«Беслæн. 1-æм скъола»: равдысты дыккаг къæпхæн

0
93

РЦИ-Аланийы премьер-министр ДЗАНАЙТЫ Барисы разамындæй Хицауады хæдзары цы æмбырд сарæзтæуыд, уым ныхас рауад дунеон культурон-патриотон центр «Беслæн. 1-æм скъола»-йы экспозициты дыккаг хай саразыныл. Зындгонд куыд у, афтæмæй музейон экспозицийы фыццаг къæпхæн ныридæгæн байгом кодтой, хæстæгдæр рæстæг та специалисттæ хъуамæ бавналой нысангонд куыстыты дыккаг хаймæ.

Фембæлды архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ, респуб-ликæйы культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз, Рахизфарсы районы муниципалон сконды сæргълæууæг Мырыкаты Хъазыбег, дунеон культурон-патриотон центр «Беслæн. 1-æм скъола»-йы разамонæг Сохиты Ларисæ æмæ подрядон организациты минæвæрттæ.

Дзанайты Барис профилон ведомствæты разамонджыты зæрдыл æрлæууын кодта, мемориалон центры куыст рапарахат кæнын цас ахсджиаг у, уый. Амынд центр саразыныл бæстон ныхас рауад Президент Владимир Путин æмæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы кусæг фембæлдтытæй иуы. Уæд Президенты амынддзинадмæ гæсгæ, проект æххæст кæнынæн федералон бюджетæй лæвæрд æрцыд 250 милуан сомы. Проекты сæйрагдæр нысантæ сты 2004 азы 1-3 сентября фыдбæллæхы тыххæй хабæрттæ зæрдыл дарын, ахæм æвирхъау цаутæ ма ’руадзыны нысанимæ профилактикон æмæ
рухстауæн куыст кæнын.

Фыццаг къæпхæны куыстытæ куыд æххæстгонд æрцыдысты, уый тыххæй уыд йæ раныхас Гуыдиаты Батрадзæн. Министры ныхасмæ гæсгæ, ныридæгæн фæлгонцгонд æрцыдысты центры алфамбылай фæзуат æмæ йæ бахизæнтæ, цæттæ сты специалистты кусæн кабинеттæ æмæ бирæкъабазджын зал, байгом сты цалдæр тематикон экспозицийы…

Куыстыты дыккаг къæпхæны пълан ныридæгæн цæттæ у. Подрядчиктæ адарддæр кæндзысты центры дæлхайæдты фæлгонцадон куыстытæ æмæ экспозициты æрмæджытæ бабæстон кæндзысты. Уыимæ, равдыстыты залтæ сифтонг кæндзысты интерактивон-мультимедион техникæйæ.

Æмбырды архайджытæ фæбæлвырд кодтой проекты уагæвæрдтæ æмæ нысангонд куыстыты фæтк. Уыимæ, сæрмагонд цæстдард уыдзæн, куыстытæ цас афойнадыл æмæ æмбæлгæ хæрзхъæддзинадимæ бакæндзысты, уымæ.

– Центры экспозициты фыццаг хай цæттæ у. Ныртæккæ та сæйрагдæр у нысангонд куыстыты дыккаг къæпхæнмæ хæстæгдæр рæстæг бавналын. Центры ахадындзинад хынцгæйæ, æппæт мадзæлттæ дæр хъуамæ æххæстгонд цæуой æппæты бæрзонддæр æмвæзадыл. Профилон ведомствæтæй курæг дæн, цæмæй лæмбынæг кæсой объекты уавæрмæ, – фембæлдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, бафиппайдта Дзанайты Барис.

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here