Ирыстонæй уарзондзинадимæ

0
10

Волонтерты змæлд «Хуыйæм æмæ бийæм нæхиуæттæн. Ирыстонæй уарзондзинадимæ» æртыккæгæм аз æххуыс кæны сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн. Уыцы рæстæгмæ æппæтуæрæсеон змæлды авд хайады æнæрынцойæ сæ куыст кæнынц Дзæуджыхъæуы, стæй республикæйы районты. Црау, Фыййагдон, Михайловск, Николаевскы станицæ, Мæздæг æмæ Джызæлы волонтертæ – æдæппæтæй сæ къорды ис, æххуысмæ цæттæ чи сты, уыцы 300 адæймаджы.

Арв æмæ зæхх кæрæдзийы хостой, фæлæ уый дæр нæ баурæдта дзæуджыхъæуккаг къорды архайджыты сæ ахсджиаг куыстæй. Хорз зонынц, сæ конд дзаумæттæ æмæ хойрæгтæм æнхъæлмæ кæй кæсынц хæстонтæ. Уыдонимæ сын ис комкоммæ бастдзинад. Æппæтуæрæсеон змæлд хуыйны «Хуыйæм æмæ бийæм нæхиуæттæн», респуб-ликæйы волонтертæ та ма йæм хуымæтæджы нæ бафтыдтой «Ирыстонæй уарзондзинадимæ».

Не ‘мзæххон Битарты Артур Запорожьейы хæсты тæлмы госпитæлы сæргъы лæууы. Куы ссæуы, уæд сæ, цы фæхъæуы, уый тыххæй дæр, бахатыр мын кæнут, мæ цæсгом уæм нæ хъæцы, фæлæ сæ кæм самал кæнон, уый нæ зонын, зæгъгæ, æфсæрмыгæнгæ фæзæгъы. Цæфтæн – хостæ, бæттæн æрмæг, хуыссæнгæрзтæ æмæ, афæдзы афонмæ гæсгæ цы уæлæдарæс бахуыйынц, уый ацæттæ кæнынц æмæ йын сæ йемæ арвитынц.

– Хæларæй цæры немæ Артур. Нæ къухы хъæугæ дзаумайæ цыдæриддæр вæййы, уыдон ацæттæ кæнæм, суанг, уæрдæттæ æмæ цæфты цæуыл фæхæссынц, ахæм лæггуыфтæ дæр. Адæм нын алцæмæй дæр æххуыс кæнынц. Чи – æхцайæ, чи та – дзаума æмæ хойрагæй. Бузныг се ‘ппæтæн дæр. Михайловск æмæ нæ горæты Церетелийы уынджы кънйаз Владимиры аргъуантæй нæм арæх æрбахæссынц, сæрмагонд æфсæддон операцийæн дзы цы ‘хца æрæмбырд вæййы, уыдон, стæй хомаг акъоппын цырæгътæн, – зæгъы къорды уæнг Виктория Талалаева.

Цардмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, ахæм адæймæгты æрбамбырд кодта волонтерты къорды разамонæг æрыгон сылгоймаг Вера Бартель. Цæвиттон, йе ‘фсымæр 2022 азы æфсæддон училищæ каст куы фæцис, уæд райдыдта сæрмагонд æфсæддон операци, æмæ уырдæм ацыд. Уæлæдарæс мын балхæн, зæгъгæ, бахатыд йæ хомæ. Балхæныны охыл бацыд, федта æмæ йын, мæхæдæг дын бахуыйдзынæн, зæгъгæ, хъуымац балхæнынмæ  хъавыд. Ме ‘мбæлтты разæй мæ нæ хъæуы, ныхасæй, Вера бавдæлд æмæ хæстонтæн се ‘ппæтæн дæр бахуыдта уæлæдарæс. Чысылгай йын æххуысгæнджытæ дæр фæзынд, куыдфæстæмæ бавнæлдтой хызтæ бийынмæ, цæфтæ хæссынæн сынтытæ хуыйынмæ дæр.

Дзансолты-Хуыбиаты Тамарæ пенсийы рацыд, фæлæ æрвылбон дæр куыстмæ цæуæгау волонтерты кусæнуатмæ фыццаг æрбахизы:

– Ныр æртыккаг аз дæн ам, хуыйгæ никуы кодтон, ам мын бацамыдтой алцыдæр, æмæ фæцалх дæн. Ныр мæ тыххæй дæр никæй бон бауыдзæн ацы куыстæй фæхицæн кæнын, – зæгъы Тамарæ.

Дзидзойты-Цуцаты Зæирæ та ма хæстонтæн хус хъæрмхуыппытæ кæныныл дæр фæцалх:

– Хъæрмхуыппæн цыдæриддæр хъæуы, уыдон сфыцын æмæ сæ дегидраторы бахус кæнын, граммтæм гæсгæ сæ сбарын æмæ сæ пакетты ныккæнын. Вакуумы фæрцы сын дзæвгар рæстæг ис дарæн. Уæйгæнджытæй бирæтæ куы базонынц, кæмæн æлхæнын хъæрмхуыппы хъацæнтæ, уæд мын йæ аргъæй аппарынц, науæд та сын уæлæмхасæн сæ сæрыл нывæрынц, – йæ архайды фæдыл нын радзырдта Зæирæ. Аппараттæ дæрæм. Куыд базыдтам, афтæмæй адæмы фæрцы фæзындысты.

Куысты уæлхъус баййæфтам Битарты дыууæ хойы – Симæ æмæ Бэлæйы. Йæ райгуырæн бон уыд Бэлæйæн, йе ‘мкусджыты арфæйы ныхæстæй дæр бæрæг уыд, волонтерты къорды цы ахастдзинæдтæ ис кæрæдзиимæ, уый. Къорды уæнгтæ кусынц сæ хæдзæртты дæр. Адæмон фронт, республикæйы Паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министрады ‘ххуысæй райстой агъуыст. Сифтонг æй кодтой кусæнгæрзтæй. Ныр хуыйынц хæсты тæлмæй æрвыст заказтæ. Интернеты сын цы къорд ис, уырдæм арвитынц хъусынгæнинаг, æхца нæ уыйбæрц хъæуы, зæгъгæ, æмæ, йæ бон кæмæн цас вæййы, уыйас æрбарвиты хыгъдмæ.

Арфæйаг æмæ хъæугæ куыстыл хæст сты змæлды волонтертæ. Мах бирæ стæм, зæгъгæ дзы чидæр афтæ бакодта. Цыфæнды хъуыддаджы сæр лæуд ма уæд, иу уысм дæр сæ рох нæу, сæ зæрдæты ахаст æмæ къухты хъармæй кæй дæттынц ныфс сæрмагонд операцийы архайджытæн. Уыцы ныфс та Уæлахиз хæстæгдæр  кæны.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here