Цæгат Ирыстоны Оперæ æмæ балеты театры (ныр — Марияйы театры филиал) сфæлдыстадон сырæзтыл зæрдæйæ æмæ удуæлдайæ чи архайы, уыцы зарæггæнджыты тыххæй куы дзурæм, уæд се ‘хсæнæй бæрæг бæлвырдæй зыны УФ-йы æмæ РЦИ-Аланийы адæмон артист, зындгонд оперон зарæггæнæг, рухстауæг БÆЦÆЗАТЫ Юрийы ном æмæ ирд курдиат. Йемæ баст у нæ культурæйы æмæ профессионалон музыкалон аивады рæзты æнæхъæн дуг. Юри фæндзай азæй фылдæр зæрдиаг æмæ биноныг лæггад кæны Ирыстонæн, куыд зарæггæнæг æмæ рухстауæг. Хуыцауæй йæм цы курдиаты хъомыс ис, уый дзæнхъадурау сæрттывта æмæ фестади нæ дзыллæйæн æрдхæрæны цины æмæ амонды хос
Бæцæзаты Азмадийы фырт Юри райгуырд Заманхъулы. Ам банкъардта ирон адæмон зарæджы æцæг ад. Фыдæлтыккон вокалон уацмыстæ йын систы йе сфæлдыстадон удцырыны тæккæ ахъаззагдæр æмæ стырдæр ратæдзæнтæ. Юри суанг скъоладзауæй бауарзта зарæг. Архайдта хъæуы скъолайы хихъæппæрисадон къорды, цагъта адæмон музыкалон инструменттыл, хъусынæй не ‘фсæст, хъæуы ацæргæ лæгтæ фæскуыст цы адæмон зарджытæ кодтой, уыдонмæ. Фæстæдæр зарæггæнæг зæгъдзæн: «Профессионалон оперон зарæггæнæджы аивадмæ мын фæндаг айгæрста ирон адæмон зарæг». Уый афтæ уыд, бæгуыдæр! Юри ма скъолайы ахуыр кодта, афтæмæй сæ хъæумæ ныццыд зындгонд музыкант æмæ дирижер Леон Давыдов. Æмæ йын ахуыргæнджытæ куы радзырдтой, се скъолайы, аивадмæ зæрдæргъæвд лæппу кæй ахуыр кæны, уый, уæд æй Леон æвæстиатæй бацагуырдта æмæ Юрийæ ракуырдта, цæмæй йын балалайкæйыл ацæгъда æмæ азара. Лæппу ныфсæрмытæ. Фæлæ уæддæр зындгонд музыканты фæндон сæххæст кодта. Юри зард æмæ цагъд куы фæци, уæд æй Леон рæвдаугæ æрбахъæбыс кодта, йæ цæстытæ та дзаг уыдысты æгæрон цинæй. Ноджы ма уыцы азты зындгонд уыдысты индийаг кинонывтæ «Бродяга» æмæ «Господин 420». Уым цы зарджытæ уыд, уыдон дæр Юри хорз зыдта, зæрдиагæй сæ зарыд скъолайы аивадон изæрты. Æмæ уазæджы зæрдæ уыцы зарджытæй дæр Юри куыд нæ хъуамæ барухс кодтаид. Уæд Давыдовы æцæгæйдæр бауырныдта, стыр фидæн æм кæй æнхъæлмæ кæсы, уый, æмæ йын бафæдзæхста, цæмæй скъолайы фæстæ йæ ахуыр адарддæр кæна музыкалон училищейы (ныр — Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледж). Юри æцæгæйдæр цалдæр азы фæстæ сси ацы ахуыргæнæндоны вокалон хайады студент. Зарæггæнæджы дæсныйады сусæгдзинæдтæ йын амыдта Павел Брядихин. Фидæны номдзыд зарæггæнæгæн йæ ахуыры хъуыддæгтæ афтæ хорз цыдысты, æмæ училищейы æртæ курсы каст куы фæци, уæд ацыд Мæскуымæ Петр Чайковскийы номыл консерваторимæ. Ам дæр ыл йæ ахуыргæнæг, профессор Оксанæ Свешникова тынг зæрдиагæй сæмбæлд æмæ йæм кæддæриддæр каст аудæг цæстæй. Фæлæ лæппуйы цалдæр азы фæстæ йæ ахуыры бынат аивын бахъуыд. Æмæ афтæмæй Юри сси Саратовы паддзахадон консерваторийы студент. Ам та йæ ахуыргæнæг уыд профессор Александр Быстров. Ацы ахуыргæнæндоны дæр Юри йæхи равдыста фæзминаг æмæ курдиатджынæй. Фæстаг дыууæ курсы куы ахуыр кодта, уæд æй кусынмæ æрбахуыдтой Саратовы оперон театрмæ. Йæ бæрны йын кодтой зындгонд партитæ дунейы æмæ Уæрæсейы композиторты оперæты æмæ опереттæты.
