Хæсты сывæллæтты фæлтæрæй…

0
76

Йæ хъысмæт, дам, ахæм уыд… Уыцы ныхæстæ арæх фехъусæм хистæртæй, искæй сывæллоны бонтæ æмæ дарддæры царды хабæртты кой куы рацæуы, уæд. Æмæ уый, æвæццæгæн, æцæгæйдæр, афтæ у – фæлæ иутæм хъысмæт «йæ мидбылты бахуды», иннæтæн та лæгæвзарæн цард (арæх сæ райгуырды бонæй фæстæмæ) саккаг кæны. Ахæм зын цæрдтытæ бавзæрстой, хæсты сывæллæттæ кæй хонæм, уыцы фæлтæры минæвæрттæ. Уыдонæй иу уыд ногираг Багаты Чермен дæр.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд иннæ сахъгуырд фæлтæримæ цыфыддæр знаджы ныхмæ удуæлдай тохы балæууыдысты Ногиры фæсивæд дæр. Уæд Багаты бинонтæй тохы быдырмæ фæцыдысты цыппар æфсымæры – Тадиоз, Мускъел, Тасол æмæ Гришæ.

Æфсымæртæй ма сæрæгасæй сыздæхт иунæг Гришæ, иннæтæ сæ цард снывонд кодтой Фыдыбæстæйы сæрвæлтау, хæдзарыл ма сæмбæлдысты æрмæстдæр сæ «сау гæххæттытæ»…

Тадиоз фронттæй иуы сконды знаджы куыд дæрæн кодта, афтæ йыл сæмбæлд æхсызгон хабар – дунейы рухс федта йæ ноггуырд кæстæр. Лæппуйыл сæвæрдтой Чермены ном. Кæй зæгъын æй хъæуы, Тадиоз æмбæрста, хæсты цæхæрæй йæхæдæг дæр, стæй йе ’фсымæртæй дæр исчи раирвæза, фыды уæзæгыл сæрæгасæй сæмбæла, уый рагагъоммæ бæрæг нæ уыд. Уый зæрдыл даргæйæ, хæстон лæг фронтæй йæ фæстаг фыстæджытæй иуы йæ хо æмæ фыды хойыл бафæ-
дзæхста Чермены: «Фæкæсут-иу мын мæ сывæллонмæ, цæмæй байрæза…»

Нал базыдта Чермен фыды рæвдыд, сидзæрæй йæ фæхъомыл кодта мад Поси, хæдзары иннæ сылгоймæгтæ æмæ хиуæттæ дæр ыл аудæг уыдысты. Иумæ-
йаг хъарутæй бафæрæзтой хæсты азты зын æмæ тыхст цæрдтытæн, ног ныфстытимæ сæмбæлдысты Уæлахизы боныл.

Уæдмæ сыздæхт хæствæллад Гришæ дæр. Бинонты сæйраг ныфс ныр уый сси, Чермены хъомылад дæр йæ сæйрагдæр сагъæстæй иу уыд. Фыдыфсымæры фæндыд, цæмæй, лæппу куы рахъомыл уа, уæд райса æфсæддон ахуырад, афицеры дæсныйадмæ йæ æмхиц кодта. Фæлæ, хъыгагæн, Гришæйæн Хуыцау бирæ цæрæнбон нал ратта, йæ хæстон цæфтæ йыл иуафон æртæфстысты æмæ ацы дунейæ ахицæн.

Уыцы æууæл лæппуйы цардыл тынг фæзынд, йе ’взонджы бæллицтæ дæр иуцасдæр фæсыкк сты. Мад Поси дæр уæдмæ рынчынтæ кæнын райдыдта, хъуыдис æм фылдæр цæстдард.

Уæд Чермен йæ дарддæры æфсæддон ахуырадыл къух систа, райста шофыры дæсныйад. Æмæ хæрзæрыгон лæппу фæллойы фæндагыл æрлæууыд – шофырæй кусын райдыдта «Курортторджы». Алкæддæр-иу раппæлыд йе ’мкусджытæй, загъта-иу: «Æз тынг хорз коллективы кусын». «Курортторджы» разамынд æмæ йе ’мкусджытæ дæр аргъ кодтой Багайы-фыртæн, иудадзыгдæр-иу райста арфæтæ æмæ кады гæххæттытæ, йæ къам дыууын азæй фылдæр конд уыд куыстуаты кады фæйнæгыл. Уыцы коллективы Чермен бакуыста 40 азæй фылдæр, пенсимæ дæр уырдыгæй рацыд.

Багайы-фырт йæ бинойнаг Земфирæимæ схъомыл кодтой æртæ кæстæры: Тамерлан, Алан æмæ Гюльнарæйы, алчидæр сæ царды раст фæндагыл æрлæууыд… Фæлæ фæстæдæр, хъыгагæн, бинонтыл сæмбæлд æнамонд хабар – фырт Алан фæндаггон фыдбылызы фæмард. Уыцы зындзинадæн нал ныффæрæзта Чермен, уæззау низ райста… Арфæйаг лæггад ын фæкодтой йæ кæстæртæ, алкæддæр уыдысты йæ фарсмæ. Æвæццæгæн, уæлдай бузныг зæгъын æмбæлы Чермены чындз, Тамерланы бинойнаг – Изольдæйæн. Уый йæ хицауæн фæстаг боны онг зæрдиаг лæггад фæкодта.

Ныр иу азы бæрц нал ис не ’хсæн Чермен, йе ’цæг дунемæ ацыд… Æмæ, кæд сывæллоны бонты бирæ тыхстдзинæдтæ баййæфта Багайы-фырт, уæддæр фидар уды хицау разынд, сыгъдæгзæрдæ фæллой æмæ фыдæлты æгъдæуттыл æну-
выддзинадæй йæхицæн ном скодта, хъæубæсты ’хсæн нымад лæг уыд.

О, нал ис Чермен. Фæлæ йæ ном æмæ кад цæрынц йæ хорз кæстæрты хъуыддæгты. Зæгъæм, Тамерлан æмæ Изольдæ дæр систы æртæ хъæбулы амондджын ныййарджытæ. Викæ æмæ Никæ нырма ахуыры фæндагыл лæуд сты, Арсен та у УФ-йы мидæфсæдты службæгæнæг. Æрыгон хæстон ныридæгæн цалдæр хатты командировкæйы уыд сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы. Ныртæккæ ис Ирыстоны, фæлæ та бахъуаджы сахат тохы быдыры раззагдæрты æмрæнхъ кæй уыдзæн, уый дызæрдыггаг нæу.

Алкæцы хъæубæсты фарн дæр, æнæмæнг, ахæм бинонтæй цæуы…

 

БЕТЕТЫ Евгения,
Ногиры цæрæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here