Æхсарджын тæхæг

0
322

Æстай азы размæ, 23 февралы, йæ лæгдзинад æмæ æхсары тыххæй  ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы указмæ гæсгæ Хъараты Акимы фырт Алыксандрæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном.

Хъараты Алыксандр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайдта 1941 азы июнæй фæстæмæ, 19-æм дæрæнгæнæг авиаполчъы службæгæнгæйæ, йæ сæрæндзинад æвдыс-
та знаджы ныхмæ тохты, Смоленск æмæ Мæскуы хъахъхъæнгæйæ.

Уыцы рæстæг йæ разамынд фыстой:
«Хистæр лейтенант Хъараты А.А. уæлдæфон тохты йæхи равдыс-та  æхсарджын æмæ хъæбатыр уæлдæфон хæстонæй, знагыл уæлахиз кодта æрмæст нымæцæй нæ, фæлæ арæхстдзинад æмæ хинæй дæр. Йæ цардæн тæссаг уавæр ницæмæ даргæйæ, йæ фыцгæ тугимæ дæрæн кодта знаджы хæдтæхджыты, æнæнхъæлæджы æмæ сæм ныфсджынæй ныббырс-гæйæ. Знаджы нымæцы фылдæр хъарутæ нæ уромынц Хъарайы-фырты. Уый ныфсджын æмæ карз, мæстджынæй бабырсы тохмæ æмæ æдзухдæр рацæуы уæлахизæй».

Алыксандр райгуырд 1915 азы 15 мартъийы горæт Грознайы æфсæнвæндаджы кусæг ирон бинонты ’хсæн. 1932 азы каст фæци фабрикон заводы ахуыргæнинæгты скъола. Куыста Грознайы депойы вагæттæ цалцæггæнæгæй, 1933-1937 азты уыд иугонд «Грознефть»-ы цалцæггæнæг механикон заводы зырнæйзилæг, 1936 азы ахуыр фæци Грознайы аэроклуб, 1937-1938 азты уым куыста планерист-инструкторæй. Советон Æфсады службæ кодта 1938 азæй фæстæмæ.

1940 азы каст фæци Качинскы æфсæддон тæхджыты скъола. Службæ кодта Уæлдæфон Æфсæддон Тыхты хайæдты Киевы æфсæддон зылды. Уырдыгæй райдыдтой йæ тохы фæндæгтæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Мæскуыйы бынмæ тохты тыххæй Алыксандр йæхæдæг афтæ мысыд: «Гитлеронтæ Мæскуымæ куы бырстой, уыцы рæстæджы фыццаг мæйы тохтæй тынг бахъуыды кодтон иу бон. Сæдæгай бомбæкалæджы, сæ базыртыл – сау фашис-тон нысантæ, афтæмæй цалдæргай фæлтæртæй сæ ных сарæзтой махырдæм. Нæ хæдтæхджытæ
уыдысты бирæ къаддæр, фæлæ ныфсджынæй фæмидæг стæм се ’хсæн. Аздæхтам сыл пулеметы зынг цæхæрæй. Æрæппæрстам сæ, сæхи мидæг азмæнтгæйæ, æмæ сæ аздæхтам фæстæмæ. Иу хатт дæргъвæтин тохты фæстæ фæлмæцыд æмæ фæлладæй æрбаздæхтыстæм аэродроммæ. Æвиппайды æрбайхъуыст, знаджы къорд бомбæкалæджы та сæ ных кæй сарæзтой махæрдæм. Цыбыр рæстæгмæ фестадыстæм уæлдæфы, æрбайхæлдтам сын сæ хæстон тахт, аскъæрдтам сыл зынг цæхæр æмæ сæ фæстæмæ сурын байдыдтам. Уыцы тохы мæхæдæг æрæппæрстон знаджы æртæ хæдтæхæджы».

