Депутаттæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады æмархайд кæны æнгомдæр

0
75

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Депутаттæ æрбамбырд сты Октябрыхъæуы æмæ æрныхас кодтой республикæйы Горæтгæрон районы социалон-экономикон рæзты ивгъуыд азы бæрæггæнæнтыл æмæ, ацы аз сæ размæ цы пълантæ ис, уыдоныл.

– Нæ бæстæйы Президент куыд расидт, афтæмæй ацы аз у Адæмты иудзинады аз, æмæ уыцы хъуыддагæн Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон район у ирд цæвиттон. Рагæй-æрæгмæ дæр ам фæрсæй-фæрстæм цæрынц алыхуызон адæмты минæвæрттæ æмæ, се ‘хсæн цы хæлардзинады бастдзинæдтæ ис, уыдон хъахъхъæнгæйæ, районы социалон-экономикон уавæр хуыздæр кæнынмæ аккаг бавæрæн хæссынц, – йæ разныхасы загъта Тускъаты Таймураз.

Сæйраг доклад æмбырды ракодта Горæтгæрон районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Плиты Алан. Куыд загъта, афтæмæй районы рæзты ис æнтыстытæ, зæрдæмæдзæугæ бæрæггæнæнтæ. Ивгъуыд азы бюджеты æфтиæгтæ рауадысты 2 миллиард æмæ 807 милуан сомы, 2024 азимæ абаргæйæ, фылдæр, хæрдзтæ та – 2 миллиарды æмæ 665 милуан сомы, афтæмæй районы бюджет рауад æфтиагджын. Æмæ, дарддæр дæр хи æфтиæгтæ фылдæр кæныныл район кæй архайы, уымæй зæрдæ æвæрынц. Плийы-фырт ныхас кодта, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомгæнджыты нымæц кæй фæфылдæр (уымæй размæйы азимæ абаргæйæ, 2025 азы сыл бафтыд 26 амалхъомы), аууонæй ракæныныл æмæ æргом куыст кæныныл адæмы куыд разæнгард кæнынц, ууыл, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы мадзæлттæ аразыныл, хъæууон хæдзарады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, фæндæгтæ аразыны, цæрæнуатон-коммуналон æмæ культурæйы къабæзты сæм ивгъуыд аз цы ивддзинæдтæ ‘рцыд, æппæт уыдæттыл. Афтæ, бындурон цалцæггонд æрцыдысты Культурæйы хæдзар æмæ музыкалон скъола Ногиры, стæй дыууæ фæлладуадзæн æхсæнадон бынаты Октябрыхъæуы, иу та – Донгæроны; Джызæлы арæзт æрцыдысты, коттедж кæй хонынц, 29 ахæм хæдзары: бындурон цалцæггонд æрцыд донуадзæн хæтæлты 7,7 километры; сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн районы цы æххуысы мадзæлттæ ис, уыдон сты сæдæйæ фылдæр. Социалон æгъдауæй ахсджиаг чи у, 32 ахæм объекты рацараздзысты ацы аз, се ‘хсæн – фæндæгтæ, скъолатæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ, фæлладуадзæн æхсæнадон бынæттæ.

Депутаттæ байхъуыстой, районы бюджетон процессы муниципалон сконд куыд архайы, уый фæдыл Горæтгæрон районы цæстдарæн-нымайæн палатæйы сæрдар Хъарданты Неллийы докладмæ. Раныхасгæнæг йе ‘ргом аздæхта бюджеты пъланон бæрæггæнæнтæ æххæст кæнынмæ, стæй, бынæттон администраци æмæ муниципалон æндæр кусæндæтты кусджыты штат куыд арæзт у, уыцы фарстамæ.

Парламенты бюджет, хъалонты, исбонад æмæ кредитон  организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауитты Алыксандр ныхас кодта районы экономикон рæзты уавæр æмæ уыцы рæзты гæнæнтыл. Депутат сагъæссагыл банымадта, фос дарын районы къаддæр кæй райдыдтой æмæ уый аххосæй стурыфыд æмæ æхсыры куыстад районы кæй фæкъаддæр, уыцы хъуыддаг. Афтæ – хъæууон хæдзарады къабазы æмæ хойраджы промышленносты дæсны кусджытæ кæй нæ фаг кæны, стæй, æгуыст адæмы нымæц сæм 26 процентæй кæй фæфылдæр, уый дæр.

Тауитты Алыксандр ма ныхас кодта, социалон политикæйы фарстатæ районы куыд лыггонд цæуынц, ууыл. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, сæ алыг кæнынæн ахъаз кæндзæн кадртæ цæттæ кæнынимæ баст дæсны политикæ, рагагъоммæйы профориентацион куыст æмæ куыстдæтджытимæ æнгом бастдзинæдтæ.

Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй фарстатæ лыг кæнынæн пайда уыдзæн Парламенты депутаттимæ районы бынæттон хиуынаффæйады ноджы æнгомдæр æмгуыстад.

Ивгъуыд азы депутатты Горæтгæрон районмæ кусæг балцы фæдыл хаст Парламенты уынаффæтæ куыд æххæстгонд æрцыдысты, ууыл уыд йæ раныхас Парламенты закъонæвæрынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар
Черчесты Асланæн.

Æппæт раныхæсты фæдыл фиппаинæгтæ æмæ фæрстытæ уыд Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæ æмæ депутат Бæззаты Аланмæ.

Депутатæ ма се ‘мбырды равзæрстой æмæ æрныхас кодтой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст æртæ закъоны проектыл.

Парламенты Советы æмбырды фæстæ Тускъаты Таймураз, йемæ ма
районы муниципалон сконды сæргълæууæг Гаглойты Алан, районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Плиты Алан æмæ Парламенты депутаттæ – Хæдарцаты Аслæнбег, Киситы Мурат, Саккаты Ушанги, Зассеты Алан, Бæззаты Алан – фембæлд районы амалхъомадон куыстгæнджытимæ. Фембæлды архайджытæ Парламенты Сæрдармæ лæвæрдтой, се ‘рвылбоны куысты сæ тынгдæр чи тыхсын кæны, ахæм фæрстытæ. Чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомтæн закъонæвæрынадон бындурыл цавæр зæрдæдарæнтæ ис? Ныры æргъты рæзты уавæрты архайгæйæ, амалхъомтæн паддзахадæн йæ бон цæмæй у баххуыс кæнын? Ацы æмæ бирæ æндæр фæрстытæн Парламенты Сæрдар лæвæрдта бæстон дзуаппытæ.

Уыцы бон Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта Горæтгæрон районы центрон рынчындон дæр. Рынчындоны сæйраг дохтыры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хъараты Иринæ Парламенты Сæрдарæн радзырдта дзæбæхгæнæндоны абоны уавæры тыххæй æмæ загъта, сæ гæнæнтæ кæй ивынц æмæ медицинон лæггæдтæ хуыздæр кæй кæнынц.

Тускъаты Таймураз ма бабæрæг кодта Ногиры музыкалон скъола æмæ æхсызгонæй федта, бындурон рацарæзты фæстæ аивадон ахуыргæнæндон йæ хуыз куыд аивта, уый.

Горæтгæрон районмæ йæ кусæг балцæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Парламенты Сæрдар йæ хъуыдытæ загъта æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæртты фæрстытæн дзуаппытæ ратта.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here