Амалхъомады райрæзты фарстатæ

0
436

 

Дзæуджыхъæуы администрацийы цур йæ куыст райдыдта Амалхъомады райрæзты фарстаты фæдыл совет. Уый тыххæй фехъусын кодта горæты- администрацийы прессслужбæ

Къуырийы райдайæны уыцы советæн уыд фыццаг æмбырд. Сæрдариуæг дзы кодта горæты администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис. Администрацийы разамонæг йæ раныхасы куыд фæнысан кодта, афтæмæй хицаудзинад æмæ амалхъомады минæвæрттæ цас æнгомдæр æмгуыстад кæной, уый бæрц хуыздæр уыдзæн горæты экономикон уавæр, уый бæрц бæстондæр лыггонд цæудзысты социалон фарстатæ дæр.

Администрацийы экономикæ æмæ амалхъомады управленийы раза- монæг Битарты Лавер æмбырды архайджытæн бæстон радзырдта, хæстæгдæр рæстæг администраци цавæр ахсджиаг проекттыл кусдзæн, уый тыххæй. Горæты администраци æмæ амалхъомады структурæты ‘хсæн æмгуыстады фæдыл сæ хъуыдытæ загътой æмæ фæндæттæ бахастой со- веты уæнгтæ, стæй æмбырды архайæг иннæ адæм.

Фембæлды фæстæ РЦИ-Аланийы амалхъом- ты барты фæдыл æххæстбарджын Медойты Тимур куыд фæнысан кодта, афтæмæй æмбырды рауад пайдайаг ныхас, нысангонд æрцыдысты дарддæры æмархайды фæндæттæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here