Саратовы æрдзон уавæртæ æмæ йæ ран тынг фæцыдысты Юрийы зæрдæмæ. Æмæ ахуыр куы фæци, уæд ноджы зæрдиагдæрæй бавнæлдта сфæлдыстадон куыстмæ ацы оперон театры. Уымæй уæлдай ма-иу арæх Юри архайдта, хицауадæн цы сæрмагонд концерттæ лæвæрдтой Саратовы артисттæ, уыдоны.
Ивгъуыд æнусы 70 азты Ирыстоны байгом Оперæ æмæ балеты паддзахадон театр. Партийы обкомы фыццаг секретарь Хъæбæлоты Билары хуындмæ гæсгæ йæ райгуырæн уæзæгмæ ссыд Бæцæзаты Юри æмæ зæрдиагæй кусын райдыдта нæхи Оперæ æмæ балеты театры. Ам ма йемæ сфæлдыстадон æнтыстджын куыст кодтой нæ иннæ номдзыд зарæггæнджытæ Билаонты Долорес, Дзуццаты Виктор, Гæцойты Алыксандр, Гæлуаты Азæ, Мыкагъаты Петр, Хъуылаты Елхъан, Котолиты Мария æмæ иннæтæ. Цыбыр рæстæгмæ театры æнтыстджын сфæлдыстадон куысты кой айхъуыст канд Ирыстоны аивадуарзджытыл нæ, фæлæ æгас Советон Цæдисыл. Фидарæй афтæ зæгъæн ис, Юри кæддæриддæр кæй уыд æмæ абон дæр у нæ курдиатджындæр зарæггæнджытæй сæ тæккæ зынгæдæр. Алы азты Оперæ æмæ балеты театры сценæйы сфæлдыста амæй-ай ирддæр сурæттæ куыд оперæты, афтæ опереттæты: Петр Чайковскийы «Пиковая дама»-йы — Томский, «Иоланта»-йы — Эбн-Хакияйы, «Евгений Онегин»-ы — Онегин, Вердийы «Аида»-йы — Амонастройы, Джорж Бизейы оперæ «Кармен»-ы — Эскамильойы, Вердийы «Риголетто»-йы — Риголетто, Сергей Шебалины оперæ «Укрощение строптивой»-йы — Петручио, Айч Тимсы оперæ «Алекс»-ы — Алекс, Пьетро Масканийы оперæ «Сельская честь»-ы — Альфио, Шарль Гунойы оперæ «Фауст»-ы — Валентин, Вердийы «Травиата»-йы — Жермон, «Бал Маскарад»-ы — Ренато æмæ бирæ æндæрты. Æдæппæт 100 фæлгонцæй фылдæр сарæзта Юри йæ уарзон Оперæ æмæ балеты театры сценæйы.
Йе сфæлдыстадон цæхæр æрттывта ирон композиторты оперæты æмæ опереттæты сæйраг сурæттæ аразгæйæ дæр. Уыдон дæр чысыл не сты: Гæбæраты Ильяйы оперæтæ «Оллана»- йы — Амран æмæ «Азау æмæ Таймуразы» — Таймураз, Хаханты Дудары оперæ «Ханты цагъд»-ы — Бæтæхъо, Хаханты Дудары опереттæ «Хæмæт æмæ Зæринæ»-йы — Хæмæт. Афтæ зæгъæн ис, æмæ Юрийы алы рацыд дæр, оперæйы уа æви опереттæйы, уыд зынгæ цау Ирыстоны аивады. Уымæн æмæ Юри йæ алы фæлгонцыл куыста зæрдиагæй æмæ йæм æнтыстыты хур дæр йæ рахиз цæстæй уымæн каст. Уæдæ йе ‘нтыстыты тыххæй цал æмæ цал хатты фыстой газетты æмæ журналты, уыдонæн кæрон дæр нæй.
