Фыдгæнджыты ныхмæ æнауæрдон тох

0
87

Уæрæсейы Федерацийы Слестгæнæг комитеты сарæзтыл  сæххæст фынддæс азы. Сæ юбилейы агъоммæ сæмбæлдыстæм Уæрæсейы амынд комитеты Цæгат Ирыстоны слестгæнæн управленийы цæстдарæн хайады разамонæг, юстицийы майор Денис Алыксандры фырт Юдинимæ.

– Денис, уæ ведомст-вæйыл сæххæст фынддæс азы. Йæ сарæзты историимæ нæ газеткæсджыты цыбырæй нæ базонгæ кæнис?

– Раст зæгъыс, ацы аз 15 январы фынддæс азы сæххæст, Уæрæсейы слестгæнæг комитет арæзт куы ’рцыд, уыцы боныл. Уæрæсейы слестгæнæг ведомствæ саразыны хъуыды фæзынд фыццаг хатт Петр I-мæ. Тæрхонадон реформæты рæстæг æххæстгонд æрцыд, æндæр паддзахадон хицауады оргæнтæм ницы бар даргæйæ, хæдбар организацион æмæ  функционалон оргæн. Йæ сæйраг фæндæгтæй иу ссис тæрхондоны равзæрстытæ æмæ рагагъоммæйы фæдæвзарæнты агъоммæ уголовон процесс рахицæн кæнын.

Петроваг æнæведомствон слестгæнæн организацийы хуыз æххæстгонд æрцыд 2011 азы 15 январы, уæд йæ тыхы бацыд 2010 азы 28 декабры Федералон закъон «Уæрæсейы Федерацийы Слестгæнæг комитеты тыххæй». Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæйы системæйæ слестгæнæг комитет хицæнæй куы куса, уæд прокуратурæйы оргæнтæн слестгæнæг оргæнтимæ сæ архайд фæтыхджындæр уыдзæн, уый феххуыс уыдзæн слест раст уагыл саразынæн æмæ уымæй фадат ратдзæн уголовон тæрхоны хъуыддагæн закъондзинад æмæ граждæнты конституцион бартæ æнæмæнг æххæст кæнынæн.

Социалон-экономикон рацарæзтыты ахсджиаг рæстæг Уæрæсейы Слестгæнæг комитет бæстæйы барадхъахъхъæнæг сис-темæйы у æппæты ахсджиагдæр цæг, сæрæнæй æххæст кæны  бæрнон хæстæ фыдракæндты ныхмæ æмæ граждæнты интерестæ æмæ бартæ хъахъхъæныны хъуыддаджы.

Фыдракæндтæн мах сæ ныхмæ æвæрæм  рæстдзинадыл æууæнк, æмæ, цы фыдракæнд сарæзтой, уый тыххæй æнæмæнг æфхæрд.

Æнтыстджынæй цы хæс-тæ æххæст кæнæм, уыдоны ’хсæн ахсджиагдæр уыдысты æмæ ныр дæр сты экономикон фыдракæндтæ  æмæ коррупцийы ныхмæ тох, сывæллæтты бартæ хъахъхъæнын, экстремизм æмæ терроризмы ныхмæ архайды мадзæлттæ, сæрæн  куыст кæнæм граждæнты курдиæттимæ. Иудадзыгдæр нæ хъус дарæм граждæнты фæллойадон бартæ хъахъхъæнынмæ.

– Уæхимæ гæсгæ куыд аргъ кæнут ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæн?

– 2025 азы нæ управлени бакодта зынгæ куыст. Нæ управленийы слестгæнджытæм уыдис 1221 уголовон хъуыддаджы, уыдонæй тæрхондæттæм арвыстам 320.

Слесты рагагъоммæйы рæстæг фыдракæндтæй паддзахад  æмæ æфхæрды бахауæг адæмыл цы зиантæ æрцыд, уыдон æххæстгонд æрцыдысты 380
милуан сомæй фылдæрæй, ахст æвæрд æрцыд  исбонадыл 700 милуан  сомæй фылдæрыл.

– Сымахмæ гæсгæ уыцы равзæрст хъуыддæгтæй æппæты зындæр кæцытæ уыдысты?

– Слесты алы хъуыддагыл дæр бирæ тухæн, бирæ куыст ис, фæлæ нæй ахæм
фыдракæнд, базонæн кæмæн нæ уа. Цыфæнды фыдракæнд раргом кæныныл дæр мах кусæм, нæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ, стыр бæрнондзинад æнкъаргæйæ. Уыдæтты фæрцы, стæй нæм граждæнтæй цы курдиæттæ æрбацæуы, уыдоныл æвæстиатæй, сæ уæлвæд кæй бакусæм, мидхъуыддæгты æмæ æдасдзинады службæйы оперативон дæлхайæдтимæ æмархайд кæй кæнæм, уый руаджы ивгъуыд аз нæ бон бацис лæгмæрдтæ раргом кæнын, барæй æнæниздзинадæн уæззау бæллæхтæ саразыны æмæ уыдонæй йæ мæлæт æрцæуыны, тыхми бакæныны цаутæ раргом кæнын сæххæст кодтам 100 процентæй.

