Хицауады уынаффӕйӕ дыууӕ азы размӕ фидаргонд ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны социалон-экономикон рӕзтӕн ахъазгӕнӕг мадзӕлтты номхыгъд (уыцы пъланы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕстгонд цӕудзысты 2025 азы онг). Уыцы документ ӕххӕст кӕныныл архайд бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ ӕххӕстгонд цӕуы. Уыимӕ, рӕстӕг куыд ӕвдисы, афтӕмӕй уыцы мадзӕлтты номхыгъдмӕ бахӕссын бахъуыд уӕлӕмхасӕн уагӕвӕрдтӕ. Уыдон баст сты горӕт Беслӕны дарддӕры рӕзты ахсджиаг социалон проекттимӕ.

Ӕмткӕй райсгӕйӕ, республикӕйы социалон-экономикон райрӕзтӕн ахъазгӕнӕг мадзӕлтты пъланы бирӕ вазыгджын объектты арӕзтад ӕмӕ рацарӕзт ис. Уыдоны нымӕцы — Республикон клиникон рынчындоны цур тагъд медицинон ӕххуысы дӕлстанцӕйы, сывӕллӕтты рӕвдауӕндӕтты, скъолайы агъоммӕ ахуырады кусӕндӕтты арӕзтад, стадионы, парчы, сфӕлдыстадон центрты рацарӕзт, культурӕйы хӕдзӕртты, цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады инфраструктурон кусӕндӕтты, автомобилон фӕндӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр объектты рацарӕзт.

Фембӕлды архайджытӕ ӕркастысты, уыцы объектты арӕзтад ӕмӕ цалцӕджы фӕдыл организацион мадзӕлттӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, уымӕ.

Юрий Чайка ӕмӕ Битарты Вячеслав сӕрмагондӕй ӕрдзырдтой регионы сӕвзӕргӕ санитарон-эпидемиологон уавӕр ӕмӕ йӕ фӕхуыздӕр кӕныны фӕдыл мадзӕлттыл.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here