Беслæны скъоладзауты цинвæлыст бон

0
600

 

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз, нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Иринæ АЗИМОВА, Рахизфарсы районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг БЕРКЪАТЫ Константин архайдтой Беслæны, Спецназы хъæбатырты номыл астæуккаг скъолайы ног ахуыры азы райдайæны кадæн цы бæрæгбон уыд, уым.

Ахуыры азы фыццаг цинвæлыст боны сæйраг архайджытæ уыдысты фыццагкъласонтæ. Уыдон иуæндæсæмкъласонтæй райстой символикон дæгъæл зонындзинæдты дунемæ. Кæстæртæ лæмбынæг байхъуыстой сæ хистæр æмбæлтты зæрдиаг арфæтæм, зæрдæ сын бавæрдтой, фæзминаг кæй уыдзысты æгъдауæй дæр æмæ ахуыры дæр, уымæй.

— Зынаргъ скъоладзаутæ, ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ! Разæй уæм æнхъæлмæ кæсы ног ахуыры аз. Уый æххæст у æнæферохгæнгæ рæсугъд бонтæй, ногдзинæдтæй. Фыццагкъласонтæн та райдыдтой сæ фыццаг къахдзæфтæ зонындзинæдты рæсугъд фæндагыл. Ссардзысты йыл ног зонгæтæ æмæ хæлæртты, райсдзысты, царды сæ æнæмæнг чи бахъæудзæн, ахæм зонындзинæдтæ, суыдзысты зондджын æмæ фендджын. Ахуырады процессы уæлдай стырдæр æмæ вазыгджындæр хæстæ ахуыргæнджытыл æвæрд ис. Бузныг уын зæгъын, уе ‘нæзæрдæхудт куысты тыххæй. Мæ цæст уын уарзы æнтыстдзинæдтæ æмæ сабырдзинад, — йæ арфæйы ныхасы загъта Тускъаты Таймураз.

Бæрæгбоны хъæздыг программæйы кæронбæттæн хайы фыццагкъласон Мæргъиты Валерия æмæ иуæндæсæмкъласон Дзандарты Алан, ног ахуыры аз кæй райдыдта, уый нысанæн радтой дзæнгæрæг. Уый фæстæ ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ ацыдысты сæ ахуыргæнæн кълæстæм. Фыццаг урок алы къласы дæр уыд Лæгдзинады урок.

Тускъаты Таймураз æмæ иннæ кадджын уазджытæ федтой Беслæны 1-æм скъолайы террористон фыдракæнды амæттæгты номарæн зал æмæ музей. Ам æфснайд сты, 14 азы размæ террористон фыдракæнды хъыгдард чи баййæфта, стæй скъоладзауты, ахуыргæнджыты, ныййарджыты чи ирвæзын кодта, уыдоны къамтæ, фыстæджытæ Беслæны скъолайы ахуырдзаутæм Уæрæсейы æмæ дунейы алы рæттæй. Музеймæ цæстдарæг Гуыриаты Надеждæ, уымæн дæр террористон фыдракæнды фæмард сты йæ дыууæ хъæбулы, уазджыты базонгæ кодта музейы фонды æрмæджытимæ, радзырдта амынæты чи уыд, уыцы сывæллæттæ ныртæккæ цавæр дæсныйадыл хæст сты, царды цавæр фæндæгтыл ацыдысты, уый тыххæй. Тускъаты Таймураз ын зæрдиаг арфæ ракодта, музейы æрмæджытæм хæдзардзин цæстæй кæй кæсы, уый тыххæй. Уыдоны фæрцы та адæмы зæрдæты цæрынц зынгхуыст скъоладзауты, ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты рухс нæмттæ.

Кадджын уазджытæ ма бабæрæг кодтой скъолайы бæстæзонæн музей. Федтой дзы ирон адæмы цардыл дзурæг æрмæджытæ: фыдæлты музыкалон инструменттæ, уæлæдарæс æмæ æндæр цымыдисаг дзауматæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here