Æвзаджы рæзт æмæ фидæны нысантæ

0
86

РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйæн медицинон академийы æмбырдтæаразæн залы уыдис фембæлд нæ республикæйы журналисттимæ. Уæрæх пресс-конференцийы дыууæ сахатæй фылдæр министр дзуаппытæ лæвæрдта фæрстытæн. Æмбырды райдайæн министр РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы Арфæйы гæххæттæй схорзæхджын кодта Цæгат Ирыстоны медицинон академийы ректор Олег Ремизовы.

Ректор бузныджы ныхæстæ загъта пресс-конференцийы архайджытæн æмæ радзырдта, институтыл кæй сæххæст 115 азы, ахуыр та дзы кæны фæсивæд 35 фæсарæйнаг бæстæйæ æмæ 42 уæрæсейаг регионæй.

Ныхас цыдис ирон æвзаджы рæзт, ивгъуыд азы æнтыстджын бæрæггæнæнтæ æмæ фидæны нысантыл. Мадæлон æвзаджы урокты сахæттæ абон скъолаты фæкъаддæр сты, зæгъгæ, ацы фарстайы фæдыл министр загъта:

– Иунæг сахат дæр ирон æвзаджы уроктæ скъолаты нæ фæкъаддæр сты. Фæлæ ис лыггæнинаг хъуыддæгтæ ирон æвзаджы ахуырадон программæйы. 30 азы цы ахуыргæнæн чингуытæй пайда кодтам, уыдоны бирæ рæдыдтытæ разындис. Ныр бацæттæ кодтам ног чингуытæ ирон æвзаг ахуыр кæнынæн, чи зоны æмæ нæ зоны, уыцы сывæллæттæн, чингуыты программæ ацыд федералон экспертизæ, æмæ цæттæ сты мыхуыры рауадзынмæ. Мадæлон æвзаг кæд раздæр азты, æнæмæнг, ахуыр кæныны предметыл нымад цыдис фыццаг къласæй, уæд абон та æвзаг ахуыр кæнынц 115 рæвдауæндоны, ахуыртæ цæуынц ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Ацы аз ма рæвдауæндæттæм баласдзыстæм, иронау чи дзуры, ахæм хъазæнтæ дæр, ифтонггонд цæуынц æппæты хуыздæр авторты ирон æвзагыл фыст чингуытæй. Æвдисынц сын мульткинонывтæ дæр иронмæ тæлмацгондæй. Мæнмæ гæсгæ, цыфæнды мадзæлттыл дæр Ахуырады министрад куы архайа, уæддæр æвзаджы хъысмæт бинонты астæу ис. Ныййарджытæ куы нæ дзурой сæ сывæллæттæм иронау, уæд сын рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ æмæ скъолайы ахуыргæнджытæ цы акæной? Ирон æвзаджы ахуыргæнæг канд ахуыргæнæг нæу, фæлæ ма традицитæ æмæ культурæ хъахъхъæнæг дæр. Алкæмæй дæр нæ бирæ аразгæ у æвзаджы рæзты хъуыддаг,– загъта Алыбегты Эллæ.

Канд ирон æвзаджы нæ, фæлæ нæ фаг кæны нæ республикæйы скъолаты ахуыргæнджытæ æппæт предметтæй дæр. Министр куыд дзырдта, афтæмæй йæхæдæг æрыгон ахуыргæнджытимæ ныхас дæр фæкæны, фæфæнды йæ зонын, цæуылнæ цæуынц кусынмæ скъолатæм, æмæ сæ дзуапп вæййы – чысыл мызды аххос æмæ сывæллæтты къæйных хи дарыны фæтк. Рæзгæ фæлтæр æмæ ахуыргæнджыты астæу хъуамæ бæрæг бæлвырд арæн уа. Цæмæй скъоладзауты хи дарыны уаг хуыздæр уавæры æмвæзадмæ схиза, уый тыххæй та саразын хъæуы æндæр мадзæлттæ, раздæр советон цардарæзты куыд уыдис, афтæ сæрмагонд бæрæггæнæн æвæрын скъоладзауæн йæхи дарыны тыххæй. Алыбегты Эллæ фæнысан кодта уый дæр æмæ, ивгъуыд аз программæ «Земский учитель»-ы бындурыл 13 ахуыргæнæджы кусынмæ ацыдысты Цæгат Ирыстоны алы районты фæсвæд хъæутæ æмæ хæххон районтæм. Ацы проект æххæстгонд цæудзæн ацы аз дæр.

Министр радзырдта, ивгъуыд аз цы бирæ æнтыстджын хъуыддæгтæ саразын бафтыд сæ къухы, уыдон дарддæр дæр æххæстгонд кæй цæудзысты федералон программæтæ æмæ национ проектты фæрцы.

Ацы аз 20 хъæууон æмæ 20 горæтаг рæвдауæндоны райсдзысты нæ республикæйы Сæргълæууæджы гранттæ. Уыцы нысантæн дихгонд æрцæудзæн 20 милуан сомы æхца бындурон цалцæджы куыстытæн. Дарддæр арæзт цæудзысты ног скъолатæ æмæ æндæр ахуырадон объекттæ. Министрмæ раттой ахæм фарст, ома, бирæ скъолаты фаг æргом здæхт нæ цæуы музыкæ æмæ ныв кæныны предметтæм, æмæ уый куыд раст у, зæгъгæ. Уый тыххæй та министр ахæм дзуапп радта:

– Музыкæ æмæ ныв кæныны предметтæ сывæллоны раст хъомылад æмæ уды рæзтæн ахсджиаг æмæ хъæугæ сты, куыд иннæ предметтæ, афтæ. Хъыгагæн, сæм биноныг ахастдзинад кæй нæй, уыцы рæдыд мах нæхимæ фæнысан кæндзыстæм æмæ хæстæгдæр рæстæг бакусдзыстæм уавæр банывыл кæныны мадзæлттыл,– дзырдта дарддæр министр.

Æмбырды ныхас цыдис дзыппыдаргæ чырæг телефонтыл дæр. Сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ы редактор Сæлбиты Дианæйы цалдæр ныййарæджы фарстой, сæ сывæллæтты телефонтæ сын ахуыргæнджытæ кæй райсынц, уый тыххæй. Алыбегты Эллæ загъта, ома, телефон сывæллоны скъолайы ницæмæн хъæуы. Алы ныййарæг дæр дарæд бастдзинад къласы разамонæгимæ æмæ афтæмæй зондзæн йæ сывæллоны хабæрттæ. Кæнгæ интеллекты фæдыл дæр раттой фарст министрмæ, скъолаты «искусственный интеллект» саразыны мадзал ахъаз уыдзæн сывæллæтты ахуырадæн æви æппæрццæг уавæр сæвзæрын кæндзæн. Алыбегты Эллæ æргом загъта йæ хъуыды, ахуыргæнæджы амынддзинæдтæ æмæ куыст ницавæр кæнгæ интеллект баивдзæн, æмæ уыцы хъуыддагимæ разы кæй нæу.

Пресс-конференцийы ныхас цыдис уæлдæр ахуыргæнæндæттæм
бюджетты бынæттæ фылдæр радих кæнын, коммерционтæ та фæкъаддæр кæныны, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæн льготæтæ саразын æмæ
фæкæсынхъуаг бинонты сывæллæттæн æххуыс бакæныны фарстатыл дæр.

 

Саутæты Тамилæ, къам систа
Татьянæ Шеходанова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here