Тæрхоны карз æгъдау

0
846

 

Цы у фыдæлтыккон тæрхон? Цы амоны? Цы æвдисы? Йæ мидис, йæ ахъаз цы у? Кæмæн æмæ цæмæн чындæуыд? Кæд уыд? Цы фæци? Кæдæй нæм нал ис? Куыд уыд? Фæрстытæ — бирæ, дзуаппытæ — хæрзчысыл. Уый диссаг у! Нæ цардæн, нæ миддунейæн мах кæддæриддæр агурæм дзуапп. Раст дзуапп, фæлæ кæм ис? Æдзух æй нæ арæм, агурын та йæ хъæуы…

Нæ фыдæлтæм-иу карджын куырыхон лæджы хуыдтой дзуапджын. Дзуапджын лæг зынаргъ у! Уымæй-иу загътой: уый сын аккаг дзуапп ссардзæн. Цы у уæдæ дзуапп? Дзуапп фарстæй гуыры, фарст та — цардæй. Куыд уыд нæ цард, куыд у æмæ куыд уыдзæн? Ахæм фарст ма сæвæрæм нæ размæ.

Нæ рагфыдæлтæ-иу куырыхон лæгтæй сæвзæрстой тæрхон. Уый нæм æрхæццæ XVII-XVIII æнусты онг. 1774 азы, Уæрæсеимæ баиуы заман, фесæфт. Гъе, уæдмæ нæм уыдис тæрхон нæ Иры. Уый фенæн ис Къостайы «Додой»-ы: «Зæй уæ фæласа, нæ тæрхоны лæгтæ, Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау».

Уыцы зæрдæмæхъаргæ ныхас абон дæр ары йæ бынат, фæлæ уый тыххæй — фæстæдæр. Кæд æмæ кæм равзæрди «тæрхон»? Уый уыд тынг раджы, нæ рагфыдæлтæ скифтæм, сæрмæттæм, алантæм.

Цы уыд æмæ цы у тæрхон?

Тæрхон у уагæвæрд, барад æмæ æгъдау, ома, закъон. Æнæ уый нæ фыдæлтæн бирæ нæ бантыстаид. Æркæсæм историон æцæгдзинæдтæм: Днепр æмæ Азовы IV-III æнусты скиф-сæрмæтаг паддзах Медосак йе стырдæр хъуыддагыл нымадта нуазын, цæл кæнын æмæ уæлфынг бадын. Ист æрцыди йæ бынатæй хистæрты фæндон æмæ тæрхоны бардзырдмæ гæсгæ. Йæ бынатмæ йын снысан кодтой йæ ус Амагæйы, æмæ уый равдыста диссаджы историон æнтыстдзинæдтæ. Тæрхоны йæ равзæрстæй фыдæнхъæл нæ фæкодта, фæлæ ма йын скодта æнусты кад æмæ намыс.

Цæвиттон, тæрхонæн йæ мидис, йæ ахъаз уыдис стыр æмæ ахадгæ.

Сахарты, кæмтты, хъæуты, мыггæгты размæ тæрхон æвæрд уыд бæлвырд æмæ æргомæй. Алчидæр зыдта йæ царды æгъдау, йæ хæс æмæ йæ бар. Цардæвæрды æмæ уаджы ирон адæммæ — нæ рагфыдæлтæм — ахсджиаг æмæ бæрзонд бынаты æвæрд уыдис мыггаг. Тæрхоны размæ. Уымæй уæлдай ма нæм ис мыггагæн æрвадæлтæ. Уыдонимæ дæр хæлд нæ цæуы æрвадиуæг. Гъе ахæм æгъдау æмæ миниуæг уыдис æмæ ис ирон адæммæ, уыимæ нæй æндæр адæмтæм нæ алыварс. Мыггаг иумæ баст кæй у, уымæ гæсгæ дзы равзарæн уыд æмæ ис тæрхоны размæ дзуапдæттæг лæгтæ. Ахæм лæг зыдта æмæ абон дæр хъуамæ зона мыггаджы се ‘ппæты дæр. Йæ мыггагæн йæ хорз дæр æмæ йе ‘взæр дæр, æнæ уымæй нæ вæййы. Уымæн, æмæ дзуапп дæтты æппæтæн дæр.

