Дæхæдæг дæхицæн баххуыс кæн

0
1063

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады дунеон организацийы хъæппæрисæй 2002 азæй фæстæмæ уалдзæджы фыццаг бон — 1 мартъийы — æппæт æхсæнад дæр сбæрæг кæны Иммунитеты бон. Бæрæг та йæ кæнынц уымæн, цæмæй адæм бамбарой, иммунитет хъахъхъæнын æнæниздзинадæн цас ахсджиаг хъуыддаг у, æмæ сын бацамоной, куыд æй хъахъхъæнын хъæуы, уый. 1 мартъийы йæ кæй бæрæг кæнынц, уый дæр дзæгъæлы нæу — даргъ зымæджы фæстæ организм уалдзæг куы «райхъал» вæййы, уæд уæлдай тынгдæр вæййы æххуысхъуаг.

Алы адæймагмæ дæр ис иммунитеты дыууæ хуызы. Фыццаг дохтыртæ хонынц «спецификон» иммунитет. Ацы хи хъахъхъæнæн тыхтæ организммæ фæзынынц, адæймаг исты хæцгæ низæй куы фæрынчын уа (грипп, ветрянкæ, фадынæг), стæй дзы куы сдзæбæх уа, уый фæстæ. Адæймаг сæ цæмæй ма фæрынчын уа, уый тыххæй ис хорз медицинон гæнæн — прививкæ. «Спецификон» иммунитет «бахъуыды кæны» низ расайæг инфекци, æмæ, уый куыддæр фæзыны, афтæ йæ ныхмæ фæлæууы æмæ дзы адæймаджы бахъахъхъæны. Фæлæ иуæйиуты прививкæ хъахъхъæны сæ цæргæбонты дæр, æмæ сæ «спецификон» иммунитет кусы æнæ къуылымпытæй, иннæты та цасдæр рæстæджы фæстæ йæ бахъæуы дыккаг хатт скæнын. Иммунитеты дыккаг хуыз у «æнæспецификон», ома, æрдзæй рахæсгæ иммунитет. Уый кусын райдайы адæймагæн йæ райгуырæн бонæй фæстæмæ. Царды дæргъы ацы æрдзон иммунитет лæмæгъ кæнын райдайы, адæймаг йæ цардыуаг раст кæй нæ саразы, физикон куыстæй дæр, психологион æгъдауæй дæр æгæр куы фæллайа, уый аххосæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт уыдæттæ адæймаг куы аиуварс кæна æмæ йæ цардыуаг раст куы рацараза, уæд иммунитет дæр фæфидар уыдзæн. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, иммунитет лæмæгъ кæнынц: экологийы æвзæр уавæр; æрвылбоны стресстæ; хæринаджы æгъдау раст арæзт кæй нæ вæййы, уый (сæкæр, консерванттæ æмæ ахорæнтæ кæм ис, ахæм продукттæй адæймаг æгæр куы пайда кæна, дон, цас хъæуы, уыйбæрц куы нæ нуаза, цы хæринаг хæры, уыимæ йæм витаминтæ, микроэлементтæ фаг куы нæ хæццæ кæной æмæ æнд.); ахсæны æмæ тъæнгты низтæ, улæфæнты низтæ, стæй, адæймаг иудадзыг цы низæй рынчын уа, уыдон; æвзæр ахуыртæ (тамако, нозт, наркомани); адæймаг антибиотиктæ æнæ бæрцæй æмæ æнæ дохтыры амындæй куы фæнуазы, уый; æгæр фæллайын æмæ фаг нæ фынæй кæнын; иуæй-иу физиологион хицæндзинæдтæ, зæгъæм, гыццыл сывæллæттæн, æнхъæлцау сылгоймæгтæн æмæ карджын адæймæгтæн сæ иммунитет вæййы лæмæгъдæр, иннæтимæ абаргæйæ. Куыд фидар кæнын хъæуы иммунитет? Сыгъдæг къухтæ æмæ сыгъдæг дарæс — уыдон канд гигиенæйы домæнтæ не сты, фæлæ сты низтæй хибахъахъхъæныны мадзæлттæ дæр. Амæй размæ америкаг ахуыргæндтæ сарæзтой ахæм иртасæн куыст: салдæттæн сæ къухтæ æхсын кодтой бон 7 хатты, æмæ бафиппайдтой, сæ ‘хсæн ОРВИ-йæ фæрынчыны цаутæ цалдæр хатты къаддæр кæй фесты, уый. Уæвгæ, иммунитет бахъахъхъæныны профилактикон мадзæлттæн ис дыууæ хайыл дих кæнæн. Фыццаг баст у хæринагимæ. Алы бон дæр нуазын хъæуы къæпыйы иу агуывзæ. Уый бахъахъхъæндзæн тъæнгты микрофлорæ. Мадзæлтты дыккаг хай та баст у витаминтимæ. Иммунитет фидар цæмæй уа, уый тыххæй, витаминтæ С, А æмæ Е бирæ бæрцæй цы продуктты сты, уыдонæй хъæуы фылдæр пайда кæнын. Ацы витаминтæ æрдзон æгъдауæй сты цитрусты, уагъылыйы фых дон, сау хъæлæрдзы æмæ мыртгæйы. Фидæр кæнут уæ иммунитет æмæ æнæниз ут!

Медицинон профилактикæйы республикон центр

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here