Æрæджы нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмбырдтæй иуы загъта, сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатырæй чи фæмард, уыцы хæстонты нæмттæ сæнусон кæныны тыххæй хъуамæ нæ горæттæ æм хъæуты, цы скъолаты ахуыр кодтой, уыдоны байгом кæной сæрмагонд бынæттæ.
Ацы патриотон хъомыладон куыст уыцы бар-дзырды агъоммæ дæр цыдис, бирæ ахуырадон артдзæстыты раздæр фæзынд хъæбатырты ахæм кълæстæ æмæ партæтæ.
Дзæуджыхъæуы 40-æм скъолайы кадджын уавæры дыууæ къласæн лæвæрд æрцыд, сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатырæй чи фæмард, уыцы раздæры ахуырдзау-ты нæмттæ. Хъайтартæ райгуырынц, фæлæ мæлгæ нæ кæнынц – ахæм
хъуыды загъд уыдис мадзалы.
7 «Б» кълас ныр кадимæ хæсдзæн хъæбатыр матрос Кокиты Алексейы ном, 7 «Д» кълас та, ацы скъолайы фыццæгæм къласæй æхсæзæммæ чи ахуыр кодта, уыцы ефрейтор Касаты Виталийы ном.
Кълæсты фæзындзæн фæмардуæвæг хъæбатырты сæрмагонд бынæттæ, æвдыст дзы уыдзысты сæ цыбыр, фæлæ хъайтар царды хабæрттæ, тохы быдыры цы лæгдзинад равдыстой, уыдоныл дзурæг æвдисæнтæ. Хуымæтæг ирон лæппутæ бахъуа-джы сахат æрлæууыдысты знаджы ныхмæ æмæ сæ цард раттой Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау.
Кадджын мадзалмæ скъоламæ æрбацыд Уæрæсейы Хъæбатыр Андрей Днепровскийы мад Татьянæ. Уый сывæллæлæттæн радзырдта, куыд ахсджиаг у патриот уæвын, Фыдыбæстæ уарзын æмæ бахъуаджы сахат уыцы уарзондзинад ирдæй,
хъуыддагæй равдисын.
Скъолайы историйы, æнæмæнг, баззайдзæн ацы мадзал, уый сабиты алы фæлтæрты зæрдыл лæууын кæндзæн, йæ цард хуыздæр фидæнæн чи снывонд кодта, уыцы хъайтарты.
ХАМИХЪОТЫ Сабинæ, ЦИПУ-йы
журналистикæйы
факультеты студенткæ