Мах æнтыстджынæй раргом кодтам уголовон хъуыддæгтæ, зæгъæм, раздæры тæрхонгæнæджы тыххæй.

Дзæуджыхъæуы 2020 азы уыд районы тæрхонгæнæг, уый æвзæрста бынæттон цæрæджы цæстфæлдахæн миты тыххæй уголовон хъуыддаг. Йæ кусæн уаты уый нæлгоймагæн фехъусын кодта, 150 мин сомы йын куы ‘рбахæсса, уæд ын йæ æфхæрд кæй сараздзæн дзырдæй, куы нæ æрбахæсса æхца, уæд та йæ фæндаг ацæудзæн ахæстонмæ. 2020 азы августы тæрхонгæнæг райста дæлтæрхон адæймагæй æдасдзинады службæйы оперативон кусджыты цæстдардимæ 150 мин сомы. Уыцы аз декабры гæртам-исæгæн тæрхонгонд  æрцыд 7,5 азы ахæстоны зындæр уавæрты фæбадын, стæй 4 милуан æмæ 500 мин сомы та – ивар бафидыны тæрхон.

Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады Дзæуджыхъæуы слестгæнæн управленийы фæндæгтыл æдасæй цæуыны æмæ транспортæй пайда кæныны ныхмæ
фыдракæндты хайады раздæры слестгæнæг аххосджын æрцыд цæстфæлдахæн æмæ гæртам райсыны тыххæй.

Дзæуджыхъæуы 2022 азы августы нæлгоймаг йæ машинæйæ скъуырдта сылгоймаджы. Уыцы хъуыддаг равзарын бахæс кодтой, уæд ма слестгæнæг чи уыд, уымæн. Сылгоймаг рынчындонмæ бахаудта, æмæ йын уым скодтой æппæт дзæбæхгæнæн мадзæлттæ. 2022 азы 13 августæй сентябрмæ  слестгæнæг йæ кусæн уаты æрдомдта фæндаггон фыдбылызы аххосджынæй 350 мин сомы, цæмæй уголовон хъуыддаг ма байгом кæна, уый тыххæй. Фæстæдæр, 2022 азы, октябры уый райста гæртам 350 мин сомы, æмæ йыл æдасдзинады  службæйы кусджытæ æрхæцыдысты. Тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ гæртамисæг ахæстоны æппæты зындæр уавæрты фæбаддзæн 7 азы.

­– Ивгъуыд азты цы фыдракæндтæ æрцыд, уыдон раргом кæныны
хъуыддаг та уæм цы уавæры ис?

– Слестгæнæг комитет арæзт куы ’рцыд, уæдæй фæстæмæ йæ архайды ахсджиагдæр хъуыддæгтæй иу у ивгъуыд азты фыдракæндтæ раргом кæнын. Мах иудадзыг дæр кусæм уыцы хъуыддагыл, бирæ азты цы  лæгмæрдтæ, тыхмитæ æмæ æндæр уæззау æмæ тынг уæззау фыдракæндтæ æрцыд, уыдон раргом кæнын у нæ сæйраг нысан. Цы фыдракæндтæ нæ раргом вæййынц, уыдонæй алкæцыдæр  райгурын кæны ног фыдракæнд. Æмæ, бæллæхыл цасфæнды рæстæг куы рацæуа, уæддæр мах хъуамæ ссарæм аххосджыны. Барадхъахъхъæнæг иннæ оргæнтимæ архайгæйæ, 2025 азы ивгъуыд рæстæджы 15 фыдракæндтæй сбæрæг кодтам аххосджынты, сæ иу хай лæвæрд æрцыд тæрхондонмæ. Слестгæнæг комитет арæзт куы ’рцыд, уæдæй фæстæмæ раргом кодтой, 1992-2025 азты цы фыдракæндтæ æрцыд, уыдонæй дыууæсæдæйæ фылдæр.

– Ныртæккæ уæ комитеты слестгæнджытæм цавæр техникон гæнæнтæ ис?

