Ныхас сидзæр сывæллæттыл куы цæуа, уæд ахæм ныхасæн ис уæлдай фылдæр уæз

0
657

 

А фæстаг рæстæг Интернеты тыгъдады, дзыллон хабархæссæг фæрæзты ногæй сарæх сты сывæллæтты хæдзар «Виктория» æмæ сидзæрты хæдзар «Хуры тын» баиу кæныны фæдыл ныхæстæ. Адæм цъиувæдис систой. Чи зæгъы, «Виктория»-йы зæххытæ балхæнынмæ хъавынц, сывæллæттæ та æндæр ранмæ ивынц, чи æндæр ныхæстæ… Фæлæ ныхæстæ алыхуызон сты, чи дзы дамдумтæ вæййы, чи та, бындур кæмæн ис, ахæмтæ.

«Рæстдзинад» дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ фыста ацы фарстайы фæдыл. Æппынфæстаг, уавæр фæбæлвырд кæныны æмæ дам-думтæн кæрон скæныны тыххæй нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Иринæ Азимова сарæзта прессконференци æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæн радта официалон комментари:

— Сывæллæтты хæдзар «Хуры тын» æмæ сидзæрты хæдзар «Виктория» баиу кæныны хабар æваст нæ уыд, ныхас ыл цыд дзæвгар рæстæг уавæр æвзæрст цыд бæстон æмæ алы ‘рдыгæй, æмæ хъусынгæнинаг хæццæ кодтам дзыллон хабархæссæг фæрæзтæй алкæмæн дæр. Цæмæн бахъуыд баиу кæнын ацы дыууæ кусæндоны? Фыццаджыдæр уымæн, æмæ, дыууæ хæдзары дæр цы сывæллæттæ уыд, уыдоны нымæц фæстаг рæстæг дзæвгар фæкъаддæр. Республикæйы цы цыппар сидзæрдоны ис — «Виктория», «Хуры тын», сидзæрты хæдзæрттæ Мæздæджы æмæ Дур-Дуры — уым, æмткæй райсгæйæ, 2015 азы сидзæр сывæллæтты иумæйаг нымæц уыд 258 адæймаджы, ныртæккæ та у 97, уыдонæй дæр 20 сты скъолайы рауагъдонтæ.

«Виктория» æмæ «Хуры тын» биу кæныны дыккаг æфсон уыд, сывæллæттæн дзы цæрыны æмæ хъомыл кæныны домæнтæн «Виктория»-йы бæстыхæйттæ дзуапп кæй нал лæвæрдтой. Фынæй кæм кодтой, уыцы корпус, о, у нырыккон, уавæртæ дæр дзы ис, фæлæ — æрмæст ацы ран. Ныхас хæринаг кæныныл, медицинон лæггæдтæ аразыныл куы рацæуа, уæд дзы уыдæттæн та уавæртæ æппындæр нæ уыд. Уæдæ хъазæн уæттæ, сывæллæтты рæзтæн уæлæмхасæн бынæттæ дæр «Виктория»-йы нæй. Зæронд дыууæуæладзыгон корпус та дзуапп æппындæр ницавæр санитарон домæнтæн дæтты, æмæ сывæллæтты, уæлдайдæр, сидзæр сывæллæтты, ахæм уавæрты дарын — уый у стыр знаггад.

«Хуры тын»-ы та Уæрæсейы Хицауады Уынаффæмæ гæсгæ сидзæр æмæ æвæгæсæгæй баззайæг сывæллæттæн арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр, раст цыма фатерты цæрынц, ахæмтæ. Ис дзы хицæн блоктæ, хицæнæй — хъазæн зонæ æмæ, фынæй кæм кæндзысты, ахæм уæттæ, хицæн хинайæнтæ. Хæринаг кæныны уавæртæ дæр дзуапп дæттынц æппæт нырыккон домæнтæн, ис дзы зæрдæмæдзæугæ хæрæндон, нырыккон ифтонггæрзтæ. Сывæллæтты æдасдзинадæн дзы тæссаг ницæмæй у.

