Федералон æмæ регионалон программæтæ

0
32

Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис  кæй сарæзта, уыцы æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой республикæйы цардархайды алыхуызон къабæзтæм бардарæг фарстатыл.

Ацæргæ адæмы царды уавæртæ фæнывыл кæнынæн Хицауады уæнгтæ регионалон программæ «2025-2030 азты РЦИ-Аланийы активон бирæцæрынад»-мæ ивддзинæдтæ бахастой.

Хистæр фæлтæры минæвæрттæ цæмæй æнæнизæй æмæ зæрдæрухсæй цæрой, уый тыххæй регионы æххæстгонд цæуынц фæсарæйнаг æвзæгты æмæ компьютерон дæсныдзинады курсытæ, рæзы «социалон туризм». Фарон амынд программæ аххæссыд 15 мин адæймагыл (æндæразимæ абаргæйæ, уый у дыууæ хатты фылдæр).

Уымæй уæлдай, Хицауады æмбырды архайджытæ агропромышленнон комплексы куыстуæттæ специалисттæй сифтонг кæнынæн ахъазгæнæг мадзæлттæ баххæст кæнынæн республикон бюджеты фæрæзты хардзæй субсидитæ дæттыны фæтк сфидар кодтой.

– Нæ регион федералон проект «Кусджытæ агропромышленнон комплексæн» æнтыстджынæй кæй æххæст кæны, уый фæрцы республикæйы скъолаты байгом сты сæрмагонд кълæстæ, стæй ахуыргæнджытæн æххуыс кæнæм. Ацы аз амынд хъуыддагæн рахай кæндзыстæм фæндзай милуан сомы. Федералон проекты мадзæлттæ цæмæй афоныл æххæстгонд æрцæуой, ууыл бацархайдзыстæм, – загъта Дзанайы-фырт.

Республикон бюджеты гæнæнтæ, стæй Паддзахадон программæтæ æххæсткæнынады ног фæтк нымайгæйæ, Цæгат Ирыстоны паддзахадон программæ «РЦИ-Аланийы культурæйы рæзт»-мæ дæр ивддзинæдтæ бахастой. Ивддзинæдты фæрцы уыдзæн республикæйы культурæйы кусæндæттæн нырæй фылдæр æххуыс кæныны фадат. Зæгъæм, амынд программæмæ гæсгæ, æрвылаз республикæйы музейтæ, паддзахадон театртæ, культурæйы хæдзæрттæ æмæ библиотекæтæ кусæнгæрзтæй сифтонг кæнынæн финансон фæрæзтæ радих кæнынц, программæ «Культурæйы хъæууон кусæг» æххæст кæнынц. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло республикæйы Хицауады уæнгтæн кæй бабар кодта, культурæйы къабазы райрæзт нымад у уыцы сæйраг хæслæвæрдтæй иуыл.

Регионы паддзахадон программæ «РЦИ-Аланийы культурæйы райрæзт»-ы фæрцы фæстаг цалдæр азы дæргъы 35 профилон кусæндонæй фылдæр арæзт æмæ цалцæггонд æрцыдысты. Программæ баххæст кæнынæн радих кодтой дыууæ миллиард сомæй фылдæр.

Ивддзинæдтæ аххæссыдысты культурон бынты объектты уавæрмæ æмæ сæ пайдакæнынадмæ регионалон паддзахадон цæстдарды тыххæй уагæвæрд сфидар кæныны тыххæй хицауадон уынаффæйыл дæр.

– Нæ республикæйы территорийыл ис культурæйы дыууæ мин цыртдзæвæны бæрц. Фæстаг цалдæр азы дæргъы ацы цыртдзæвæнтæ ногæй саразыны хъуыддагæн рахай кодтам дыууæсæдæ милуан сомæй фылдæр. Нæ хæс у федералон нысаниуæджы æххуысы æппæт мадзæлттæй спайда кæнын, — загъта Хицауады Сæрдар.

Уымæй уæлдай, «Цæгат Ирыстоны территорийыл æрбынæттонуæвæг бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг исбон бындуронæй цалцæг кæнынæн фадæттæ саразыны тыххæй» закъонмæ хаст ног срастгæнинæгтæ фидаргонд æрцыдысты. Сæйраг ногдзинад бар дары куыстыты аргъ сбæлвырд кæнын. Хæдзар сцалцæг кæнынæн æхца кæд бюджет рахай кодта æмæ цалцæг кæныны куыстыты аргъ кæд дæс  милуан сомæй фылдæр у, уæд нырæй фæстæмæ куыстыты аргъы æнæхиндзинад бæлвырд кæндзысты. Уымæй уæлдай, культурон бынты объектты рацарæзтимæ баст чи у, нырæй фæстæмæ уыцы куыстыты аргъы æцæгдзинад дæр бæрæг кæндзысты. Бюджетон фæрæзтæ æмбæлгæ уагæй хардзгонд цæуынц æви нæ, амынд мадзæлтты фæрцы уый бæлвырдгонд цæудзæн.

Регионы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Бетанты Марат бахаста Уæрæсейы Федерацийы Цæрæнуæтты кодексы хицæн нормæтæ баххæст кæныны фæдыл мадзæлттыл æрныхас кæныны фарста. Документ хæссы республикæйы территорийыл æрбынæттонуæвæг кæлæддзаг хæдзæртты техникон уавæрмæ цæстдарды фæтк сфидар кæныны, стæй къабазон программæмæ хаст бирæфатерон хæдзæртты техникон уавæр раиртасыны фæндон. Ныхас цыд иннæ азæн бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг исбон бындуронæй цалцæг кæныны фæдыл æппæтæй стырдæр æргъты фарстайыл дæр.

Уымæй уæлдай, æмбырды архайджытæ æппæтуæрæсеон конкурс «Хуыздæр муниципалон практикæ»-йы регионалон хай Цæгат Ирыстоны саразыны тыххæй Хицауады уынаффæмæ хаст ивддзинæдтæ сфидар кодтой.

Æмбырды архайджытæ кадрон уынаффæтæ дæр рахастой. Эльдар Афашоковы ногæй сфидар кодтой Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæгæй.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here