Ацы бонты, 21 декабры, æххæст кæны 146 азы Иосиф Сталины (Джугашвилийы/ Дзугаты) райгуырдыл. Æнæкæрон бирæ ис уыцы адæймаджы цард æмæ архайды тыххæй чингуытæ, наукон куыстытæ, мысинæгты æмбырдгæндтæ, мыхуыры æндæр æрмæг. Фæлæ, абоны онг Сталины чидæриддæр зыдта, уыдон иу бæлвырд хъуыдымæ нæма æрцыдысты, кæцы адæмыхаттæй уыдис, уый базоныны тыххæй. Æрмæстдæр ирон адæймаджы фидарæй уырны – йæ дадзинты згъордта ирон туг!
Æмæ уымæн ис æнæгуырысхойаг æвдисæнтæ.
Абон нæ фæнды нæ газеткæсджыты уыцы фарстайы фæдыл Цæгат Ирыстоны национ музейы хистæр наукон кусæг Дулаты Олег æмæ Дзугаты Мураты хъуыдытимæ базонгæ кæнын.
Сталины куыст æмæ архайдæн нæ бæстæйы историйы цы егъау бынат ис, уый алчидæр зоны. Æрыгон советон республикæ ног хицаудзинады знæгтимæ тохы, фæстæдæр та социализм рацаразыны, коллективизацийы рæстæг Иосиф Сталины фидар удыхъæд, зонд æмæ хъаруйы фæрцы сæттын нæ бакуымдта, размæ цыди ныфсджын санчъехтæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты та йæ разамындæй, уæззау фæлварæнты сæрты ахизгæйæ, æнæкæрон стыр зындзинæдтæн ныффæразгæйæ, советон адæм фæуæлахиз сты Европæйы, стæй уæды заман æгас дунейы дæр æппæты тыхджындæр Германийы æфсадыл. Сталины уды хъару æмæ ныфс куыд æнæбасæтгæ уыдысты, уымæн ирд æвдисæн у ахæм цау дæр. Немыцаг æфсæдтæн сæ сæйраг нысан уыдис Мæскуы байсын – уæд Советон Цæдисы уавæр уыдаид бынтон сагъæссаг. Горæтмæ ма сæ хъуыдис æдæппæт 27 километры бацæуын. Немыцаг инæлартæ сæ бинокльтæй дзæбæх уыдтой Мæскуыйы хæдзæртты сæртæ. Знаджы сгарджытæ адæмы ’хсæн сусу-бусуйæ хæлиу кодтой ныхæстæ, Сталин йæхи цæттæ кæны горæт ныууадзынмæ, лидзынмæ хъавынц хицауады иннæ кусджытæ дæр, зæгъгæ.
Бæгуыдæр, цæрджытæ стыхстысты, стыр тас сæ бацыди, уыдис дзы сæхицæй дæр, лидзынвæнд чи скодта, ахæмтæ. Фæлæ уæдмæ хабар райхъуыст – Сталин никæдæм цæуы, йæ куыст дарддæр кæны Кремлы. Æмæ адæм сулæфыдыс-ты. Уый уыди 1942 азы декабры. Æхсæзæм декабры та советон æфсад абырста размæ æмæ знæгты, бæрзæйсæттæн цæфтæ сын ныккæнгæйæ, аппæрста 250-300 километры дарддæр Мæскуыйæ.
Сталиныл кодтой æмæ абон дæр кæнынц алы цъыфкалæн ныхæстæ, фæлæ уымæй йæ кад дæлдæр нæ фæци, зонынц æмæ йын аргъ кæнынц дунейы алы кæрæтты.
Сталин ирон кæй уыди, уымæн уыдис æвдисæнтæ. Фыццаджыдæр, йæ политикон архайды райдайæны хъуыддаджы анкетæты, йæ адæмыхатт амонгæйæ, кæддæриддæр фыста «ирон». Ирон æй хуыдтой, хорз æй чи зыдта, арæх йемæ чи æмбæлди, уыдон дæр – Плиты Иссæ, Мамсыраты Хаджумар, Токаты Георги (Гокки), Дулаты Саламджери (Сергей), Владимир Ленин, Троцкий, Мандельштам, Эдуард Радзинский æмæ бирæ иннæтæ.
Дызæрдыггаг нæу, уæрæсейаг æмæ америкаг ахуыргонд, палеогенетик Анатолий Клесов кæй раиртæста, уыцы генетикон æрмæг дæр. Уый сбæрæг кодта: Сталин уыди, куыд æппæт ирæттæ, скифты, сæрмæтты, аланты комкоммæ байзæддаг! Йæ мад – Екатеринæ Геладзе, фыд та – Дзугаты Виссарион (Бесо).
