Афæдзы дæргъы Цæгат Ирыстоны фæндагаразджытæ цы объекттыл бакуыстой, уыдонæй иу у Ногир æмæ Джызæлы ’хсæн фæндаг. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Фæндаггон хæдзарады комитеты пресс-службæ.
Ведомствæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, ацы фæндаг фæстаг азты зау-уатмæ æрцыд, цалцæггæнджыты къухтæ йæм нал хæццæ кодтой: йæ асфальт аскъуыдтæ æмæ скалд, кæлæддзаг хид…
«Ныр бантыст ацы объект азы куыстыты пъланмæ бахæссын. Æмæ кæд ног цалцæггонд уадз-дзаг, абаргæйæ, дæргъвæтин нæу (2,8 километры бæрц), уæддæр йæ нысаниуæг ахадгæ у – кæрæ-дзийыл бæтты федералон «Дзæуджыхъæу – Алагир» æмæ регионалон «Дзæуджыхъæу – Æрыдон – Цыкола – Лескен 2» фæндæгтæ. Аразджытæ фæнда-джы бындур фæфидардæр, стæй фæфæтæндæр кодтой, æрæмбæрзтой йæ асфальты-бетоны дывæр цъарæй, цæугæдон Чернаяйы сæрты ауагътой ног хид… Ныр хид дзуапп дæтты ахæм объектты æппæт техникон домæнтæн. Уымæй уæлдай, аразджытæ базылдысты ног цалцæггонд фæндаджы былгæрæттæм, йæ бынты цы донуадзæн хæтæлтæ цæуы, уыдон раивтой», – радзырдта комитеты минæвар.
Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй, Ногир æмæ Джызæлы ’хсæн фæндаг ногæй эксплуатацимæ лæвæрд кæй æрцыд, уый фæрцы иуцасдæр фæбæстондæр уæззау транзитон транспорты змæлды фæтк. Зæгъæм, уыцы хæдтулгæты фылдæр хай ныр цæудзæн Дзæуджыхъæуы уынгты иувæрсты.
Фæндаджы рацарæзт æххæстгонд æрцыд национ проект «Инфраструктурæ цардæн»-ы уагæвæрды бындурыл.
Дмитрий АСТАХОВ














