«Куыд зонут, афтæмæй ацы хъуыддаг дæр æххæстгонд цæуы Уæрæсейы Федерацийы Президенты майы ист Указты бындурыл. Уымæ гæсгæ, æххуысхъуаг бинонтæн, 2017 азы 31 декабры фæстæ æртыккаг æмæ фылдæр сывæллæттæ куы райгуыра, уæд сыл цалынмæ æртæ азы сæххæст уа, уæдмæ алы мæй дæр уæлæмхасæн æхца исдзысты. Ацы аз уал 652 бинонтæ райстой фæйнæ 9 730 сомы. Æдæппæт сын бахъуыдис 17 милуаны æмæ 357 мин сомы. Ацы ахсджиаг нысанæн бюджетмæ хаст æрцыдис 113 милуан сомы», — знон Хицауады æмбырды раныхас кодта фæллой æмæ социалон рæзты министр ХЪЕСАТЫ Игорь.
Æмбырд амыдта Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз
Социалон Нæ уацхæссæг ведомствойы разамонæг ма фæбæрæг кодта æндæр ахсджиаг хъуыддæгтæ дæр. Стыр æргом здæхт æрцыдис нæ республикæйы сывæллæтты фæлладуагъд, се ‘нæниздзинад сын фидар кæныны æмæ сын рæстæгмæ куыст ссарыны фарстамæ. Хъесайы-фырт куыд бамбарын кодта, афтæмæй хъуамæ фæбæлвырд кæной, æппæт уыцы нысантæ чи æххæст кæндзæн, ахæм организацитæ. Бахæссой сæ сæрмагонд хыгъдмæ, хъуыддаг сын бабар кæныны размæ хъуамæ сæ цæттæдзинадмæ, сæ куыстхъомдзинадмæ уа каст. Æрмæстдæр æууæнк кæуыл ис, æппæт домæнтæ сæххæст кæнынхъом чи у, ахæм кусæндæттæ-иу балæудзысты республикæйы сывæллæтты фæлладуагъд, се ‘нæниздзинад сын фидар кæнын æмæ сын рæстæгмæ куыст ссарыны фарстатæ æххæст кæныныл.
Фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль цы хъуыддаг рахаста рæгъмæ, уым ныхас цыдис республикæйы æппæт нысаниуæджы фæндæгтæ рацаразыны, бындуронæй сæм базилыны æмæ сæ райрæзты паддзахадон программæйыл. Уый конд у 2022 азы онг. Солийы-фырт куыд бамбарын кодта, афтæмæй 2013 азы 15 ноябры ист хицауадон уынаффæмæ хъæуы бахæссын ивддзинæдтæ, уый фæрцы Фæндаггон фонды бæрæггæнæнтæ хъæуы фæбæлвырддæр кæнын. Афтæмæй 2018 азæн фæндæгтæм базилыны охыл лæвæрд æрцæудзæн 1 миллиард 435 милуан сомы. Ныхасгæнæг бацамыдта, нырмæ цы объекттæ сарæзтой, уыдоныл цас æхца хардзгонд æрцыд, уый. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ, регионалон æмæ муниципалитетты ‘хсæн фæндæгтæ цалцæггонд цæуынц, пълан куыд амоны, афтæ, цыдæриддæр сын æхца хъæуы, уый дæттынц афойнадыл.
Тускъаты Таймуразы хъуыдымæ гæсгæ, фæндæгты хæрзхъæддзинад æмæ нывылдзинад, æппынæдзух сæ аккаг уавæры дарын у ахъаззаг, æдасдзинадимæ баст нысан. «Ацы программæ дæр хаст у национ проекттæм, нæ фæндæгтæ цас хуыздæр æмæ фадатджындæр уой, уыйас экономикæ рæвдздæр æмæ цырендæрæй рæздзæн», — бафиппайдта Хицауады Сæрдар.
Хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег фæбæрæг кодта, фосы иу сæр фæдарынæн хосгæрст æмæ хизæнуат цас хъæуы, уый сфидар кæныны фарста. Йæ ныхасмæ гæсгæ, иу сæрмæ хауы иу гектар. Æппæт æмбæлгæ барæнтæ куы сфидар кæной, уæд æвзарын райдайдзысты хосгæрст æмæ хизæнуæттæ радих кæныны тыххæй адæмы курдиæттæ. Ацы хъуыддаг фæахъаз уыдзæн фосдарынад аккаг æмвæзадмæ сисынæн, хъæууонхæдзарадон продукци фылдæр уадзынæн. Хицауады Сæрдар бафæдзæхста Уазийы-фыртæн, Паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министрад, муниципалон районты разамонджытæн, цæмæй равзарой, ныронг дæргъвæтин æмгъуыдмæ цы хизæнуæттæ æмæ хосгæрстытæ дихгонд æрцыдысты, уыдонæн сæ экономикон пайда.
Арæзтад æмæ архитектурæйы министры фыццаг хæдивæг Бызыккаты Батрадз æмбырды архайджыты базонгæ кодта «РЦИ-Аланийы 2016-2020 азты граждæнтæн аслам æмæ фадатджын цæрæнуæттæ дих кæныны» паддзахадон программæмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл фарстаимæ. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй ивддзинæдтæ адихгæнæн ис æртæ хайыл. Фыццаг хаймæ бахастæуыд, техникон бындур кæмæн ис, ахæм ивддзинæдтæ. Дыккаг хайы ивддзинæдтæ баст сты цæрæнуæттæ балхæнынæн фыццаг фиддоны ныхмæ нысанмæарæзт субсидитæ дих кæныны уагæвæрдимæ. Кæнæ та ипотекон æфстау чи райста, уымæн йæ процентты ныхмæ æхца бафидынимæ. Ацы хъуыддаг сын бахæс кодта нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Афтæмæй 2018 азы 3 июлы сфидар кодтой республикон закъон, æмæ уый фæрцы фæзынд граждæнтæн уæлæмхасæн æххуысы хуыз.
Ныхасгæнæг æрхаста, ацы субсидитæ кæмæн ис раттæн, уыдоны хыгъд дæр, ома, 35 азы онг кæуыл цæуы, хъæуккаг цæрæн бынæтты чи цæры æмæ кусы, ахæм специалисттæ, скъолаты, амбулаториты, рынчындæтты, культурæйы уагдæтты кусджытæн. Ацы аз нысанæн бюджеты æвæрд æрцыди 10 милуан сомы, афтæмæй паддзахадон æххуыс райсдзысты 20 бинонтæ.
Паддзахадон программæйы æртыккаг хайы ивддзинæдтæм хаст æрцыд граждæнтæн фатертæ балхæныны программæ «Цæрæнуæттæ — уæрæсейаг бинонтæн»-ы фæлгæты, уыимæ, сæ бон спайда кæнын у ипотекон æфстæуттæй дæр. «Куыд зонут, афтæмæй 2016-2017 азты нæ республикæйы æххæстгонд цыдис программæ «Цæрæнуæттæ — уæрæсейаг бинонтæн». Бирæ адæмы фæндыдис уым архайын, кæддæриддæр арæзт цæрæнуæттæ курдиæттæй уыдысты къаддæр. 2016 азы арæзт æрцыди 10 мин квадратон метры, уыдоны фæрцы фатертæ фæзынд 156 бинонтæн. Ипотекон æфстауы фæрцы фыццаг фиддон чи скодта, уыдонæн та радтой 55 æвдисæндары субсидитæ райсынæн. Сæ бæрц рауад 18,5 милуан сомы», — загъта министры фыццаг хæдивæг.
Уый æрхаста 2017 азы бæрæггæнæнтæ дæр, куыд фæнысан кодта, афтæ сæ зæрды ис программæ 2018- 2020 азтæм адарддæр кæнын. Ныронг цыдæриддæр фæтк уыдис субсидитæ райсынæн, программæйы архайынæн, уыдæттæ ивд нæ цæуынц. Æрмæстдæр фæфылдæр сты, программæйы архайыны бар цы граждæнты категоритæм хауы, уыдон. Афтæмæй 2018 азы хъавынц, йæ фæзуат 7 мин квадратон метрæй къаддæр кæмæн нæ уыдзæн, ахæм бирæуæладзыгон хæдзар саразынмæ. Республикон бюджетæй йын субсидитæ лæвæрд æрцæудзæн 15 милуан сомæн. Æмбырды ма равзæрстой æмæ сфидар кодтой æндæр ахсджиаг фарстатæ дæр.
ÆХСАРАТЫ Р.














