Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, сæрды сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы уæвгæйæ, бахаста фæндон Ирыстоны æбæрæгæй фесæфæг хæс-тонты центр байгом кæнын. Раздæр агурæг къорд «Своих не бросаем» уыцы куыст кодта дæрддзæфмæ.
Дыууæ мæйæ чысыл фылдæр рацыд центры байгомыл. Сæрмагонд æфсæддон операцийы æбæрæгæй фесæфæг хæстонты хъысмæт базонынмæ ардæм цæуынц, фыссынц, дзурынц Уæрæсейы иннæ регионтæй дæр. Агурæн куыст чи кæны, уыцы 45 адæймагæй 14 сты операцийы архайджытæ.
– Центр куы байгом, уæд нæм бирæ адæм цыд, нырбонмæ – фондз-æхсæз. Уæрæсейы регионтимæ дæрд-дзæфмæ куыст дæр нæ ныууагътам, операцийы райдайæнæй йæ æххæст кæнæм. Раст нæ уыдаид, цыппар азы семæ фæкус, æмæ ныр центр куы байгом, уæд сæ ныууадз. Æбæрæгæй фесæфæг хæстонтæн сæ фæндзай проценты ссардтам. Агурыны хъуыддаджы бирæ аразгæ у Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады ‘ххуысæй, – бамбарын кодта центры разамонæг, хæстон уацхæссæг Арзу Мамедова.
Сæ куыст уæззау у, психологон уагæй алчи нæ бафæраздзæн. Æппæтæй зындæр, зæгъы, у хæстоны бинонтæн йæ мæлæты хабар фехъусын кæнын.
Центры кусджытæн ис бастдзинад сæ бинонтимæ, сахуыр сыл вæййынц. Æрвылбон сæм цæуынц, ныфс сæ вæййы, кæй сæ ссар-дзысты, сæ хæстонæй хабар куынæуал фæхъуысы, уæд. Фæлæ, рæстæг куыд цæуы, афтæ уыцы ныфс дæр мынæг кæнын райдайы сæ зæрдæты.
Нæ фембæлды бон ссардтой хæрз æрыгон лæппуйы.Йæ хиуæттæн æй куыд зæгъон – уыцы хъуыды Арзуйæн нæ цух кодта нæ бацыдмæ йæ сæрæй…
Цыппар азы бархийæ кæны хæстонты агурыны куыст æрыгон сылгоймаг, сæрды йын республикæйы Сæргълæууæг, сæрмагонд хæстон операцийы уæвгæйæ, куы фехъусын кодта центр саразыны хъуыды, уæд æмбæрста, зын, фæлæ æнæргъæвгæ хъæугæ
хъуыддаг кæй у, æмæ сразы. Ныр Запорожьейы «Алани»-йы батальоны нысан кæнынц йæ дæлхайад байгом кæнын, уæд хæстон командирты фæрцы æнцондæр уыдзæн Уæрæсейы Хъахъхъæнынады минист-радæй информаци исын, стæй æфсæддон хæйттимæ бастдзинад дарын. Уый фæдыл пресс-конференцийы рæстæг комкоммæ эфиры фехъусын кодта Сергей Меняйло. Зынгæ бафтыд волонтерты нымæцыл, кæмдæриддæр се ‘ххуыс бахъæуы, уым фæсте нæ лæууынц.
– Нæ волонтертæй дыууæйæ фæмард сты знаджы нæмыгæй… Челæхсаты Рустам Сунжæйæ æмæ Туаты Хетæг Æрыдонæй… Фыццаг бонтæй фæстæмæ уыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы. Афæдз æмæ ‘рдæг сæ сыджытыл сæмбæлын кæнынæн фадат нæй… Рустам цæфæй дæр госпитæлæй йæ куыст нæ ныууагъта, йе ‘фсымæр Геннади дæр фæмард хæсты быдыры, сластой йæ æмæ йæ бавæрдтой. Æцæг патриоттæ уыдысты Рустам æмæ Хетæг… Тæссаг рæтты хæцыдысты, фæлæ нæ уыд ныфс, сæрæгасæй кæй сыздæхдзысты. Ирыстонæй сæ фæллад суадзыны фæстæ куы здæхтысты хæсты быдырмæ, уæд сæ нæхæдæг афæндараст кодтам. Сæхæдæг зын уавæры уæвгæйæ, æххуыс кодтой иннæтæн дæр… Нал уæндын уыцы рæттæм искæйы æрвитын, мæ хъуыдытæ æдзух семæ сты. Рустам æстдæсаздзыд хæстоны мард авд километры йæхиуыл фæхаста хæсты быдырæй, йæ мадмæ йæ фæхæццæ кæнон, зæгъгæ. Йæхæдæг цæф уыд, бахауд госпитæлмæ. Хетæджы нын фæдзæхста, исты мыл куы æрцæуа, уæд мын мæ мадæн фатер балхæнут. Йæ ныййарæг æмдзæрæны цæры, лæппуйы зæрдæ йæм дзырдта, кæдæм цæуы, уырдыгæй тынг зын кæй уыдзæн фæстæмæ раздæхын… Йæ фæстагдæр ныхас уыд, «нал мæ фен-дзыстут». Сæ мæлæты фæстæ дæргъвæтин рæстæг мæ бон нал уыд фынæй кæнын, мæхæдæг дæр ацыдтæн сæрмагонд æфсæддон операцимæ. Мæй, дыууæ мæйы-иу дзы фæдæн уый размæ, фæстагмæ, мацæ-уыл хъуыды кæнон, зæгъгæ, дзы баззадтæн. Иуцасдæр мæ дохтырты æххуыс дæр бахъуыд, фæлæ мæм адæм дзырдтой алырдыгæй, æмæ тæригъæд сты, зæгъгæ, дыууæ къуырийы фæстæ рацыдтæн рынчындонæй æмæ мæ куыст дарддæр ахæццæ кодтон, – зæгъы Арзу.
Центры кусджытæй алкæйы хъысмæт дæр баст у сæрмагонд æфсæддон операциимæ. Сæ алкæмæй дæр фæхъуыдысты, кæмæн – йæ мой, кæмæн – йæ хæрз хæстæджытæ. Цы зындзинæдты сæрты ахызтысты, уымæй сæ ныфс нæ асаст, иумæйагæй кусынц арфæйаг хъуыддагыл – зæрдæрыст ныййарджытæн агурынц сæ хæстонты, архайынц сæ хъысмæт сбæрæг кæныныл. Куысты уæззаудæр уаргъ йæхимæ райсы Арзу йæхæдæг, уыдон нырма ахуыр не сты, зæгъгæ. Амоны сын, семæ ныхас кæны, цæмæй сæ психикæ ма фæцуда.
– Абон дæр та райстам информаци цалдæр хæстоны тыххæй, сæ бинонтæй бирæтæ чи йæ зæрдæйæ хъæрзы, чи уæззæу рынчын у… Хъуыды кæнын, куыд сын æй фæхъусын кæнон, ууыл… Нæ центры кусы æртæ психолоджы, кæй бахъæуы, уыдоны фенынц сæ кусæн бынæтты, лæвар. Хъыгагæн, нæ фадæттæ къуындæг сты æмæ нæ амонынц центры уыцы куыст кæнын. Дæрд-дзæфмæ дæр кусынц психологтæ, æмæ куы бахъæуы, уæд цæттæ сты баххуыс кæнынмæ.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ, къамтæ систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА














