Цæгат Ирыстоны дарддæр æххæстгонд цæуы хицаудзинады æххæстгæнæг оргæнты разамонджытæ æмæ иннæ специалисттæн ахуырадон семинарты регионалон проект.
Амынд проекты фæлгæты радон фембæлд сарæзтæуыд РЦИ-Аланийы Национ библиотекæйы фæзуаты. Уырдæм семинары архайджыты – регионалон министрадтæ æмæ ведомствæты, стæй муниципалитетты минæвæртты æрбамбырд кодта Цæгат Ирыстоны Культурæйы удварны хæзнатæ хъахъхъæныны фарстаты фæдыл комитет (ацы хатт фембæлды фысым уыд амынд ведомствæ).
Æмбырды архайджыты раз раныхас кодта æмæ хицаудзинады структурæты размæ лæууæг бæрнон хæстыл æрлæууыд Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Биасты Игорь.
Фысымты номæй æмбырды докладтæ скодтой Культурæйы удварны хæзнатæ хъахъхъæныны фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Гæлуаты Ацæмæз æмæ ведомс-
твæйы дæлхайæдты разамонджытæ. Уыдон радзырдтой, комитет подрядон организацитимæ цавæр реставрацион проекттыл кусы, историон цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныныл архайд куыд цæуы æмæ æндæр ахæм фарстаты тыххæй. Док-
ладтæй уæлдай, комитеты куыст æвдыст æрцыд видеонывтæ æмæ æндæр цæстуынгæ æрмæджыты фæрцы. Бизнес-хъæзтытæ, брейн-ринг æмæ æндæр ахæм мадзæлттæ баххæст кодтой семинары программæ…
Амæй размæ куыд уыд, афтæ ныр дæр семинары архайджытæй алкæмæндæр фадат уыд йæ куысты фæлтæрддзинадæй æмбырды архайджытæн фæхай кæнынæн, тыхс-
таг фарстатæ рæгъмæ рахæссын æмæ сæ алыг кæныныл иумæйаг уынаффæйæ бацархайынæн.
Ахæм фембæлдтыты фæрцы хицаудзинады оргæнты минæвæртты ’хсæн æмархайд, æнæмæнг, æнгомдæр кæны, разамонджытæ æмæ иннæ специалистты профессион дæсныдзинадыл дæр хорзырдæм ахадынц ахæм семинартæ.
Ахуырадон проект «Управленческие практики органов исполнительной власти» æххæстгонд цæуы Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы уынаффæйæ, комкоммæ цæстдарæг та йæм у РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Адми-
нистрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим.
Уыимæ, регионы разамынды уынаффæйæ ныр семинартæм хуынд цæуынц сæрмагонд ахуырадон проект «Æхсарджын Ирыстон»-ы архайджытæ дæр.
Калманты Аслан














