Доны æртахмæ бæлгæйæ

0
231

Цас æмæ нын цавæр продукт куыд æмæ кæд æмбæлы, уый тыххæй нæ алчидæр уыйас радзурдзæн, æмæ йæ уромæг нæ бауромæдзæн. Доны уавæры тыххæй кæдæй дзурæм, æмæ ма абон дæр уыцы ран стæм. Байхъус, уæд нæ республикæйы разамынд нæ фæрныгадыл тынг мæт кæнынц. Фæлæ доны фарста куыд вазыгджын уыд, афтæ вазыгджынæй баззад…

Ныртæккæ æмхуызонæй цæхæрадæтты хуымтыл дон кæныныл дзурæм, фæлæ нæхицæн, ома, удæгас адæмæн цæуылнæ фаг кæны дон? Мæнæ æртахгай кæлы Æрыдоны горæты Лермонтовы уынджы хæдзæртты. «Нормæйы», ома, дон куыд æмæ цас æмбæлы, уый кой нын цæмæн кæнынц, ноджы ма дохтырты ныхæстæ дæр райхъуысынц. Ома, ныртæккæйы тæвды 38 градусы тæссаг сты адæмы æнæниздзинадæн. Хорз æмæ нын æй загътат, фæлæ уæд хъуамæ ууыл чи бамæт кæна? Кæд æмæ доны æртахмæ æнхъæлмæ кæсæм (дзаумæттæ æхсыны кой нæм нæма ис, кæддæр, чи зоны, æмбисæхсæв дон сабыргай ракæлдзæн) уæд уый цавæр хабар у?!

Нæ зонæм, иннæ хъæутæ æмæ горæтты доны уавæр куыд у, уый. Фæлæ Æрыдоны горæты тынг уæззау уавæр сæвзæрд. Цы кæнгæ нын у? Кæдæм хъуамæ ацæуæм, кæцæй æрласæм дон?! Ноджы ма алкæмæ машинæ нæй, пенсиисæг цы фæуа? Уыдæттæ бакæсгæйæ, нæ горæты службæтæ хæрдмæ фесхъиудзысты, бæстæ асир-сур кæндзыс-ты. Æвæццæгæн… Фæлæ дон та кæцæй ракæлдзæн? Уынджы иу кæрон куы хæтæлы иу скъуыдæй згъоры дон, уæд – иннæ рагон хæтæлæй… Æрмæст, дам, уæ цæхæрадæтты хуымтæм дон ма уадзут. Нæхæдæг та цы хъуамæ  нуазæм?

 Плиты Варя,

Æрыдоны цæрæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here