РЦИ-Аланийы социалон-экономикон инфраструктурæйы райрæзтæн

0
78

Мæскуымæ кусæг балцы рæстæг РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙÆН фембæлд уыд Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр НОВАКИМÆ. Ныхасы архайджытæ æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны дарддæры социалон-экономикон райрæзты нысантыл, комкоммæ æргом та аздæхтой цæрæнуатон-коммуналон комплексы уавæр æмæ республикæйы ахадгæдæр инвестицион проекттæ æххæст кæныны фарстатæм.

Сергей Меняйло зæрдыл æрлæууын кодта, регионы дарддæры экономикон райрæзты пъланты фыццаградон уагæй æххæстгæнгæ кæй сты цалдæр вазыгджын проекты: агропромышленнон комплексы, кæсагдарæг хæдзарады, транспортон-логистикон хаб æмæ хæххон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы объектты арæзтæдтæ. Амынд æмæ иннæ ахадгæ инвестицион проекттæн сæ иу хай ныридæгæн æххæстгонд цæуы, иннæтыл компанитæ æмæ подрядчиктæ дарддæр кусынц. Ныхасы архайджытæ фæбæлвырд кодтой нысангонд куыстыты дарддæры фæтк.

Рæгъмæ рахастой, Цæгат Ирыстоны социалон инфраструктурæйы ахсджиаг объектты цалцæг æмæ арæзтады фæдыл УФ-йы Хицауад цы уынаффæтæ сфидар кодта, уыдон царды уадзыны фарстатæ дæр. Зындгонд куыд у, афтæмæй амынд нысантæн ахъаз кæны, 2025-2028 азты куыст кæуыл цæуы, ахæм сæрмагонд мадзæлтты пълан. Уыцы документмæ цы объекттæ хаст æрцыд, уыдонæн сæ зынгæ хай ныридæгæн арæзт кæнæ цалцæггонд æрцыд (зæгъæм, Рахизфарсы районы Центрон рынчындон, Беслæны горæты парк æмæ афтæ дарддæр), иннæ уагæвæрдтыл дарддæр бæстон архайд цæуы.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæу-уæг фæбæрæг кодта, энергетикæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады дарддæры æнæкъуыхцы райрæзты программæ-йыл регион куыд кусы, уый дæр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, республикæйы ахсджиагдæр коммуналон организацитæ æрбаиу кодтой иу паддзахадон куыстуаты бындурыл. Уый фæрцы ахадгæдæр хуызы лыггонд цæуынц коммуналон кусæндæттæ æмæ хызæгты рацарæзты, хардзгонд энергетикон фæрæзтæн фидын æмæ æндæр ахæм фарстатæ. Зæгъæм, ивгъуыд аз ног кусæндон ифтонггонд æрцыд хъæугæ сæрмагонд техникæйы 170 иуæгæй, ахæм фæткыл лыггонд цæуынц иннæ фарстатæ дæр.

Фембæлды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой регионы æрвылбоны царды æндæр фарстатæм дæр.

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here