Бæцæзаты Юрийæн йе сфæлдыстадон азфыст бирæвæрсыг æмæ хъæздыг у. Сæрмагонд бынат дзы ис Плиты Христофоры оперæ «Къоста»-йæн. Зарæггæнæг дзы равдыста Иры номдзыд хъæбул Къостайы сурæт. Куы йын æй бабар кодтой театры разамынд, уæд Юри фырцинæй йæхицæн бынат нал ардта. Агуырдта ног æмæ ног гæнæнтæ, поэты сурæт куыд гæнæн ис, афтæ хорз равдисыныл. Цал æмæ цал æнæхуыссæг æхсæвы арвыста. Æмæ йæ фыдæбæттæ дзæгъæлы нæ фесты. Ацы оперæ равдыстой Мæскуыйы дæр Немирович-Данченкойы номыл академион театры, æмæ йын скодтой стыр аргъ. Йæ дирижер та уыд Советон Цæдисы адæмон артисткæ Дудараты Вероникæ. Канд ацы театры нæ, фæлæ нæ бæстæйы иннæ оперон сценæты ацы уацмыс цыд æнтыстджынæй. Афтæ зæгъæн ис, æмæ Юрийæн номдзыд поэты сурæт саразыны хъуыддаг кæй бахæс кодтой, уый дзурæг у ууыл, æмæ йын стыр аргъ кæй кодта, йе сфæлдыстадон тыхтыл кæй баууæндыд зындгонд режиссер Лекъты Юри. Ацы оперæйы фæрцы Бæцæзы-фырт схызт ног сфæлдыстадон бæрзонддæр къæпхæнмæ. Афтæ зæгъæн ис, æмæ уый у йе сфæлдыстадон фæндаджы азфысты ирддæр сыфтæй иу.
Номдзыд оперон зарæггæнæг, йæ адæмы иузæрдион хъæбул Бæцæзаты Юри ирон æмæ нæ бæстæйы профессионалон музыкалон аивадæн удуæлдайæ лæггад кæны 45 азæй фылдæр. Уыцы-иу рæстæг æм профессионалон музыкалон аивады ис арф æмæ бирæвæрсыг зонындзинæдтæ. Уыдонæй къорд азы рæдау хай кодта Дзæуджыхъæуы Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы вокалон хайады студенттæн. Фæсивæд ын кæддæриддæр йæ амынддзинæдтæм хъуыстой стыр æхсызгонæй, дисы сæ æфтыдтой йæ курдиаты уæрæх æмæ бирæвæрсыг авналæнтæ. Ныртæккæ Юрийы ахуырдзаутæй бирæтæ сæхæдæг дæр систы зындгонд зарæггæнджытæ. Æнтыстджынæй сфæлдыстадон куыст кæнынц, куыд Ирыстоны, афтæ нæ бæстæйы аивадон артдзæстыты.
Бæцæзаты Юри Ирыстоны аивады йæ адæмæн йæхи базонын кодта куыд лирикон æмæ адæмон зарæджы дæсны дæр. Радио æмæ телеуынынадæй кæддæриддæр йæ зæлланггæнаг, хæдхуыз ахорæнтæй дзаг хъæлæс куы райхъуысы, уæд адæмы зæрдæтæ хурварс абадынц. Сценæмæ йæ рацыдыл зæрдиагæй, тыхджын къухæмдзæгъдимæ сæмбæлынц аивадуарзджытæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Бæцæзаты Юри йæ дзыллæйы зæрдæтæм фæндаг раджы кæй айгæрста, йæ ирд курдитæй сын сæ зæрдæтæ раджы кæй балхæдта. Æмæ йын йе сфæлдыстадон æмæ рухстауæн архайдæн нæ республикæйы кадджындæр хорзæх — Хетæгкаты Къостайы номыл сæрмагонд паддзахадон премийæ аргъ куы скæниккой, уæд уый уаид зæрдæйы фæндиаг хъуыддаг.
ГАСАНТЫ Валери














