Ног уæнгты равзæрстой

0
73

Политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы XXXVII регионалон конференцийы Дзæуджыхъæуы архайдтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг, партийы Уæлдæр советы уæнг, «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады нымæрдар Сергей Меняйло, регионы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав, Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды сæрдар Таболты Сергей, республикæйы Хицауады уæнгтæ, стæй регионы æппæт районтæй делегаттæ.

– Ацы аз «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайад стыр куыст сæххæст кодта. Партийы кандидаттæ кæм фæуæлахиз сты, сентябры регионы фондз районы ахæм æвзарæн кампанитæ ацыдысты. Зæрдиагæй бакусыны тыххæй цæгатирыстойнæгтæн – бузныг. Ныртæккæ нæ размæ лæууынц ног ахсджиаг хæслæвæрдтæ. Депутатты хæс у æхсæнадимæ куыст фæрæвдз кæнын: адæмимæ рæстæгæй-рæстæгмæ æмбæ-
лын, æрбафтæг курдиæттæн цыбыр рæстæгмæ дзуапп дæттын, æвзарджытимæ раз афоныл ныхас кæнын. Адæмон программæ æмæ партион проекттæ куыд æххæст кæнынц, уыдæттæм цæст лæмбынæг дарын æмбæлы. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс нымад у партион архайды ноджыдæр ма иу ахсджиаг къабазыл. «Иугонд Уæрæсе» ацы хъуыддагмæ цæст лæмбынæг дары. Партион рæнхъытæм райсæм сыгъдæгзæрдæ патриотты. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнын: Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды æвзæрстыты
рæстæг сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ систы партион номхыгъды раздзогтæ. Рагагъоммæ хъæлæскæнынады рæстæг горæтæгтæй бирæтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты равзæрстой, – ныхас кæнгæйæ, загъта нæ регионы Сæргълæууæг.

Сергей Меняйло æмпартионтæн бафæдзæхста амынд къабазы куыст дарддæр æххæст кæнын (уыимæ – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинойнæгты социалон реабилитацимæ æргом здахын).

Ацы аз цæгатирыстойнæгтæ «Иугонд Уæрæсе»-йы Адæмон программæ куыд æххæст кæнынц, уый тыххæй дзургæйæ, партийы регионалон хайады нымæрдары фыццаг хæдивæг Едзойты Марат загъта:

– Адæмон программæйы фæткмæ гæсгæ, æппæт республикæйы бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ æмæ æхсæнадон фæзтæ аивгонд цæуынц, посты хайæдтæ æмæ хъæуты Культурæйы хæдзæрттæ нывыл кæнæм, скъолатæ, рæвдауæндæттæ æмæ колледжтæ цалцæггонд цæуынц. Ацы программæ куыд æххæст кæнынц, æппæт æмвæзадты депутаттæ уымæ иудадзыг цæст дарынц.

Уымæй уæлдай, конференцийы куысты фæткмæ гæсгæ, партийы Регионалон политикон советы æмæ ацы Советы президиумы ног уæнгтæ æвзæрст æрцыдысты.

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here