Ацы аз Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты адарддæр уыдзæн куыст фæндаггон хæдзарады объектты дарддæры нывыладыл. Афтæ, азы дæргъы аразджытæ базилдзысты 20 горæтаг уынгæй фылдæры хицæн хæйттæм.
Уый тыххæй фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав.
Зындгонд куыд у, афтæмæй фæндаггон хæдзарады инфраструктурæ цалцæггонд цæуы федералон нысанмæарæзт программæтæ æмæ национ проектты фæлгæты. Уымæй уæлдай, фæндагаразæн куыстытæн сæрмагонд фæрæзтæ нысангонд цæуы регионалон æмæ бынæттон бюджетты дæр. Гъе, уыцы регионалон фæрæзтæй базил-
дзысты уæлдæрамынд уынгтæм.
Милдзыхы-фырты ныхасмæ гæсгæ, цалцæджы пълантæм хаст участоктæ сты Темырты æфсымæрты, Фæсивæдон, Севастополаг, Калинины, Тургеневы уынгты, Къостайы, Фыдыбæстæйы Хъæбатырты, Доваторы проспектты, стæй æндæр бынæтты.
«Цæмæй æппæт нысангонд бынæтты дæр рацарæзты куыстытæ афойнадыл райдайой, уыимæ бастæй хæстæгдæр рæстæг арæзт æрцæудзысты æмбæлгæ конкурсон мадзæлттæ. Уыдоны фæрцы æвзæрст подрядон организацитæ бавналдзысты сæ куыстмæ. Уыимæ, адарддæр уыдзæн ног фæндаджы арæзтад микрорайон «Логистика»-йы (Курсанттæ-Кировонты уынгмæ ‘ввахс). Нæ фадæттæ куыд амоной, афтæ каст цæудзæн фæндаггон хæдзарады иннæ объектты уавæрмæ дæр», – загъд ис администрацийы хъусынгæнинаджы.
Дмитрий АСТАХОВ














