Æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы халæн цаутæн бынат нæй

0
128

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Депутаттæ æркастысты æмæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст федералон æмæ республикон закъонты проекттæ.

Советы уæнгтæ байхъуыстой, «2024-2025 азты Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады иуæй-иу медицинон кусæндæттæ республикæйы бюджетæй лæвæрд фæрæзтæй куыд спайда кодтой, стæй, РЦИ-Аланийы Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады территориалон фонды фæрæзтæй цы æлхæнинæгтæ арæзт æрцыд, уый сбæрæг кæныны тыххæй» РЦИ-Аланийы Цæстдарæн-нымайæн палатæйы хъусынгæнинагмæ. Раныхасгæнæг – палатæйы сæрдары хæдивæг Бекъойты Хъазыбег куыд загъта, афтæмæй амынд æмгъуыдмæ сæ финансон æрхайд сбæрæг кодтой иу рынчындонæн, фондз диспансер æмæ авд медицинон кусæндонæн. Йæ ныхасмæ гæсгæ, сæ хæрдзтæ рауадысты 1 мил-
лиард æмæ 606 милуан сомы. Уыимæ, иуæй-иу медицинон кусæндæтты разынд административон халæн цаутæ. Уыдон баст уыдысты, æлхæнинæгты пълантæ афоныл кæй нæ равæрдтой, бадзырдты тыххæй хъусынгæнинæгтæ хыгъдмæ хаст кæй не ‘рцыдысты, стæй, æлхæнинæгтæн лæвæрд æхцайы бæрцытæ сын кæй фæфылдæр сты.

Цæстдарæн-нымайæн палатæ ма бацæттæ кодта «2024 азы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæн йæ дæлбар кусæндæтты архайдæн республикæйы бюджетæй лæвæрд фæрæзтæй куыд пайдагонд æрцыд, стæй, медицинон кусæндæтты амалхъомадон архайд сын цы æфтиаг æрхаста, уымæй куыд спайда кодтой», уый тыххæй хъусынгæнинаг. Раныхасгæнæг уыд палатæйы аудитор Хæдарцаты Олег. Куыд загъта, афтæмæй, министрадæн цы финанстæ дихгонд æрцыд, уыдонæй æххæстæй дæр спайда кодтой. Уыимæ, бафиппайдта халæн цаутæ дæр, зæгъæм, иуæй-иу медицинон кусæндæттæ кæй кодтой уæлæмхасæн æнæбындур бафыстытæ, паддзахадон æлхæнинæгтæ кæныны уагæвæрдтæ, стæй лæвар медицинон æххуысы зæрдæдарæнтæ хæлд кæй цыдысты, уый æмæ æндæртæ.

Раныхæсты фæдыл
фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тускъаты Таймураз æмæ депутат Черчесты Асланмæ. Парламенты Сæрдар куыд бафиппайдта, афтæмæй, ахæм ахсджиаг фарстатыл æргом ныхас кæй цæуы, уый у хорзы нысан æмæ халæн цауты ныхмæ ахъазгæнæг фæрæз. «Æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазæн ра-
замынд дæттыны хъуыддаг аразгæ у принципиалон бындуртыл», – загъта
Тускъаты Таймураз.

Дыууæ фарстайы фæдыл дæр æмдокладтæ скодта Парламенты социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ. 

Советы уæнгтæ ма байхъуыстой æмæ Парламенты хæстæгдæр æмбырды боны фæткмæ бахастой ацы азы æмæ хæстæгдæр æртæ азмæ республикон бюджетты тыххæй дыууæ закъоны проекты. Ныхас сыл кодта Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег.

Тускъаты Таймураз æркæсынмæ рахаста Парламенты Мандатон къамисы хъусынгæнинаг Мецъаты Юрийы чызг Зæринæйы Республикæ Цæгат Ирыс-
тон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты депутатæй равзарыны тыххæй, стæй æрныхас кодта Парламенты социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты скондмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл.

Депутаттæ ма цы закъонæвæрынадон хъæппæристæ равзæрстой, уыдоныл ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Черчесты Аслан, Хæдарцаты Аслæнбег, Качараты Олег, Еленæ Князева, Киситы Мурат, Къесаты Ирыс-
тон.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here