Æппæт фадæттæ –инвалидтæн

0
141

Æнæниздзинады уавæртæм гæсгæ сæ авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, уыцы адæмæн аккаг фадæттæ аразыны фарстатæ равзæрс-той, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд скодта, уым.

Республикæйы  ахуырады ведомствæйы  разамонæг Алыбегты Эллæ радзырдта,
профтехахуыргæнæндæтты инвалидтæн цы уавæртæ арæзт æрцыд, уыдоны тыххæй. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ стыр æргом здæхт цæуы инклюзивон ахуырадмæ. Уый руаджы Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон къабазмæ инвалидтæ æнцондæрæй хæсдзысты сæ бавæрæн. Кæд æмæ раздæр ахæм уавæртæ арæзт уыдысты æрмæстдæр иунæг проф-техахуырады кусæндоны, уæд ныртæккæ сты 28.
Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй инвалидтæн куысты бынæттæ аразыны, сæ социализацийы рæзтæн бахъæудзысты ахуырады, амалхъомады æмæ
хицаудзинады иумæ-йаг тыхтæ. «Профтехахуырадмæ æнцондæрæй бацæуæн кæм у, инвалидтæн хорз уавæртæ кæм ис, мах суыдзыстæм ахæм раззагдæр регион. Мæ зæрдæ дарын, амалхъомтæ инвалидтæн аккаг куысты бынæттæ кæй цæттæ кæндзысты, ууыл. Æппæт уыцы нысантæ æххæстгонд цæудзысты Адæмæн куысты бынæттæ дæттыны комитеты фæрцы», – загъта Хицауады Сæрдар.
Æмбырды архайджытæ ма æркастысты инвалидтæн реабилитацийы, протезтæй ифтонг кæныны фарстатæм дæр. Респуб-ликæйы фæллой æмæ социалон рæзты министр Абайты Юри рæгъмæ рахаста инвалидты социалон архайдæн бæрнон куыст-уæттæ æмæ организациты номхыгъд. Ома, социалон архайды сæйраг рахæцæн у фæллой кæнын, уый руаджы инвалидтæ рæвдздæр банкъардзысты царды фæзилæнтæ.
Уымᴂй уæлдай ма байхъуыстой Куырмыты республикон чыныгдоны Куырмыты æппæтуæрæсеон æхсæнады минæвæрттæм. Равзæрстой, цæмæй сын сæ бон у баххуыс кæнын, уыдæттæ. «Социалон здæхт фарстатæм æркастыстæм, сæ фылдæр баст сты æвæрæз адæмимæ. Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло кæддæриддæр граждæнты уыцы категоритæм здахы стыр æргом. Алы бæрнон адæймаг дæр хъуамæ æппæт хæстæ сæххæст кæна, инвалидтæн аккаг уавæртæ араза. Уыцы куыстмæ бавналæнт районты разамонджытæ дæр, цы авналæнты хицæуттæ стæм, уыдон нæ инвалидтæн фадæттæ саразын уадзынц», – бафæ-дзæхста Дзанайты Барис.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here