Паддзахадон бадзырдтæ бафыссыны нысантæ

0
86

Куыстытæ кæронмæ 2026 азы кæмæн фæуыдзысты, уыцы соци-
алон инфраструктурæйы объекттæн паддзахадон контракттæ бафыссыны тыххæй ныхас рауад, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы ‘мбырд скодта, уым.

Ахæм паддзахадон бадзырдтæ бафыссыны хъуыддаг аразджытæ æмæ дзуапдæтджытæн фадат ратдзæн арæзтадон фæзтæм афойнадыл рацæуынæн, цыдæриддæр аразын хъæуы, уыдæттæ æмгъуыдмæ гæсгæ сæххæст кæнынæн. Ведомствæты разамонджытæ радзырдтой, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, культурæйы, спорты, фæндаггон хæдзарады, æхсæнадон фæзуæттæ аразыны æмæ цалцæг кæныны тыххæй цы бадзырдтæ сарæзтой, уый тыххæй.

Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы аз бахъæудзæн фылдæр социалон объекттæ аразын æмæ цалцæг кæнын. «Æдæппæтæй сты 261 объекты, уыдонимæ сты цалцæггæнинаг 115 бынæттон фæндаджы. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло нын нæ размæ æвæры цæрджытæн æппæт удæнцой уавæртæ саразыны хæстæ.  Хъуамæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, Беслæны генералон пъланы нысантæ æххæстгонд æрцæуой. Районты разамонджытæ хъуамæ сæрæнæй бавналой хъуыддæгтæм», – загъта Дзанайы-фырт.

Объектты фылдæр хайæн нырмæ бадзырдтæ бафыстой, чи ма дзы баззад, уыдоны базарадон тыгъдадмæ нæма равæрдтой. Хицауады Сæрдар сæвæрдта, се ‘мгъуыд 1 апрелмæ кæмæн у, уыцы объекттæн бадзырдтæ саразыны нысан. Уымæй уæлдай, æркастæуыд, дзæбæхгæнæн хостæ, медицинон ифтонггæрзтæ балхæныны, ахуырады, культурæйы, спорты цы хъæуы, уыдонæй сæ сифтонг кæныны фарстатæм.

Дзанайты Барис ма рæгъмæ рахаста, ахæм ахсджиаг нысантыл кусгæйæ, ведомствæты ‘хсæн æмгуыстад тынг ахадгæ кæй у, уыцы хъуыддаг дæр. Ома, паддзахадон нысаниуæджы æлхæнинæгтæ кæныны æмæ фæрæзтæ дæттæг куыстуæттимæ архайд
хъуамæ нывылгонд уа.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг æмæ
Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here