Мыггаг та хъуамæ уарзой, нымайой уыцы хистæры æмæ æххæст кæной царды рæсугъд, аив æгъдæуттæ æмæ уагæвæрд. Цæвиттон, нæ рагфыдæлтæм уыдис диссаджы цардыуаджы æвæрд. Уыдис «Ныхас» — хъæуы, комы, сахары — сæ фæнд, сæ уынаффæ-иу сбастой тæразыл барæгау æмæ-иу æй бахастой тæрхонмæ.

Тæрхон уыди æвзæрст æртæ лæгæй, уыдонмæ нæ уыди аипп æрхæссæн никæцырдыгæй. Уыдысты раст, æнæхин, æнæгадзрахат, нæ истой гæртам. Сæ размæ æвæрд уыдис стыр хæс: раст æмæ карз тæрхон рахæссын. Алцæмæн дæр уыди йæхи барæн, хорз æмæ æвзæрæн дæр, раст æмæ зылынæн. Нæ сын уыди асайыны фадат. Алы тæрхон дæр уыди барст æмæ бæрæг. Сæхицæн дæр уыди карз тæрхон, зæгъгæ, асайдтой, кæнæ исты фарсласæн скодтой, уæд. Куыд уыди, уый тыххæй бæлвырддæр — фæстæдæр.

Ирон адæмы тæрхон æндæр адæмты тæрхоны хуызæн, нæ уыдис. Ома, канд æфхæрæн уынаффæтæ нæ хастой, фæлæ ма уыд хорзæрдæм дæр, чи-иу фесгуыхт, уымæн лæвæрдта кадджын ном, арфæ, хъуыстгонддзинад. Сæйрагдæр бынат — хæрзты ‘рдыгæй.

Ирон «Ныхас» æмæ «Тæрхон» уыдысты иумæ, иу æфсондзы галтау. Сæ райдайæн уыди тынг раджы.

Цы фæци «тæрхон»?

Ирыстон куы баиу Уæрæсеимæ, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, тыхджындæр æмæ бæрзонддæр паддзах агуырдта æмæ домдта йæхи уагæвæрд æмæ æгъдæуттæ. Гъе афтæ — зæй нын фæласта нæ тæрхоны лæгты! Рæстæг ацыд, æнустæ азгъордтой, тæрхонæн ма баззад æрмæст йæ ном. Цымæ куыд уыд? Нæ размæ ма æрæвæрæм ацы фарст. Æрфæрсæм нæ куырыхон хистæрты, æрзилæм комæй-коммæ, хъæутыл, сахартыл, уырзгай æрæмбырд кæнæм, цы уыд æмæ куыд уыд, уый. Æнæ тæрхон цæрæн никæцы адæмæн ис æмæ уыдис. Афтæ — махæн дæр. Æз бирæ хистæрты бафарстон: «Цы уыд тæрхон, цавæр тæрхæттæ-иу хастой?» Фæлæ-иу æмзондæй загътой: хъоды! Фæлæ цавæр хъоды, куыд хъоды, кæй хъоды, уый бирæтæн зæгъын сæ бон нæ уыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, æцæгдæр, хъоды ирон тæрхæттæн сæ астæуккаг цæджындз кæй у, уый дызæрдыггаг нæу. Уæдæ иннæ тæрхæттæн дæр дзыхæйдзургæ сфæлдыстады баззадысты сæ нæмттæ. Зæгъæм: ууыл рихи нæй, асайдзæн, мачи йыл æууæндæд. Цы уыди уый? Уый уыд тæрхон. Хин, мæнгард æмæ сайаг лæгæй-иу куы стыхстысты, уæдиу ын загътой, куыд ныууадза йæ фæлывд митæ, кæннод лæвæрд кæй æрцæудзæн «тæрхонмæ». Гъе уæддæр ма-иу куы асайдта, уæд-иу æй радтой тæрхонмæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм лæг-иу ахст æрцыди, уыдис-иу æндарæны. Ныртæкккæ арæх фæзæгъынц: «Мæ фос æндарæны сты». Æндарæн уыдис ахст адæймаджы бынат. Тæрхоны лæгтæ-иу ын адæм, дзыллæйы раз стæрхон кодтой. Адæмы астæу ын-иу йæ галиу рихи ныддастой, хæрæгылиу æй зыгъуыммæ сбадын кодтой, фидиуæг-иу арвыстой, æмæ-иу хъусын кодта афтæ: «Ацы лæг у хин, фæлывд æмæ сайаг, мачиуал ыл баууæндæд, йæ рихи даст æрцыд, рихи йыл нæй!» Ахæм лæгæй-иу загътой: ууыл рихи нæй. Афтæмæй-иу æй уынгты хæрæгыл фæластой зыгъуыммæ бадгæйæ, цæмæй йæ адæм феной иууылдæр, уый тыххæй. Ныхас, хæрæгыл дæ сæвæрдæуæд, зæгъгæ, уырдыгæй рацыд.

