Национ проектты фæрцы

0
120

2025 азы райдайæнæй нырмæ Цæгат Ирыстоны чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады кусæндæттæн национ проекттæ æмæ æндæр федералон æмæ регионалон программæты фæлгæты дихгонд æрцыд 300 милуан сомæй фылдæр.

Ахæм бæрæггæнæнтæ фехъусын кодта РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министрады пресс-службæ.

Министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, бизнес-компанитæ æмæ хицæн амалхъомтæн ахæм паддзахадон æххуыс лæвæрд цæуы Кредитон зæрдæдарæнты фонд (уыцы структурæ радих кодта 225,8 милуан сомы) æмæ Чысыл æмæ рæс-
тæмбис амалхъомады кусæндæттæн æфстæуттæ дæттыны фонды (уый æххуыс та рауад 86,6 милуан сомы бæрц). Фыццаг фонды æххуысæй спайда кодтой 25 куыстуат æмæ хицæн амалхъомы, дыккаг структурæйы æфстæуттæй та – чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады 42 компанийы.

Фондты æфстæуттæ æмæ иннæ æххуыс амалхъомтæ схардз кодтой сæ райрæзты проекттæ æххæст кæныныл: технологон ифтонгдзинадыл, стурвос æмæ куыстадон хомаг æлхæныныл, продукцийы хуызтæ фылдæр кæныныл æмæ афтæ дарддæр. Уыимæ, фондтæм æххуысагур бацыдысты, базарады, хъæууон хæдзарад æмæ иннæ къабæзты чи кусы, уыцы амалхъомтæ.

«Нæ фонды зæрдæдарæнты фæрцы банктæ амалхъомтæн æдыхстæй радих кæнынц кредиттæ. Ахæм æфстæуттæн нæ фонд рæстæмбис нымадæй сæхгæны сæ 70 проценты бæрц. Уыцы æууæлы фæрцы амалхъомтæн хуыздæр фадæттæ ис сæ куыстуæтты материалон-техникон уавæр хъомысджындæр кæнынæн, цымыдисагдæр проекттæ царды уадзынæн», – радзырдта РЦИ-Аланийы Кредитон зæрдæдарæнты фонды директор Бериаты Георги.

«Мах не ’рвылбоны куысты фыццаградон æргом здахæм райдайгæ амалхъомтæн æххуысы фарстатæм. Зæгъæм, амалхъомты ацы къорды минæвæрттæн æфстæуттæ лæвæрд цæуынц къаддæр проценттыл (бæлвырддæр дзургæйæ та, 8-10 проценты бæрцыл)», – бафиппайдта Чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады кусæндæттæн æфстæуттæ дæттыны фонды разамонæг Найфонты Авдан.

Министрады минæвар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй чысыл æмæ рæстæмбис бизнесы минæвæрттæн ахæм зæрдæдарæнтæ æмæ æндæр паддзахадон æххуыс лæвæрд цæуы фыццаградон национ проект «»Пайдайаг æмæ ерысхъом экономикæ» æмæ æндæр программæты фæрцы. Амалхъомады райрæзтæн æххуысы æппæт мадзæлтты тыххæй бæлвырддæр бæрæггæнтæ базонæн ис республикон центр «Мæ бизнес»-ы (æрбынæттон Дзæуджыхъæуы, Шмулевичы уынджы, 8 б хæдзары).

Сланты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here