«Зонад. Паддзахад»

0
85

Паддзахадон службæгæнæджы боны кадæн (уыд 24 январы) Мæс-
куыйы сарæзтой æппæтуæрæсеон форум «Зонад. Паддзахад». На-
цион центр «Уæрæсе»-мæ чи ‘рбамбырд, форумы уыцы архайджытæ
æрдзырдтой бæстæйы хæдбардзинад æмæ экономикон хъомыс фидардæр кæныны фарстатыл.

Ахæм уæрæх æмбырды архайæг уыдысты паддзахадон æмæ муниципалон службæгæнджытæ, эксперттæ, федералон æмæ бынæттон ведомствæты разамонджытæ æмæ специалисттæ 50 уæрæсейаг регионæй. Цæгат Ирыстонæй форумы уазæг уыд республикæйы национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Алан.

Æхсæнад «Зонад»-ы (ацы ахуырадон-рухста-
уæн иугонд уыд форум саразæг) генералон директор Максим Древаль, УФ-йы Федерацийы Советы Сæрдары хæдивæг Константин Косачев, Уæрæсейы Президенты Администрацийы управленитæй иуы разамонæг Александр Харичев, спорты министр Михаил Дегтярев æмæ иннæ докладгæнджытæ бæстон æрлæууыдысты паддзахадон æмæ муниципалон разамынды сæйрагдæр хæстыл, паддзахады бындуртæ æмæ закъонад фидардæр кæныныл, рæзгæ фæлтæры ахуырад æмæ патриотон хъомыладыл, бæстæйы цæрджыты ’хсæн национ фидыд æмæ æнгомдзинад фидардæр кæныныл, стæй Уæрæсейы дарддæры райрæзты иннæ ахсджиаг фарстатыл.

Докладгæнджытæ æмæ иннæ эксперттæ боны фæткы фарстаты фæдыл бахастой фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ, рæгъмæ рахастой сæ фæлтæрддзинад алыхуызон æхсæнадон-политикон проекттыл куысты хъуыддаджы….

Форумы фæстæ Бæгъиаты Алан куыд радзырдта, афтæмæй разыйæ баззад, æмбырды цы фембæлдтытæ уыд, уыдонæй. «Форумы архайджытæ фæбæрæг кодтой бæстæйы дарддæры æнæкъуыхцы размæцыды вазыгджындæр фарстатæ. Уыимæ, æппæт спикертæ дæр уыдысты дзырддзæугæ æмæ фæлтæрдджын адæймæгтæ – Президенты Администраци æмæ Федерацийы Советы минæвæрттæ, министртæ, губернатортæ æмæ иннæ эксперттæ. Уыдоны зонындзинæдтæ æмæ амынддзинæдтæ, æнæмæнг, цымыдисаг æмæ пайдайаг уыдзысты регионты минæвæрттæн сæ дарддæры ’рвылбоны куысты», – бафиппайдта министр.

Мария ТЕПЛИНСКАЯ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here