Æхсæнадон фæтк хъахъхъæныны сæраппонд

0
104

«Росгварди»-йы сæрмагонд дæлхайад – Æнæведомствæйон хъахъхъæнынады службæйы цæгатирыстойнаг управленийы цы уæрæх æмбырд уыд, уым хыгъд æрцыдысты 2025 азы куысты бæрæггæнæнтæ.

Управленийы разамонæг, пъæлицæйы булкъон Белеккаты Аслан йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй дæлхайады службæгæнджытæ афæдзы дæргъы бæрнонæй æххæст кодтой сæ вазыгджын хæстæ, ахсджиаг паддзахадон объекттæ æмæ регионы цæрджыты æдасдзинад бахъахъхъæнынæн арæзтой æппæт æмбæлгæ мадзæлттæ дæр.

Службæйы хæстæ æххæст кæнгæйæ, управленийы кусджытæ сæ бæрны уæвæг объекттыл рабæрæг кодтой алыхуызон æгъдаухæлдтыты фæлтæрæнтæ дæр – ахæм цаутæ сæдæйæ фæфылдæр сты. Алкæцы æгъдаухалæджы хъысмæт дæр бакодтой мидхъуыддæгты оргæнты минæвæртты къухы. Уыимæ, æгъдаухалджыты ’хсæн разынд, федералон агуырды кæй расидтысты, ахæм цалдæр адæймаджы дæр.

Управленийы архайды зынгæ бынат ахсы дзыллон бынæтты, стæй адæм бирæгæйттæй кæм æрæмбырд вæййынц, ахæм мадзæлтты рæстæг æхсæнадон фæтк хъахъхъæныны хæс дæр. Афæдзы дæргъы управленийы 750 службæгæнæгæй фылдæр сæ цæст дардтой дзыллон мадзæлтты фæткмæ (кæй зæгъын æй хъæуы, хæстæгдæр бонты, стæй ногазон каникулты рæстæг дæр службæйы кусджытæ рад хæсдзысты горæты цæрджыты фæлладуадзæн-хиирхæфсæн тæлмыты дæр).

Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой фидæн азы архайды фыццаградон нысантыл дæр.

Уый тыххæй фехъусын кодта Æнæведомствæйон хъахъхъæнынады управленийы пресс-службæ.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here