Мах рагацау ныхас кодтам сывæллæттимæ, фембæлдыстæм-иу «Виктория»-йы кусджытимæ дæр. Æмæ зæгъын хъæуы, адæм, æцæгæйдæр, кæй æмбæрстой, дыууæ сидзæрдоны баиу кæнын раст къæхдзæф кæй уыдзæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, тыхстысты сæхи дарддæры хъысмæтыл. Æз бафыстон уынаффæ, æмæ уымæ гæсгæ арæзт æрцæудзæн сæрмагонд кусæг къорд, уый «Хуры тын»-ы разамындимæ иумæ дыууæ коллективæй хъуамæ сараза ног куыстхъом коллектив. Се ‘ппæтæн, кæй зæгъын æй хъæуы, ног куысты бынат нæ разындзæн, уымæ гæсгæ кусæг къорды хæс уыдзæн, чи баззайа, уыдонæй алкæмæн дæр куыст ссарын. Æндæр не ‘хсæн ницавæр быцæу ныхас кæнæ хъæстытæ уыд.

Сывæллæтты тыххæй куы дзурæм, уæд семæ дæр арæх æмбæлдыстæм, ис нын хорз ахастытæ. Уыдон æй зыдтой, рæхджы ног хæдзармæ кæй балиддзысты æмæ сæ цæрыны уавæртæ хуыздæрæрдæм кæй аивдзысты, уый.

Интернеты цы видеоролик равдыстой, сывæллæтты, дам, æхсæвыгон сусæгæй ласынц, зæгъгæ, уый тыххæй дæр мæ бон зæгъын у афтæ. Сывæллæтты, стæй ма хæдзары дзаумайæ чи бæззыд, уыдон ластой къордгай. Райдыдтой хæдзары дзаумайæ. Сывæллæтты та ныууагътой фæстæдæрмæ, цæмæй æхсæвæр бахæрой ног бынаты. Уыцы бон ма сывæллæттæн æрбаластой ног скъолайы формæ, æмæ йæм кастысты æнхъæлмæ, сæхи бафæндыд сæ ног дзаумæ ног бынатмæ æрбаласын. Талынгмæ барæй ничи æнхъæлмæ каст æмæ сусæгæй ничи ницы кодта. Кæд искæмæ афтæ фæкаст, уæд уый у рæдыд æмæ æнæбындур цæстæнгас.

Уæвгæ, ахуыргæнæндæтты реорганизациимæ баст алы хъуыддаг дæр æнæ экспертон къамисы уынаффæйæ нæ ацæуы. Ахæм къамис арæзт уыд ацы хатт дæр, æмæ дыууæ сидзæрдоны баиу кæныны уынаффæ хастой Парламенты уæнгтæ, Роспотребнадзоры минæвæрттæ, Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын минæвар, педагогон æхсæнады минæвæрттæ. Æмæ уыдон рахастой уынаффæ, сæ баиу кæныны хъуыддаджы æвзæрæй кæй ницы ис, канд уый нæ, фæлæ ма сидзæр сывæллæттæн алырдыгæй дæр уыдзæн пайда.

Куыд загътон, афтæмæй сидзæр сывæллæттæй 20 сты скъолайы рауагъдонтæ, уыдонæй чидæр бацæудзæн профессионалон училищетæм, чидæр та йæ ахуыр 10- æмæ 11-æм кълæсты адарддæр кæндзæн. Училищетæм чи бацæуа, уыдоны хъысмæтыл, сæ ахуырыл, сæ куыстыл, куыд зонæм, афтæмæй республикæйы Сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ, дзуапдæттæг свæййы хицæн министрад кæнæ комитет. Училищетæм чи ацæуа, уыдон æрцæрдзысты æмдзæрæнты, æмæ ма «Хуры тын»- ы баззайдзæн æрмæстдæр 45 сидзæр сывæллоны. Афтæмæй та санитарон карздæр домæнтæм гæсгæ, ацы ран дарæн ис æппынфылдæр 60 сывæллоны.

