Низ æгъатыр у, фæлæ дзы ис хи бахъахъхъæнæн

0
1102

Сæкæрнизы ныхмæ тох кæныны дунеон бон адæм бæрæг кæнын райдыдтой 1991 азæй, Ææнæниздзинад хъахъхъæнынады дунеон организаци æмæ Диабеты дунеон федераци куы фехъусын кодтой, сæкæрнизæй рынчынты нымæц æппæт дунейы дæр фылдæрæйфылдæр кæны, зæгъгæ, уæдæй фæстæмæ. 1922 азы январы канадæйаг æрыгон ахуыргонд Фредерик Бантинг дунейы историйы фыццаг хатт скодта инсулины укол сæкæрнизы уæззау хуызæй рынчын14-аздзыд лæппуйæн æмæ йæ мæлæтæй аирвæзын кодта. 2007 азæй фæстæмæ Сæкæрнизы ныхмæ тох кæныны дунеон бон бæрæггонд цæуы Иугонд Нациты Организацийы хъæппæрисæй. Йæ бæрæг кæнынæн та14 ноябрь хуымæтæджы æвзæрст не‘рцыд— Фредерик Бантинг райгуырд уыцы бон 1891 азы. Сæкæрниз у дунейы парахатдæр низтæй иу, абон дзы хъæрзынц милуангай рынчынтæ. Æмæ кæд афтæ у, уæд, ацы низæй фæрынчынæй афтæ тæссаг цæмæй ма уа, уымæн исты гæнæнтæ ис æви нæ? Стæй, уæвгæ, цы у сæкæрниз (диабет)? Ацы низыхатты диагноз адæймагæн сæвæрынц, сæкæр æгæр бирæ куы свæййы йæ туджы, уæд. Бирæ кæнын та уымæн райдайы, æмæ йæ бакусынæн организмы инсулин фаг кæй нал вæййы. Фыццаг хуызы сæкæрниз Фæзыны, инсулин кæй нал фæфаг кæны, уый аххосæй. Арæхдæр фæзыны сывæллоны кары кæнæ, адæймаг æнахъом ма куы вæййы, уæд. Фæлæ афтæ дæр вæййы, æмæ фæзыны хистæр кары дæр. Сæкæрнизы ацы хуыз фæзыны, эндокринон чырæгтæн сæ тæккæ фылдæр (80-90 проценты) кæй амæлынц, уый аххосæй. Сæ марæг та сты маргхъæстæ вирустæ, стæй, адæймаг цы хæцгæ низтæй фæрынчын вæййы, уыдон— сырх дзуар, дзуар, фадынæг, свинкæ. Гæнæн ис, æмæ адæймагæн сæкæрнизы фыццаг хуызæй фæ-рынчынæй тæссаг уа ныййарджытæй рахæсгæ миниуджытæм гæсгæ. Æмæ ахæм ныййарджытæн сæ сывæллон цалынмæ нæ фæрынчын уа, уæдмæ сын ис гæнæн генетикон иртасæнтæ йын саразынæн. Уыцы нысанимæ Уæрæсейы фылдæрæй-фылдæр кæнынц медици-нон-генетикон лабораторитæ, уыцы иртасæнтæ саразæн кæм ис, ахæмтæ. Сæкæрнизы фыццаг хуызæй фæрынчыны тасдзинадæн ис фæкъаддæргæнæн, адæймаг сæйраг амынддзинæдтæ куы æххæст кæна, уæд: — æппынкъаддæр 6 мæймæ уæддæр ноггуырд сывæллонæн дарын хъæуы риуы æхсыр, афтæ амоны Æнæниздзинад хъахъхъæнынады дунеон организаци дæр; — сы-вæллонæн фидар кæнут йæ иммунитет, афоныл кæнут прививкæтæ хæцгæ низты ныхмæ; — сывæллоны хæринаг хъуамæ уа хъæздыг æнæмæнгхъæугæ витаминтæй, зæгъæм, витамин»D»-йæ, уый ис кæсаг æмæ нæлхæйы; — уæ цаст дарут сывæллонæн йæ уæзмæ, уæлдай килограммтæ йæ ницæмæн хъæуынц; æнæниз сывæллон боны дæргъы хъуамæ змæла æппынкъаддæр иу сахаты бæрц. Сæкæрнизы дыккаг хуыз Уый у уæлдай парахатдæр. Фылдæр хатт фæзыны хистæр кары адæммæ. Низы фыццаг хуызæй хъауджыдæр инсулин организмы вæйы, фæлæ игæры, хæцъæфтæ æмæ сойы чырæгтæ йæ нал фенкъарынц. Уыимæ, сæкæр цас фылдæр хæццæ кæна организммæ, уыйбæрц æй уыдон дæр къаддæр æнкъардзысты. Сæкæрнизы дыккаг хуыз фæзыны, адæймаг æгæр куы хæра, змæлгæ та гыццыл куы кæна, уæд. Уымæ гæсгæ низы ацы хуызæй ис æнцонæй бахъахъхъæнæн: бирæ калоритæ кæм ис, стæй, хæрынмæ цæттæйæ кæй уæй кæнынц, ахæм хæринагыл уæ къух сисут кæнæ та йын йæ бæрц зынгæ фæкъаддæр кæнут; — уæ уæз цас у, уымæ цæст дарут; — иудадзыг æмæ фылдæр змæлут. Сæкæрниз фæзынд æви нæ, уымæн цы хуызы базонæн ис? Ма фæзивæг кæнут æмæ уæ поли-клиникæйы диспансеризаци ацæут. Бахъæудзæн уæ æрзилын æппæт дохтыртыл, уыимæ эндокринологмæ дæр бацæуын. Æнæмæнг уын радтын кæндзысты туг, æмæ уыцы анализмæ гæсгæ, куы ма бахъæуа, уæд уын дохтыр-эндокринолог раттын кæндзæн уæлæмхасæн сæрмагонд анализтæ дæр. Æнæниз ут уæхæдæг дæр æмæ уæ хæстæджытæ дæр.
ЦЕРЕКАТЫ Алан, Медицинон профилактикæйы Республикон центры дохтыр-методист

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here