Æрхатыд Уæрæсейы Президентмæ

0
73

Уæрæсейы Президенты Информацион æмæ докуметтæй ифтонгады управленийы разамонæг Антон Федоров фембæлд, тыхстаг фарстытимæ æрхатæг уæрæсейаг граждæнтимæ. Уыцы фембæлды видео-бастдзинады руаджы архайдта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Атарты Георги.

Бæстæйы разамонæгмæ æрхатыд Дзæуджыхъæуы цæрæг Сланты Роберт. Йæ курдиат баст уыд, Тургеневы уынджы (инæлар Плийы-фырты уынгæй Гæдиайы-фырты уынджы онг) фæндаг сцалцæг кæнынимæ. Атарты Георги куыд бамбарын кодта, афтæмæй фæндаг ныридæгæн хаст æрцыд, 2026 азы кæмæ бавналдзысты, уыцы регионалон программæ «Дзæуджыхъæуы транспортон инфраструктурæйы рæзт»-мæ.

Атары-фырты ныхасмæ гæсгæ, сæ зæрды ис, фæндаджы уæлцъар баивын, хæдзæрттæм базилæнтæ, тротуартæ саразын, зæронд бордюртæ баивын, йе ‘нæниздзинады авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, уыдонæн пандустæ саразын. Объект сцæттæ уыдзæн ацы аз декабры.

Антон Федоров куыд бафиппайдта, афтæмæй Уæрæсейы Президентмæ æрхатæг адæймаджы курдиат æххæстгонд кæй æрцæудзæн, уый йæ уырны.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг
æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here