Черниговаг сывæллæттæ – Ирыстоны уазджытæ

0
162

Ацы бонты Цæгат Ирыстоны сæ фæллад уадзынц Запорожьейы облæсты Черниговаг районы сывæллæттæ. Уыцы районы рæзгæ фæлтæры минæвæрттæн уый ацы аз ныр дыккаг балц у дард кавказаг республикæмæ.
Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Фæллой æмæ социалон рæзты министрады пресс-службæ.

Республикæйы уазджытæ æрбынæттон сты Дыгуры районы, сывæллæтты лагерь «Урсдон»-ы. Уым сæрды мæйты дæргъы сæ рæстæг хъæлдзæг æмæ уæнгрогæй æрвитынц ирыстойнаг скъоладзаутæ. Ныр уыдонмæ æрбаиу сты Запорожьейы облæсты фæсивæд дæр.
Зындгонд куыд у, афтæмæй Цæгат Ирыстон æмцегад кæны уыцы облæсты Черниговаг районыл. Республикæ гæнæн æмæ амалæй æххуыс кæны районæн – рæстæгæй-рæстæгмæ арвиты гуманитарон уæзæгтæ, кусы социалон нысаниуæджы объектты цалцæгыл… Æмæ æрмæст уый нæ. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй черниговкæйаг сывæллæттæ сæрды мæйты фæлладуадзæн балцыты вæййынц Цæгат Ирыстоны. Зæ-гъæм, ацы сæрд запорожьейаг сывæллæтты фыццаг къорд нæ республикæйы уыд июны. Ныр та Дыгургомы рæсугъддæр бынæттæй иуы йæ фæллад уадзы черниговкæйаг сывæллæтты дыккаг къорд.
Уыдонæй уæлдай, «Урсдон» суазæг кодта Донецкы Адæмон Республикæйы рæзгæ фæлтæры минæвæртты дæр. Гъе, афтæмæй æртæ уæрæсейаг регионы – РЦИ-Алани, Запорожьейы облæст æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы – сывæллæттæ иу бинонтау сæ рæстæг æрвитынц æрдзы хъæбысы.
– Стыр бузныг стæм фысымтæй! Алкæддæр ныл зæрдæйæ бацин кæнынц, хиуæтты хуызæн ныл баузæлынц, – радзырдта Черниговаг районы Минæвæртты æмбырды депутат Еленæ Андреева. – Нæ сывæллæттæ цалдæр бонмæ фæивынц. Ирыстоны алæмæты æрдз æмæ фысымты рæдау аудындзинады уавæрты сæ ферох вæййынц комендантон сахаты æууæлтæ æмæ æгъуыссæг æхсæвтæ, сæ зæрдæтæ æрсабыр вæййынц, сæ цæсгæмттыл мидбылхудт хъазын райдайы. Уый бирæйы аргъ у…
Запорожьейаг æмæ донецкаг скъоладзаутæ Дыгургомы уы-дзысты дыууæ къуырийы бæрц.
– Нæ фадæттæ куыд амонынц, афтæ суазæг кодтам ног уæрæсейаг регионты рæзгæ фæлтæры минæвæртты. Черниговаг къорды ис 60 адæймаджы, донецкаг къорды та – 32. Зæгъæн ис, æмæ уыцы регионты сывæллæтты фæлладуадзæн балцытæ Цæгат Ирыс-тоны разамынды уынаффæйæ систы арфæйаг фæткы хуызæн, – фæбæрæг кодта рес-публикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы
Анджелæ.

КАЛМАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here