Сæрд куы ралæууы, уæд адæмы тас бацæуы, уæдæ та нæ доны хабар куыд уыдзæн, зæгъгæ. Ныр къорд азы дæргъы Къора-Урсдон æмæ Хъарман-Сындзыхъæуы цæрджытæ дæр уыцы «низæй хъæрзынц».
Мах центрон, Къостайы уынджы цæрæм, æмæ æртæ къуырийы фæдис хъæр кодтам алы дзуапдæттæг оргæнтæм, фæлæ нæм хъусæг нæ уыд, стæй дон цæуылнæ уайы кърантæй, уый аххосаг бæлвырдæй ничи зыдта. Уæдæ ма сæ куыст цы у? Иу дзы иннæмæ амоны, уыдон бафæрсут, зæгъгæ. Ацы тæвд рæстæг æнæдонæй цæрæн ис? Æхсæвы дыууæ сахаты-иу куы сси, уæд-иу кърантæй лыстæг тæдзын райдайы, æмæ уæд цырд лæуу йæ уæлхъус æмæ дæ мигæнæнтæ дзаг кæн.
Нæ дзуапдæттæг оргæнты разамонджытæ æфсонæн фæзæгъынц, нал, дам, бæззынц хæтæлтæ, алы рæтты рæдувынц, æмæ уымæн афтæ у, ивын, дам, сæ хъæуы, æмæ фиддонтыл дæр уæлæмæ уымæн схæцыдыс-тæм. Чи зоны, æмæ иннæ рæтты аххосаг уый мидæг ис, фæлæ мах хъæуы уыцы хæтæлтæ 2016 азы аивтой федералон программæмæ гæсгæ, æмæ уæдæй нырмæ, зæгъын æмбæлы, дон бынтондæр нал фаг кæны. Азæй-азмæ сæрды хъизæмарæй амæлæм.
Мæ зæрдыл æрлæууынц ме ‘рыгоны бонтæ, уæд Урсдоны донæй хастам царды хос, де уæхсчытыл – къæрæмис дыууæ ведраимæ, дæ иу къухы дæр ма – ведра, афтæмæй. Цы мæгуырбон ныл ныккодта, ныр та уыцы «вариантмæ» раздæхæм? Æмæ, Урсдон дæр бынтон урс нал у – йæ былгæрæттæ алы фæлладуадзæн базæтæ æмæ дачæтæй байдзаг сты, сæ чъизитæ уырдæм уадзынц, æмæ сæ бафæрсæг нæй. Нуазынмæ нæ, фæлæ дзы найынмæ дæр тæссаг у.
Стæй ма иу хъуыддаг. Уæд иу ранæй, уæд – иннæйæ райхъуысы, адæм, дам, сæ цæхæрадæттæ нал кусынц, хæмпæлгæрдæджы бын фесты. Æмæ дæ зын – дæ бакæнын у хуымтæ, фæлæ сæм дарддæр куыд зилгæ у, фæстаг дæсгай азты нын сæрды хур нæ «хурхыл куы бахæцы», уæд? Уыцы заман сæ хъуамæ донхорыг кæнæм, фæлæ дон бануазынмæ куы нæ фаг кæны, уæд – цæмæй? Хуыцау хорз, æмæ коммуналон хæдзарады министр Хъараты Тимур, нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ фембæлды фæстæ, цæхæрадæттæ донхорыг кæныны тыххæй цы уынаффæ рахаста, уый аивта, æмæ ныр 2026 азы кæронмæ уый тыххæй фиддон, æз ма йæ хъалон (дань) дæр схонин, ист нал цæудзæн.
Цард фæхуыздæрмæ æнхъæлмæ кæсæм, фæлæ ахæм ахсджиаг хъуыддаг алыг кæнын хицæн хъæуы куы нæ фæразынц дзуапдæтджытæ, уæд фыдæнхъæл не стæм?
Ивгъуыд къуыри уарын æрцыд, æмæ доны тынгадыл бафтыд. Уый та уымæн, æмæ нæ хъæуы цæрджыты фæдисхъæр суанг уæлдæр хицауадмæ фехъуыст, сæ хъаст уырдæм схастой, уый фæстиуæгæн «Водоканал»-ы бригад ссыд донгуырæнмæ. Цытæ дзы бакуыстой, уый ничи зоны, фæлæ дон, кæд бынтон зæрдæйы фæндон – нæ, уæддæр ракалд, æмæ адæм иу гыццыл сулæфыдысты. Дарддæр дæр «рынчыны» уавæрмæ кæсдзыстæм.
АГЪНАТЫ Зинæ,
Хъарман-Сындзыхъæу