Æрхæссæм-ма иу цалдæр æндæр дæнцæджы. Цæхгæрмæ ныгæнинаг, дæлгоммæ ныгæнинаг, дурты бын æй баныгæдæуыд, уæлмæрдæвдисæн. Цы амонынц, цæмæй, æмæ кæцæй-кæдæй баззадысты ацы уæззау æмæ, æвзаг кæй нæ кæрды, ахæм ныхæстæ? Гъе уыдон домынц райхалын æмæ сбæлвырд кæнын.

Куырыхон хистæрты мысинæгтæ

Фарстон, агуырдтон дзуапп, цы уыд, цы æвдисы дзырд «цæхгæрмæ ныгæд», «дæлгоммæ ныгæд» æмæ йæ ссардтон. Цæгæраты Созырыхъо, Темырхъанты Алимырзæ æмæ, ме ‘рыгон бонты цы куырыхон зæронд лæг зыдтон, йæ таурæгътæй æмæ диссаджы æмбисæндтæй кæй бахъуыды кодтон, ферохгæнæн кæмæн нæй, уыцы рухсы бадинаг æрыдойнаг Саламты Темыр. Гъе уыдонæй фехъуыстон, ирон уæлмæрд ныры хуызæн кæй нæ уыд, алкæмæн дæр, уæлæуыл куыд фæцард, уымæ гæсгæ уыди йæ бынат.

Зæгъæм, уæллаг, рахизæрдыгæй фарс æвæрдтой, раст æмæ кадджынæй чи фæцард, уыдоны. Ныхас æмæ тæрхоны загъдмæ гæсгæ, чи куыд фæцард, афтæ дæллаг кæронмæ иу — дыууæ рæнхъы хъуаг. Гъе уым та æвæрдтой, æнæуаг æмæ бирæ æвзæрдзинæдтæ кæмæ уыд, ахæмты, цæхгæрмæ. Æмæ-иу уыдис афтæ: тæрхоны фæндмæ гæсгæ-иу æй чырыны дæлгоммæ æрзылдтой йе ‘наккаг æмæ æвзæр миты тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый дзыллæйы астæу мыггагæн уыдис тыхджын ныхкъуырд, худинаг. Уæлмæрд-иу куы байдзаг уыцы дыууæ рæнхъы онг æмæ-иу дзы æвæрын куы никæй бахъуыд цæхгæрмæ æмæ дæлгоммæ, уæд-иу æй сæхгæдтой, æмæ-иу нымад уыдис кадджын уæлмæрдыл.

«Дурты бын æй баныгæдæуыд». Цы у ацы ныхас, æлгъыст, æви ноджы карздæр? Гъе уый дæр уыдис тæрхон. Æрмæст ахæм тæрхон тынг стæм уыд æнусы дæргъы дæр. Мæнæн Темыр радзырдта иу ахæм хабар. Кæддæр раджы, хæхбæсты ма куы цардысты, уæд йæ фыды бафарста, хъæугæрон мæсчъы раз чысыл дурты обау, ингæны хуызæн, цы у, зæгъгæ. Цæмæн афтæ амад сты дуртæ ингæны хуызæн?