Уæвгæ та мæ фæнды зæгъын уый, æмæ, дам-думтæ æмæ хатдзæгтæ кæныны размæ уал адæймаг хъуамæ раттаид ахæм фарст: цæмæн бахъуыд баиу кæнын дыууæ сидзæрдоны? Цæстмæ йæ никæмæн хæссын, уымæн æмæ махæн уый у нæ куыст, фæлæ махæй уæлдай сидзæрты хæдзармæ ничи цыд æмæ ничи уыдта, цы уавæрты цардысты сывæллæттæ, уый. Уавæртæ та уыдысты тынг сагъæссаг. Æмæ, хъомылгæнджытæ сæ хæстæ куыд æххæст кæнынц, сывæллæттæн цавæр хæринаг æмæ цы уавæрты хæрын кæнынц, куыд сæм кæсынц — æппæт ацы фæрстытæн дзуапп домын куы райдайæм, уæд уый алкæй зæрдæмæ нæ цæуы. Махæн та нæ фæндон у иунæг — сидзæр сывæллæттæ хъомыл æмæ ахуыр кæнынæн цыдæриддæр æхца дихгонд цæуы, уый сæм хъуамæ хæццæ кæна капеччы онг, æмæ нæ цæст алкæддæр уымæ дардзыстæм. Кæсдзыстæм, цавæр хæринаг кæнынц сывæллæттæн, цавæр дзаума æмæ къахыдарæс сын æлхæнынц æмæ афтæ дарддæр. Æмæ æфхæрдзыстæм, сæ хæстæ аккагæй æххæст чи нæ кæны, уыцы хæринаггæнджыты, хъомылгæнджыты, разамонджыты.

Алыхуызон ныхæстæ цæуынц, «Виктория»-йы зæххытæ æмæ йæ бæстыхæйтты дарддæры хъысмæты тыххæй. Мæ бон фидарæй æмæ бæрнонæй зæгъын у: зæххытæ дæр, бæстыхæйттæ дæр, йæ исбон дæр кæй сты республикæйы исбонады, республикæйæ уæлдай сæм бар кæй ничи дары, æмæ дарддæр дæр сæ пайдагонд кæй цæудзæн ахуырадон нысантимæ. Уыдон æххæст кæнгæйæ æмæ национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты ацы ран арæзт кæй æрцæудзæн курдиатджын сывæллæттимæ уæлæмхасæн ахуырадон центр.

Мах ныхас кодтам «Хуры тын»-ы директор Тменаты Феликсимæ дæр, æмæ загъта афтæ:

— Абоны бонмæ нæ хъомылгæнинæгты нымæц у 51 адæймаджы. Нæ гæнæнтæм æмæ санитарон домæнтæм гæсгæ та нæ бон у хъомыл кæнын 60 сидзæр сывæллоны. Æрæджы нæм кæронмæ ахæццæ сты бындурон цалцæггæнæн куыстытæ. Сывæллæттæн цæрынæн, ахуыр кæнынæн æмæ сæ дарддæры рæзтæн нæм ис æппæт уавæртæ дæр. Куыд зонын, афтæмæй сын раздæр ахæм уавæртæ нæ уыд. Сывæллæтты нæм æрбаластой знон, фæлæ махæн, стæй нæхи хъомылгæнинæгтæн дæр æнæзонгæ нæ уыдысты. Дыууæ сидзæрдоны хъомылгæнинæгтæ кæрæдзи хорз зыдтой раздæр дæр, иумæ архайдтой алыхуызон ахуырадон æмæ хъомыладон мадзæлтты, уымæ гæсгæ, ног бынатыл сахуыр уой, уымæн сæ бирæ рæстæг нæ бахъуыд. Алчидæр сæ æрцард йæ ног бынаты, æмæ кæрæдзи хорз æмбарынц.

Нæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы дыууæ комментарийы фаг сты, цæмæй дыууæ сидзæрдоны алыварс алыхуызон раныхас-баныхæстæн кæрон æвæрд æрцæуа. Æз фæразæй уонæй алыхуызон дам-думтæ кæнгæйæ, хистæртæй айрох, ныхас сидзæр æмæ æвæгæсæгæй баззайæг сывæллæтты хъысмæтыл кæй цæуы æмæ алы ныхасæн дæр уæлдай уæз кæй ис, уый.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here