– Азæй азмæ фыдракæндтæ кæнынц фæлтæрддæр, фыдгæнджытæ та – дæсныдæр сæ фæдтæ æмбæхсынмæ. Уымæ гæсгæ, Уæрæсейы Слестгæнæг комитеты централон аппараты иудадзыг æххуысæй фыдракæндтæ раргом кæнынæн пайдагонд цæуы ног
мадзæлттæй, бæрзонд сæрмагонд технологон æмæ раззагдæр криминалистон техникæйæ. Уыдон фадат дæттынц зæхх кæнæ бетоны бын адæймаджы мард кæнæ исты дзауматæ ссарынæн. Криминалистон хайадмæ ис ахæм фæрæзтæ, æмæ сæ фæрцы сбæрæг кæнæн ис цыфæнды ахсджиаг техникон фæрæзтæ дæр – видеокамерæ, дзыппыдаргæ телефонтæ. Кусджытæн арæзт цæуы ахуыртæ, цæмæй дæсны архайой ног техникæимæ. Фæстаг рæстæг фыдгæнджытæ пайда кæнынц дæсны арæзт информацион технологитæй. Уголовон хъуыддæгтæ æргомгæнгæйæ, махмæ арæх æрбахауынц алыхуызон электрон фæрæзтæ, уыдонимæ – телефонтæ, смортфонтæ, планшеттæ, ноутбуктæ. Слесты хъуыддаджы уыдоны информаци вæййы тынг ахсджиаг. Уымæ гæсгæ, слестгæнгæйæ, арæх архайæм аппаратон æмæ программон комплекстæй, уыдон нын æххуыс кæнынц информаци фылдæр райсынæн, ахсджиаг æвдисæнтæ сбæрæг кæнынæн.

– Коррупцийы ныхмæ та куыд аразут уæ архайд?

– Ахæм фыдракæндтæ раргом кæныны зындзинад уый мидæг ис, æмæ уыдон æдзухдæр арæзт цæуынц æнæ æвдисæнтæй æхгæд дуæртты мидæг. Æз фидарæй афтæ хъуыды кæнын æмæ хицаудзинады оргæнтæ æмæ коррупцийæн иумæ уæвæн нæй.

Паддзахад уыцы бæллæхæй куы фæхъæстæ уа, уæд низджын организмау нæу йæ бон цæрын æмæ рæзын. Закъон алкæмæн дæр хъуамæ уа æмхуызон, никæмæн ис бар, служебон уавæрæй пайда кæнгæйæ, фыдракæндæй хи хъæздыг кæнынæн. Фарон коррупцион æрмæджытæм гæсгæ раргом кодтой 248 уголовон хъуыддаджы, тæрхондонмæ дзы барвыстам 66, бынаты кусджытæй 80 баййæфтой æфхæрд.

– Фæстаг рæстæг арæхдæр хъусæм дзырдтæ «терроризм» æмæ «экстремизм», дæумæ гæсгæ куыд тох кæнын хъæуы уыцы бæллæхтимæ?

– Уæрæсейы Федерацийы Цæгат Кавказы регионы рæзты уавæрыл æвзæрæрдæм зыны алыхуызон фæсарæйнаг террористон æмæ экстремистон организацитæ æмæ къордты эмиссарты архайд. Террористон актæй тæссаг у абон дæр, æмæ уыцы бæллæхтимæ тох кæнын хъæуы æмхуызонæй бæстæйы барадхъахъхъæнджыты æппæт регионты дæр. Слестгæнæн управленийы иудадзыджы бындурыл кусы ведомствæты ’хсæн æмархайд барадхъахъхъæнæг оргæнтимæ, хицауады оргæнтæ æмæ республикæйы разамындимæ, æхсæнадон æмæ барадхъахъхъæнæг организацитимæ. Уыимæ, слестгæнæн управлени æрвылбон йæ цæст дары, мыхуыры фæрæзты хъусинæгты террористон æмæ экстремистон здæхт цы фыдракæнды фæзыны, уыдонмæ, закъонхæлдтытæм æмæ аразы æвæстиат хъæугæ мадзæлттæ.

– Слестгæнæн управлени цæрджытимæ æмгуыст кæныныл куыд архайы?

– Дзыллон мыхуыры фæрæзты фæрцы цас арæхдæр хъусын кæнæм, лæгмартæ æмæ коррупционертæ, тыхгæнджытæ æмæ гæртамхортæ æфхæрд баййæфтой, зæгъгæ, уый бæрц æхсæнады ’хсæн фидардæр кæны барадон зондахаст. Фыдгæнæг хъуамæ зона, фыдбылыз куы сараза, уæд æнæмæнг кæй баййафдзæн æфхæрд.

Граждæнты курдиæттæ хуыздæр æххæст кæныны тыххæй интернеты нæ официалон сайты сарæзтам хайад «Интернет-приемная» социалон хыз «ВКонтакте»-йы. Слестгæнæн управленийы къорд исы граждæнты курдиæттæ, æрвылбон кусы «Телефон доверия» (8 (8672) 53-92-64, телефон «Остановим коррупцию» (8 (8672) 54-16-93) æмæ телефон фембæлынæн, стæй æвæстиаты æххуыс хъусынгæнинагæн бизнес хъыгдарыны тыххæй (8 (8672) 56-33-03).

Æппæт уыдæттæ дæттынц слестгæнæн управленийы кусджыты æргомдзинад граждæнтæн, сæ бартæ сын фыдгæнджытæй бахъахъхъæнынæн. Мах дарддæр дæр нæ куыст араздзыстæм уыцы фæндагыл.

 

Ныхас ныффыста
Касаты Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here