Цæвиттон, мад æмæ æрыгон чызг сæ хосдзаутæн хастой сихор — хæринаг, æрдæг фæндагыл сыл амбæлд иу барæг. Йæ бæхæй æрхызт, салам сын радта æмæ йæхи семæ цæуæг скодта. Йæ цæст нал иста æрыгон чызгæй. Мад æй бамбæрста. Æмæ астæуæй цыди. Барæг, йæхи тынг къæйных дарын райдыдта, мадмæ дæр æмæ чызгмæ дæр æвнæлдта къухæй. Мад йæ чызгимæ æрлæууыд æмæ барæгæн загъта: «Дæ хорзæхæй, ацу дæ фæндагыл. Ныууадз нæ нæхи бар».

— Уæхи бар? Уæхи бар уæ ныууадзæн нал ис, ацы чызгæн ныр йæ хос мæ къухы ис.

— Мах дæ хос хъуаг не стæм! — чызджы йæ фæстæ акодта мад æмæ йæм æрлæууыд уæндонæй. Барæг æм хæстæг бацыд, йæ хъама фæцъортт ласта æмæ йæ барæхуыста. Мад ахаудис, чызг бауадзыг. Барæг чызгмæ февнæлдта, йæ зæрды йæ уыди бæхмæ сисын æмæ адавын. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, фæндтæ Хуыцаумæ сты. Уыцы заман уæлæ галиуæрдыгæй уæлвæзы иу фыййау хызта фос. Уыцы æвирхъау ми куы федта, уæд йæ уадындзæй фæдисы зæл ныккодта. Бæстæ базмæлыд, чи хъуыста, уый бамбæрста фæдис, æмæ уадысты уырдæм хосдзауæй, бæлццонæй. Фыййау-иу бамбарын кодта хъуыддаг. Уайтагъд комы ссæуæнтæ, алидзæнтæ барджытæй æхгæд æрцыдысты. Нал ын бантыст алидзын. Йæ бон куы базыдта, уæд æм февзæрд карздæр тæрхон. Йæ тугæйдзаг хъама систа æмæ йæ чызджы хурхыл сæвæрдта, йæхæдæг æрхъулагæнæг адæммæ дзуры: «Исчи мæм хæстæг куы ‘рбацæуа, уæд ацы чызгæн йæ сæр уыдзæн мæ къухы».

Уæдмæ чызг йæхимæ æрцыд, арвмæ скаст, фæйнæрдæм акаст, бамбæрста, нæлгоймаджы домбай къухты кæй ис, уый. Æркасти йæхимæ. Йæ роцъойы бынмæ — тугæйдзаг хъама. Йæ цæстытыл ауад йæ мад, йæ уæззау хъæрзт, йæ зæрдæ мастæй айдзаг, йæ хъарутæ рамбырд кодта æмæ чысыл стайау йæ цыргъ дæндæгтæй ацахста йе знаджы къух, афтæ йæ нылхъывта, æмæ лæгсырдæн йæ хъама йæ къухæй ахауд. Фæдисæттæ чызджы байстой, цъаммарæн йæ къухтæ æмæ йæ къæхтæ сбастой, æрæвæрдтой йæ иуварс. Гъе стæй балæууыдысты мæгуыр сылгоймаджы мард бабæстон æмæ йæ хæдзарыл сæмбæлын кæныныл. Чызджы зæрдæхалæн хъарæг бæстæ арыдта. Адæм сагъдауæй лæууыдысты æмæ хинымæр алыхуызон тæрхон хастой.

Уыцы рæстæг йæ бинонтæ — хæринаг кæмæн хаста, йæ сæры хицау, йе ‘ртæ тиуы æмæ сæ мыггаджы лæппутæ — сæхимæ æрцыдысты, разылдысты се знаг — сæ худинаггæнæг, сæ марæгмæ. Æрлæууыдысты йæ разы, йæ сæр ын акъуырæм, зæгъгæ, сæ кæрдтæ фелвæстой, фæлæ нæм уæздан æмæ æрхъуыдыджын лæгтæ кæдфæнды дæр уыдис.

«Фæлæуут, лæппутæ, — загъта сын иу ацæргæ лæг. — Маст уæззау у! Риу æй хæссын æмæ уромын нæ фæразы. Уæлдайдæр та ахæм æвирхъау æмæ уæззау фыдбылыз. Ацы цъаммарæн ныртæккæ йæ сæр куы ракæнæм, уæд иу уысммæ йæ хъизæмар æмæ худинагæй феуæгъд уыдзæн. Рæстæг рацæудзæн, æмæ адæмæй дæр ферох уыдзæн йæхæдæг, стæй йæ хъуыддаг дæр. Ныххатыр кæнут, æмæ мæ раст бамбарут. Мæнæн мæ зæрды ис ацы худинаггæнæджы афтæ бастæй аласын æмæ йæ тæрхоны хъоргъы сæвæрын.

