Барадхъахъхъæнджыты куыст Бахатæг адæймæгтимæ фембæлд

0
197

Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр, пъæлицæйы инæлар-лейтенант Демьян Лаптев комкоммæ уагæй фембæлд бахатæг æм адæймæгтимæ.

Регионы æппæт районты цæрæг адæм инæлармæ бахатыдысты Мидхъуыддæгты министрадмæ хауæг фарстатæ æмæ курдиæттимæ. Демьян Лаптев æрбацæуæг адæймæгтæй алкæмæ дæр лæмбынæг байхъуыста. Адæм министрмæ бахатыдысты алыхуызон фарстаты фæдыл. Иуæй-иу курдиæтты фæдыл уынаффæтæ æвæстиатæй рахастæуыд, иннæ курдиæтты фæдыл та æрбацæуæг адæймæгтæн архайæг закъонæвæрынадмæ гæсгæ дарддæры архайды фæтк бæстон бамбарын кодтой.
Уæлæмхасæн уагæй кæй сбæлвырд кæнын хъæуы, уыцы уавæртæ рабæрæг кæнынæн инæлар амынд министрады æмбæлгæ дæлхайæдты разамонджытæн хъуыддагмæ бардарæг бардзырдтæ ратта. Алы курдиат дæр биноныг раиртасдзысты, сæ барвитæг адæймæгтæн та закъоны фидаргонд æмгъуыдмæ дзуапп ратдзысты.

РЦИ-Аланийы
Мидхъуыддæгты
министрады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here