Адæмон программæ

0
78

Æппæтуæрæсеон семинары фæткмæ гæсгæ чи ацыд, политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Фарсхæцджыты центрон советы уыцы уæрæхгонд æмбырды партийы Генсоветы нымæрдæр Владимир Якушев куыд загъта, афтæмæй, 900 мин адæймагæй фылдæр кæй нымæц у, «Иугонд Уæрæсе»-йы уыцы фарсхæцджытæ ныртæккæ нымад сты партийы раздзогтыл.

Бæстæйы æппæт регионтæй семинары архайдтой 200 адæймаджы – ома, фарсхæцджыты актив, профцæдисты, æмгуыстгæнæг æнæкоммерцион кусæндæтты, хъазахъхъæгты, стæй ветерантæ æмæ фæсивæдон организациты минæвæрттæ.

– Лæггад кæнынмæ цæттæ кæй стут, стæй граждайнаг бæрнондзинад æмæ патриотизмы æнкъарæнтæ кæй æвдисут, уыдæттæ уæ иу кæнынц æмæ афтæмæй ныр партийы фарсхæцджытæн ис стыр ахадындзинад. Фарон партийы Донецкы Адæмон республикæйы фарсхæцджыты къорды сæргъы амынд республикæйы Хъæбатыр Ахра Авидзба, Башкортостаны – Уæрæсейы Хъæбатыр Денис Чернавин, Республикæ Алтайы та – «Æхсары тыххæй» майданæй хорзæхджын, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Максим Анисимов кæй æрлæууыдысты, уый мын æхсызгон у. Нæ парти архайдзæн Паддзахадон Думæмæ, бæстæйы субъектты æртын фараст закъонæвæрæг оргæнтæм, иуæндæс административон центры æмæ бирæ муниципалитеттæм æвзæрстыты. 2021 азы арæзт æвзæрстыты кæмæ гæсгæ архайдтам, фондз азы дæргъы нæ уыцы Адæмон программæйыл куыстам. Саразын нын цы бантыст æмæ цы нæ бантыст, уыдæтты тыххæй ацы аз æнæмæнг дзуапп ратдзыстæм. «Иугонд Уæрæсе»-йы æппæт программон документтæ цæттæ кæнгæйæ, адæмы курдиæттæ банымайæм. Ног программон документ дæр ахæм уагæй сараздзыстæм, – загъта Владимир Якушев.

– Ног Адæмон программæ цæттæ кæныны хъуыддаджы архайынц профцæдистæ æмæ æхсæнадон иугæндтæ. Бæстæйы граждайнаг æхсæнад адæмы интерестæ хъахъхъæны, стæй социалон рæзтæн ахъаз кæны. Ног Адæмон программæ аразыны заман профцæдистæ æмæ æхсæнадон организациты уынаффæтæм байхъусæм, – зæгъы «Иугонд Уæрæсе»-йы Фарсхæцджыты центрон советы сæрдар, Паддзахадон Думæйы граждайнаг æхсæнады райрæзты комитеты сæрдары хæдивæг Ольга Занко.

Уæрæсейы Хъæбатыр Денис Чернавин бахаста æхсæнадон хъæппæристæн æххуыс Адæмон программæмæ бахæссыны фæндон.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ партийы фарсхæцджыты рæнхъытæм бирæгæйттæй кæй бацæуынц, уый тыххæй хабар фехъусын кæнгæйæ, интернацион бригад «Пятнашка»-йы командир Ахра Авидзба бахаста, райдиан æфсæддон цæттæдзинадыл скъоладзауты ахуыр кæнын кæй хъæуы, уый ног Адæмон программæмæ бахæссыны фæндон. Уымæй уæлдай, Авидзба бафæдзæхста историон номарæн бахъахъхъæныны фæдыл акцитæ (зæгъæм, «Æнæмæлгæ полкъ», «Георгийы лент») Адæмон программæмæ бахæссын.

Кæуыл бакуыстой, æппæт уыцы фæндæттæ Адæмон программæ цæттæгæнæг профилон къамисмæ барвыстой.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: «Иугонд Уæрæсе»-йы ног Адæмон программæйæн фæндæттæ æмбырд кæнын кæй райдыдтой, уый тыххæй хабар фехъусын кодта партийы сæрдар Дмитрий Медведев 19 февралы Екатеринбурджы арæзт партийы фыццаг зылдон дзуапдæттæн-программон форум «Есть результат!»-ы заман. Парти амынд форумтæ сараздзæн æппæт федералон зылдты. «Иугонд Уæрæсе»-йы Адæмон программæ æххæстгонд куыд æрцыд, æмбырдты рæстæг Хицауады уæнгтæ уый тыххæй хабæрттæ фехъусын кæндзысты. Уымæй уæлдай, ног программон документмæ бахæссинаг фæндæттæ цæттæгонд æрцæудзысты.

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here