Республикæйы Президент Гаглойты Алан радон хатт бабæрæг кодта сæрмагонд æфсæддон операци æххæсткæнынады тæлм.
Гаглойы-фыртимæ балцы ацыдыс-ты республикæйы Хъахъхъæнынады паддзахадон службæйы хицау Коцты Андрей, хъахъхъæнынады министры хæдивæг Сæбанты Инал, Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдары хæдивæг Туаты Алыксандр, Мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд нысаниуæджы пъæлицæйы къорды командæгæнæг Гæбæраты Алим, стæй Президенты минæвæрттæ амынд тæлмы Плиты Алан æмæ Цоциты Сæрмæт.
Æфсæддонтæ æрвылбон кæмæй пайда кæндзысты, бæлццæттæ сæм ахæм хъæугæ гуманитарон æххуыс бахæццæ кодтой.
Æфсæддон службæгæнджытæн, бынаты сæм байхъусгæйæ, бæрнон адæймæгтæ зæрдæ бавæрдтой сæ фæндæттæ æмæ курдиæттæ сын баххæст кæнынæй. Æфсæддонтимæ ныхас кæнгæйæ, Гаглойы-фырт загъта: «Ирыстон æмæ Уæрæсе чи хъахъхъæны, уыцы адæмæй сæрыстыр стæм. Уæ хæдзæрттыл æнæнизæй уæлахизимæ кæй сæмбæлдзыстут, ууыл зæрдæ дарæм. Уæ хæслæвæрдтæ куыд æххæст кæндзыстут, уымæй нæ иумæйаг фидæн аразгæ у. Хуссар Ирыстон лæууы æмæ лæудзæн нæ иумæйаг Райгуырæн бæстæ Уæрæсейы Федерацийы фарс. Кæй фæуæлахиз уыдзыстæм, ууыл дызæрдыг нæ кæнæм».
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытимæ иудадзыгон бастдзинад даргæйæ, Хуссар Ирыстоны Президент сын сæ курдиæттæ æмæ фæдзæхстытæ баххæст кæны. Паддзахады разамонæг æфсæддон службæгæнджыты æдас-дзинад æмæ фæрныгады фарстытæм стыр æргом здахы.
Хæслæвæрдтæ æнтыстджынæй баххæст кæныны тыххæй Гаглойы-фырт къорд æфсæддоны схорзæхджын кодта «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн» æмæ «Сабырдзинады сæраппонд æфсæддон фæллойы тыххæй» майдантæй.
Босыкты Наталья














