Дзæуджыхъæуы кæронмæ ахæццæ сты сывæллæтты 1-æм поликлиникæйы (æрбынæттон Павленкойы уынджы) бындурон цалцæджы куыстытæ.
Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады пресс-службæ.
Министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, подрядон организацийы бригадтæ бакодтой ахадгæ куыст: рацарæзтой кабинеттæ æмæ агъуысты æддаг бакаст, раивтой электрон тых дæттæн, сантехникон æмæ æппæт иннæ коммуникацитæ… Сæрмагонд æргом здæхт æрцыд, рынчынтæн рентген кæм кæндзысты, уыцы бæстыхайы цалцæгмæ.
Ведомствæйы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй, бындурон цалцæджы ма-
дзæлттæ æххæст кæнгæйæ, бæстон хыгъд цыдысты æппæт нырыккон техникон-санитарон домæнтæ дæр. Уый фæрцы поликлиникæйы авналæнтæ зынгæ фæуæрæхдæр æмæ фæхуыздæр сты.
«Поликлиникæйы аив кабинетты уынд æмæ райдзаст æддаг бакастæй ныр зæрдæ райы. Подрядон организацийы минæвæрттæ бацархайдтой, цæмæй кусæндоны ныр æппæт фадæттæ дæр уа æххуысхъуаг сывæллæттæн хæрзхъæд медицинон лæггæдтæ бакæнынæн. Уыимæ, дохтыртæ æмæ иннæ медицинон кусджыты архайды уавæртæ дæр зынгæ фæхуыздæр сты», – бафиппайдтой министрады.
Зæгъын хъæуы, амынд медицинон кусæндоны бындурон цалцæг фыццаградон национ проект «Дæргъвæтин æмæ зæрдæзæгъгæ цард»-ы фæлгæты кæй бакодтой, уый дæр.
Нæ уацхæссæг














