Уæрæсейы адæмты иудзинады азы фæткмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады музейы ацыд сфæлдыстадон изæр «Ирæтты рагон барад».
Тематикон æмбырдмæ хуынд кадджын уазджытæй иу уыд зындгонд ахуыргонд, филологон наукæты доктор Тахъазты Федар. Фембæлдмæ æрбацæуæг Дзæуджы-
хъæуы профессион колледжы ахуырдзаутæн раарфæ кæнгæйæ, музейы экспонаттæм сæйраг цæстдарæг Махъоты Тимур куыд загъта, афтæмæй, национ æгъдæут-
тæ кæуыл æнцайынц, æмбырд арæзт у адæмты уыцы иудзинады мидисджын темæйы кадæн.
– Нæ иумæйаг ивгъуыд цардæй сæрыстыр æмæ нæ Райгуырæн бæстæйы иумæйаг фидæн аразынмæ цæттæ кæй стæм, дзырд «иудзинад» ууыл дзурæг у. Ахæм ахсджиаг бындуры фæрцы егъаудæр паддзахæдтæй иу кæмæй рауад, нæ уыцы бæстæ зын фæлварæнтæн бафæрæзта æмæ йæ кад бахъахъхъæдта, – загъта Махъойы-фырт.
Незаманты нæ рагфыдæлты æгъдау æнæмæнг æххæстгæнинаг кæй уыд, ныхас ууыл кæм цæуы, æрбацæуæг адæмæн равдыстой ахæм киноныв «Гость».
Ныхас кæнгæйæ, Тахъазы-фырт йе ’ргом аздæхта ирæтты рагон æгъдæутты æмæ æхсæнадон фæткмæ цæстдарды фарстатæм. Нæ рагфыдæлтæ Ныхасы, ома,
Адæмон æмбырды заман кæй фидар кодтой, ирон тæрхон æххæстгонд цыд ахæм фæткмæ гæсгæ. Фыдракæнды æууæлтæ биноныг бæлвырдгонд цыдысты. Кæрæдзимæ мæсты чи кодта, тæрхонгæнджытæ уыцы адæймæгты бафидауын кæныныл архайдтой. Æмбырды архайджытæ ныхасгæнæгæн, лæмбынæг æм байхъусгæйæ, хъуыддагмæ бардарæг цалдæр фарсты радтой.
Нæ цытджын бæстæ бирæнацион кæй фæрцы ссис, ныхас цыд ахæм историон æууæлтыл дæр. Æнусты дæргъы бирæнацион паддзахад суæвæг Уæрæсе ныртæккæ 190 адæмыхаттæй фылдæрæн нымад у Фыдыбæстæйыл. Уæрæсейы адæмты иу-
дзинад нæ рагон удварнон хæзнатæ хъахъхъæнынæн ахъаз кæны.
Æмбырды архайджытæ мидисджын фембæлдæн фадæттæ саразæг адæймæгтæн бузныг загътой.
Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: УФ-йы Президент Владимир Путины уынаффæмæ гæсгæ, ацы аз нымад у Уæрæсейы адæмты иудзинады азыл (ацы уынаффæ рахастой фарон 5 ноябры Президенты цур Нациты ‘хсæн ахастдзинæдты советы æмбырды рæстæг). Фæндоны официалон хæс у Уæрæсейы адæмты ‘хсæн фидыд æмæ сабырдзинад фæфидар кæнын.
РЦИ-Аланийы
Мидхъуыддæгты
министрады
пресс-службæ