Ныхасы хистæртæн æмæ тæрхонæн радзурæм æмæ бамбарын кæнæм йæ фыдæбуалгъ ми — фыдракæнд. Бауырнæд уæ, уыдоны тæрхон ын карздæр æмæ уæззаудæр уыдзæн. Канд уымæн нæ, фæлæ сæ мыггаг æмæ хъæстæйæн дæр. Фыдæй-фыртмæ, гъе стæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ къæмдзæстыг æмæ сæргуыбыр уыдзысты дзыллæйы раз. Амæн та æлгъыстаг æмæ худинаг уыдзæн йæ дурингæн».

Æфхæрд мыггаджы хистæр рахызт, æнæдзургæйæ алæууыд æмæ уынгæг хъæлæсæй загъта: «Адæмы фарн бирæ у, йæ сæрты нæй ахизæн, æвзæры фæдтыл цæуын та раст нæу, гъе стæй — сæрмæ хæссинаг. Уæ хорзæхæй, куыд хъæуы, афтæ бакæнут».

Адæм базмæлыдысты. Хистæр кæстæртæн бамбарын кодта, цæмæй æрбакæной дыууæ уæрдоны. Бæхуæрдон — мард ласынмæ, иннæ та хæрæгуæрдон — фыдгæнæг æндæр кады аккаг нæу. Фæсивæд-кæстæртæ февнæлдтой фыдгæнæгмæ, хæрæгуæрдоны йæ сæвæрдтой. Хистæр нæлгоймæгтæ сбадтысты сæ бæхтыл, чи та бæхуæрдæттыл, сæ астæу иу хæрæгуæрдон, афтæмæй фезмæлыдысты, æмæ хæххон фæндæгтыл рараст сты фыдгæнæджы хъæумæ.

Æрхæццæ сты изæрырдæм. Хабар уайтагъд айхъуыст хъæуыл, комыл. Сæмбæлын кодтой алкæй йæ бынатыл. Мард йæ хæдзарыл, фыдгæнæджы та — тæрхоны хъоргъы, æмæ йыл æфсæн дуар сæхгæдтой.

Рацыд рæстæг. Зианджын æмæ туджджын мыггæгтæ бакодтой сæ хъуыддæгтæ. Æрцыд фыдгæнæгæн дæр йæ тæрхоны бон. Тæрхоны лæгтæ, адæмы уæззау улæфт æмæ ныхасы курдиатмæ гæсгæ, гъе стæй сæхи — рагон фыдæлтыккон тæрхонмæ гæсгæ рахастой карз æмæ раст тæрхон. Ацы фыдгæнæгæн, æнæрцæугæ фыдми ракæнæгæн, æгас Ирыстоныл худинаджы гакк сæвæрæгæн, хæссæм ахæм тæрхон: цæмæй нæ зæххыл ахæм æнаккаг ми мауал æрцæуа, æмæ йæ алчидæр фена йæхи цæстæй, уый тыххæй йын æрцæуæд къахт мæсчъы бын «дурингæн» æмæ уым æппæрст æрцæуæд, алчидæр ыл йæ дуры хай ныппарæд. Тæрхоны лæг йæ фæйнæварс иннæ дыууæ лæгмæ бакаст, уыдон сæ сæртæй разыйы куывд æркодтой, уый дæр æркуывта йæ сæрæй æмæ æмраст æрлæууыдысты.

Тæрхон хаст æрцыд. Фæсивæдæн бамбарын кодтой, ингæн кæм къахгæ у, уый, æмæ бавнæлдтой сæ куыстмæ — скъахтой ингæн, сыджыт иу ‘варс байтыдтой, уæрдонæй æрбаластой дур æмæ йæ ингæны раз æркалдтой.