Дзугаты Бесо йæ рæстæджы æрбынæттон Гуры. Уым царди йæ мады фыд Хъуылымбегты Сандро. Уый йе ’ххуысы хай кодта Бесойæн йе ’рыгон цард рацаразынæн, ратта йын бæстыхайы къуым цырыхъхъытæ хуыйæн æрмадзæн. Уæдмæ Бесо бакодта бинонты хъуыддаг дæр. Фæлæ æрыгон дыууæ æмкъайæн цотæй сæ хъуыддаг нæ рæстмæ кодта – хæрзгыццылтæй сæ цардæй ахицæн сты сæ фыццаг дыууæ лæппуйы. Гыццыл Сосо (Иосиф) уыдис æртыккаг саби, уый дæр арæх рынчынтæ кодта. Бынæттон дæснытæй сын чидæр бацамыдта, уæ сывæллоны Джеры дзуармæ аласут æмæ йын уым бакувут, зæгъгæ.
Уырдæм сæ йæ уæрдоны аласта Бесойы æмбал Чертыхъоты Уасил, семæ аластой нывæнды уæрыкк дæр (Бесо йыл ратта 5 капеччы, уымæн æмæ лæвар нывонд дзуар нæ райстаид æгъдаумæ гæсгæ).
Дзугатæ зæрдиагæй бакуывтой Джеры дзуармæ, бафæдзæхстой йыл сæ сабийы. Уымæй фæстæмæ, хистæртæ куыд дзырдтой, Джеры Уастырджи ссис Сосойæн фæхæцæн æмæ йын æххуыс кодта йæ царды уæззау фæлварæнты дæр.
Дæсгай азты дæргъы Сталин разамынд лæвæрдта Зæххы къорийы æхсæзæм хайæн. Бæгуыдæр, æнæ рæдигæ дæр куыд уыдаид… Арф фæд ныууагътой адæмы зондахасты 1937-1938 азты цаутæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдайæны къуыхцытæ. Фæлæ Сталинæн йæ кад дæлдæр не ’рхаудта, раздæрау уыди хуымæтæг фæллойгæнджытæн ныфсы айнæг къæдзæх, фæндагамонæг стъалыйау. Æмæ, 1953 азы 5 мартъийы йæ фæллад зæрдæ кусынæй куы банцад, уæд Советон Цæдисы, стæй æппæт дунейы милуангай адæмтæ дæр æрвдзавдау фесты, сидзæрхуыз адардтой. Уыдонимæ уыдысты Ирыстоны цæрджытæ дæр. Фæтæгæн кодтой ирон æгъдаумæ гæсгæ зианы æгъдæуттæ. Хистæртæ куыд мысынц, афтæмæй Черменыхъæуы Сталины ныгæнæн боны адæм фыццаг æрæмбырд сты бынæттон колхозы правленийы раз (ныр уым ис хъæуы Культурæйы хæдзар), фæстæдæр та бацыдысты фыццæгæм скъоламæ саударæн митингмæ. Уым цæджын-дзыл ауыгъд уыдис радиойы тæбæгъ, æмæ дзы хъуыстысты æнкъард музыкæ, стæй фæтæджы æвæрыны хабæрттæ. Кæронбæттæны диктор куы загъта, Сталины мавзолеймæ хæссынц, уый, уæд иууылдæр кæуын райдыдтой.
Дзукъаты мыггаг та, куыд Дзугатимæ хæстæг, скодтой хист, кусæрттагæн æрбаластой гал сыхаг Али-Юртæй æмæ йæ аргæвстой Дзукъаты Дзебæйы кæрты.
Сталин хуымæтæг адæмты зæрдæты куыд стыр бынат ахста (æмæ ахсы абон дæр!), уымæн æвдисæн – иу ахæм цау. Толдзгуыны хъæуккаг Будайты Æриганы чызг Розæ бирæ азты дæргъы æнæзæрдæхудт куыст фæкодта нæ республикæйы рæуджыты низты рынчындоны хистæр медицинон хойæ. 1953 азы ма уыдис хæрзчысыл саби, фæлæ зноны хуызæн хъуыды кæны: «Рагуалдзæджы уымæл райсом уыди. Нæ фыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Будайты Æриган цыдæртæ куыста кæрты. Стæй хæдзармæ æрбахызт, йæ цæсгом уыди тынг æнкъард. Нæ мад Иринæ йæ афарста, цы кæныс, исты дæ риссы, зæгъгæ. Фыд исдуг ницы дзырдта, стæй куы скæуид: «Зæронд… зæронд амарди…» Мад фæтарсти: «Чи амарди, а хъæуккаг у?» «Сталин амарди, нал ис…» – кæугæйæ, сдзырдта фыд. Мах иууылдæр ныхъхъус стæм, æмбæрстам – стыр зиан æрцыди…»
Хуыцау, æвæццæгæн, алы адæмæн дæр бахъуыды заман ратты, сæ цард кæй бар бакæной, фæхæцæн, хъахъхъæнæг сын чи уа, ахæм адæймаджы. Уыцы егъау, фæлæ кадджын хæс йæ рæстæджы æрхаудта Дзугаты Бесойы фырт Иосифмæ дæр.
Æрмæг бацæттæ кодта
Хæмыцаты Морис














