Регионалон службæ саразыны хæстæ

0
65

Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министр Александр Куренков сæмбæлд кусæг балцы Цæгат Ирыстоны. Федералон министр фембæлд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ.

Александр Куренков  йæ  размæ æвæры зынгсирвæзты ныхмæ регионалон службæ саразыны хæстæ. Ныртæккæ Цæгат Ирыстон баст у федералон ахадындзинады зынгсирвæзты службæимæ.

Афтæмæй 101 цæрæнбынаты тынг дард сты ацы службæйы куысты бынатæй, зынгсирвæзтæй æххæстæй хъахъхъæд нæ цæуынц. Фыццаградон хæс у, зынгсирвæзты службæйы бынат сбæрæг кæнын, штаттæ, кусджыты нымæц, техникон ифтонгад сбæлвырд кæнын. Александр Куренков куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хъуамæ Алагиры, Æрæфы æмæ Мæздæджы районты саразой æртæ дæлхайады. Афтæмæй 22 мин цæрæджы 32 цæрæнбынаты уыдзысты зынгсирвæзтæй хъахъхъæд.

Уæлдай æргом аздæхтой курорт «Мамысон»-ы æдасдзинадмæ. Ацы ран нырмæ сфидар кодтой аварион-ирвæзынгæнæн службæ, сты æмхуызонæй дæр профессионалтæ. Дарддæр дзы фæзындзæн зынгсирвæзты дæлхайад. Уæрæсейы æнæнхъæлæ-
джы уавæрты министр бабæрæг кодта министрады цæгатирыстойнаг управлени. Куысты сæхи бæрнонæй, дзуапджынæй чи равдыста, уыдоны схорзæх кодта хæрзиуджытæ æмæ  лæвæрттæй.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг æмæ
Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here