Æрцыд тæрхонæн йæ рæстæг. Фыдгæнæджы сластой, æрлæууын æй кодтой ингæны был. Йæхи цæсты раз ын йæ ингæныл ныккалдтой дуртæ, йæхи дæр ын нысхуыстой уырдæм. Уый фæстæ йыл уырдæм æппæрстой дуртæ. Ингæн байдзаг уæззау хъæрзтæй æмæ дурæй.

Хъæуы хистæр рахызт æмæ загъта: «Хорз адæм, фарн уæм бадзурæд, абон цы уæззау æмæ карз тæрхон федтам, ахæм нæ Ирыстоны куыд никуыуал æрцæуа, ахæм арфæ курæм Хуыцауæй. Кæстæр æмæ йæ тъымы-тъыма дæр куыд зоной, куыд нæ уа рох æмæ куыд никуыуал æрцæуа ахæм тæрхон. Ныр алчи йæ бынатыл дзæбæхæй сæмбæлæд. Ахæмæн нæ вæййы марды кæнд æмæ рухсаг». Адæм фезмæлыдысты æмæ алчи йæ хæдзармæ ацыд.

Гъе афтæ, нæ фыдæлтæм уыд карз æмæ раст тæрхæттæ. Уый уыд, ныр æлгъыстæн чи баззад, ома, «дурты бын æй баныгæдæуыд», зæгъгæ, гъе уый. Уыдис нæм хъодытæ: мыггаджы хъоды, хъæубæсты хъоды, сыхбæсты хъоды, комбæсты хъоды, Иры хъоды æмæ уæлмæрд æвдисæн. Уыдис ма рæстæгмæ хъодытæ. Фæрæдийæгæн фадат уа йæхи сраст кæнынæн, амæй фæстæмæ нал фæрæдидзæн, зæгъгæ.

Уыдысты карз, фæлæ рæстаг

Нæ тæрхæттæ иууылдæр уыдысты карз, уæззау, фæлæ — раст. Гъе фæлæ ма раздæр куы загътон — канд æфхæрæн æмæ карз тæрхæттæ нæм нæ уыдис, иннæ адæмтæй уæлдай нæм уыдис: кады-намысы æмæ арфæйы тæрхæттæ. Уыдон уыдысты нæ адæмы сæраппонд фесгуыхæгæн, кад æмæ уæздандзинад равдисæгæн, фервæзынгæнæгæн, туджджынты бафидауынгæнæгæн. Адæмы сæргъы æрлæууæг æмæ сæ раст æмæ фарны фæндагыл акæнæгæн.

Гъе афтæ равзæрдис тæрхон нæ рагфыдæлтæм: скифтæм, сæрмæттæм, алантæм. Цæуынц азтæ, æнустæ, мингай азтæ, цард домы йæхи æууæлтæм гæсгæ йæхи домæнтæ. Гъе фæлæ, æнусон цы у æмæ ивгæ цы нæ кæны, уый зонын хъæуы æмæ нымайын. Æнусон у цард, ивгæ дзы бирæ цыдæртæ кæны, фæлæ дзы цы нæ ивы, уыдонмæ дæр æркæсæм, зæгъæм: раст æмæ зылын, тыхджын æмæ æдых, мæгуыр æмæ бонджын, барджын æмæ æнæбар. Ацы ран хъуамæ уа раст æмæ карз тæрхон.

Нæ рагфыдæлты тæрхоны хъауджы нæ уыди æлдар, тыхджын, бонджын, мæгуыр. Алкæмæн дæр йæ ракæндмæ гæсгæ уыди йæ тæрхон. Ракæнæгæн-иу сбарстой йæ ми, йæ цард, йæ раст æмæ зылын, гъе стæй-иу уæд рахастой тæрхон…

Тæрхоны хуызтæ

Тæрхæттæ уыдысты къорд хуызы: хъодытæ; ивартæ; æндарæн; марыны: былæй æппарын; ауындзын; дур ингæн; уæлмæрд æвдисæн; кад, намыс æмæ арфæйы тæрхæттæ: рихийы даст; тæрхонæн — тæрхон; гæрзытæ уадзын: йе рагъæй-иу ын рауагътой гæрзытæ; хъодытæ дæр уыдысты алы хуызæттæ. Мыггаджы хъоды, хъæубæсты хъоды, комбæсты хъоды. Хъодыйæн ма уыди афон — рæстæг, ома, хъодыгондæн уыди фадат раст фæндагмæ раздахынæн æмæ мауал фæрæдийынæн.

