Хицауады хёдзары уыд сидзёртё ёмё ныййарджытёй ёвёгёсёг сывёллёттён цёрёнуёттё раттыны бартё бахъахъхъёныны Республикё Цёгат Ирыстон-Аланийы Хицауады цур ведомствоты иумёйаг къамисы ёмбырд. Амыдта йё РЦИ-Аланийы Хицауады Сёрдары хёдивёг Иринё АЗИМОВА
Къамисы скондмё цы ивддзинёдтё бахастой, уыдонмё гёсгё йё сёрдарёй нысангонд ёрцыд Иринё Азимова, йё ног ёвзёрст уёнгтё та систы: РЦИ-Аланийы фёллойы ёмё социалон рёзты министр Хуыбиаты Барис, РЦИ-Аланийы цёрёнуётты-коммуналон хёдзарады, артаджы ёмё энергетикёйы министр Таматы Майрён, РЦИАланийы арёзтады ёмё архитектурёйы министры хёдивёг Бититы Ромео.
Республикёйы сидзёр сывёллёттё ёмё ныййарджытёй ёвёгёсёг сабитён цёрёнуёттё раттыны номхыгъдмё ивддзинёдтё бахёссыны тыххёй къамисы уёнгтё байхъуыстой РЦИ-Аланийы фёллойы ёмё социалон рёзты министры фыццаг хёдивёг Маматы Анжелёйы раныхасмё. Къамисы уёнгтё цы номхыгъд сфидар кодтой, уымё гёсгё сё нымёц у 1357, уыдонёй 984 бацыдысты ёххёст кары. 2018 азы дзы 60 адёймагён лёвёрд ёрцыд цёрёнуёттё.
Сидзёр сывёллёттён цёрёнуёттё раттыны ёмё бадзырдтё саразыны тыххёй 2018 азы 20 июны къамисы ёмбырды уынаффётё куыд ёххёстгонд ёрцыдысты, уый тыххёй раныхас кодта РЦИАланийы цёрёнуёттыкоммуналон хёдзарады, артаджы ёмё энергетикёйы министры хёдивёг Хъуппеты Тёирё. Къамисы уёнгтё бёстон ёрныхас кодтой, фатертё кёмён ёмбёлы, уыдонимё бадзырдтё саразыны фётк сбёлвырд кёныны фёдыл ёмё номхыгъдтём бёстондёр закъоны домёнтём гёсгё ёркёсыны тыххёй, цёмёй дзы иунёг дёр ёфхёрды бынаты ма баззайа.
Къамисы уёнгтё ма баныхас кодтой хёстёгдёр рёстёджы ног ёмбырд саразын ёмё 2019 азы организацион фарстаты фёдыл бёлвырддёр ёрныхас кёныныл.
КАСАТЫ Батрадз