Уыцы сгуыхт-дзинады тыххæй Алыксандрæн лæвæрд æрцыд Сырх Тырысайы фыццаг орден.

1942 азы августы дыууадæс дæрæнгæнæг хæдтæхæгимæ звенойы разамонæгæй Хъарайы-фырт ратахт Ржевы районы зæххыл хæцæг хæстонты хъахъхъæнынмæ. Авд дæрæнгæнæджы сæ тохæй сбастой æхсæз «Мессершмидты», иннæтæ та зынг цæхæр ныккалдтой аст «Юнкерсыл». Уæлдæфон тохы сæрæн æмæ арæхстджын архайдæй Хъараты Алыксандры къорд æрæппæрстой æртæ «Юнкерсы» æмæ иу «Мессершмидт» (фæстаг хæдтæхæг Хъарайы-фырт æрæппæрста йæхæдæг). Уæлдæфон тох æнтыстджынæй кæй ахицæн Мæскуымæ хæстæг бацæуæнты, æмæ къорд æхсар æмæ хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй Алыксандрæн лæвæрд æрцыд Сырх Тырысайы дыккаг орден.

Æхсарджын тæхæг архайдта Сталинграды тохты, уæгъд кодта Донбасс, Украинæйы Рахизфарс, Белорусси. Зæххыл тохты хæцæг æфсадæн сæрæн æххуыс æмæ уæлдæфон тохты хорз æнтыстдзинæдты тыххæй Хъараты Алыксандр хорзæхджын æрцыд Сырх Тырысайы æртыккаг орденæй.

1-аг Белоруссиаг фронты 16-æм уæлдæфон æфсады 176-æм гвардион дæрæнгæнæг авиаполчъы эскадрилийы командыгæнæджы хæдивæг, хистæр лейтенант Хъараты Алыксандр 1944 азы декабр-мæ сарæзта 500 хæстон стахты, архайдта 80 уæлдæфон тохы æмæ уыдоны æрмæст йæхæдæг æрæппæрста 20 хæдтæхæджы. Уыцы сгуыхтдзинæдтæ, лæгдзинад æмæ æхсары тыххæй Хъараты Акимы фырт Алыксандрæн 1945 азы 23 февралы ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы указмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном Ленины орден æмæ «Сыгъзæрин Стъалы»-йы майданимæ.

1945 азы Хъарайы-фырт уæлдæфон тохты æна-уæрдонæй дæрæн кодта  знæгты, Польшæ уæгъдгæнгæйæ.

Хæсты кæрон Берлины операцийы кæронбæттæн тохты дæр Хъарайы-фырт йæхи равдыста уæлдæфон тохты иттæг дæсныйæ. Берлины сæрмæ иу карз тохы фæстæ Советон Æфсады æфсæддон-уæлдæфон тыхты командыгæнæг, авиацийы Сæйраг Маршæл А.А. Новиков комкоммæ йæхæдæг раарфæ кодта Хъарайы-фыртæн.

Хæсты фæстæ Хъараты Алыксандр дарддæр службæ кодта уæлдæфон-æфсæддон тыхты хæйтты авиаэскадрилийы командæгæнæджы хæдивæг штурманæй Фæскавказы, Цæгат Кавказ æмæ Туркестаны æфсæддон зылдты. 1953 азы гвардийы капитан Хъараты А.А. рацыд йæ фæллад уадзынмæ. Цард горæт Грознайы. 1984 азы 1 январы ацыд йе ’цæг дунемæ, æмæ йæ баныгæдтой Грознайы Центрон уæлмæрды. 2010 азы йын йæ мард сластой Дзæуджыхъæумæ æмæ йæ баныгæдтой Намысы Аллейы. Советон Цæдисы Хъæбатыры ном хæссы Грознайы уынгтæй иу. Ахмат Кадыровы номыл Намысы мемориалон комплексы лæууы йæ бюст.

Æрмæг бацæттæ
кодта Касаты Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here