Æндарæн уыди алы æвирхъау ракæнды тыххæй: йæ ракæндмæ гæсгæ.

Марыны тæрхæттæ уыдысты къорд æмæ карз: ауындзын, былæй æппарын æмæ дурты бын ныгæнын.

Уæлмæрд æвдисæн: уæлмæрд æвдисæн ыл бакодтой — уый уыдис ахæм хъоды, æмæ йын йæ мард ирон зæххыл бавæрæн нæ уыд. Уыдис хъуыстгонд æгас Ирыстоныл дæр. Ардыгæй-иу æй асырдтой, Иры арæнты цыппар фарсы-иу ныкъкъуырдтой зæгæлтæ æмæ йын-иу йæ мардæн дæр ирон зæххыл бынат нал уыди.

Рихийы даст: ахæм тæрхон-иу рахастой мæнгард, фæлывд æмæ сайæг лæгæн. Ахæмæн-иу бамбарын кодтой Ныхас æмæ тæрхон, куыд ныууадза йæ митæ, науæд тæрхоны уынаффæмæ гæсгæ йæ рихи даст æрцæудзæн.

Хъуыддаг-иу тæрхонмæ куы æрхæццæ, уæд-иу уыди афтæ: æртæ боны-иу фæци æндарæны, уый фæстæ-иу æй ракодтой тæрхоны размæ. Æмæ-иу уæд тæрхон раргом кодта йæ уынаффæ: йæ галиу рихи даст куыд æрцæуа, тæрхоны зылд обауыл адæмы астæу, æмæ йæ хæрæгыл сæвæрдæуæд. Йæ разæйиу рарвыстой фидиуæг хъæргæнæг: «Ацы лæг у тæрхонгонд, йæ хин æмæ кæлæны тыххæй йæ рихи даст æрцыди, мачиуал ыл баууæндæд, рихи йыл нал ис (гъе уый тыххæй баззадис ныхас сайаг лæгæй, «ууыл рихи нæй», зæгъгæ, стæй «хæрæгыл дæ сæвæрдæуæд», зæгъгæ).

Ис ма ныхас, тæрхонæн — тæрхон, зæгъгæ, дæр. Цы у уæдæ уый та? Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ-иу тæрхоны лæгтæ, мыййаг, искуы фарсласæн скодтой, кæнæ гæртам райстой, гъе искуыд æнæраст тæрхон скодтой æмæ сын рахъæр, уымæн та æнæ рахъæр хос нæ уыд, уæд-иу сын уыди карз тæрхон.

Нысангонд бон-иу сæ тæрхоны обаумæ ракодтой. Обауыл уыд æртæ цæджындзы, сæ сæртыл разæрдæм фæйнæ фæйнæджы хуыд, сæ кæрæттыл ихтæ ауыгъд, сæ бынмæ — бандæттæ. Гъемæ-иу сæ уыцы бандæттыл сбадын кодтой, ихтæй сыл дон куыд тæдза, афтæ. Куы-иу ныххуылыдз сты сæрæй къæхты бынмæ — кæй зæгъын æй хъæуы, сæ тæрхоны дарæсы уæвгæйæ, цæмæй сæ алчидæр зона, тæрхоны лæгтæ сты, уый, уæд-иу сын сæ галиу дыстæ æмæ фадгуытæ ралыг кодтой, сæ галиу дзабыртæ-иу сын раластой, сæ сæры галиу фæхстæ-иу сын ныддастой, хæрджытыл сæ-иу сæвæрдтой зыгъуыммæ, фидиуджытæ-иу арвыстой. Уыдон сын хъæргæнгæ цыдысты сæ разæй, чи сты, æмæ сын цæй тыххæй æмæ цавæр тæрхон хаст æрцыд, уый. Гъе, афтæ, нæ фыдæлтæм тынг рагæй йæ куыст кодта тæрхон, æмæ йын æмбал нæ уыдис йæ рæстæджы æмæ абон дæр.

Фыдæлты цардмæ зæрдæргъæвд ДАРЧИТЫ Барис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here